Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры 20 æмæ 21 январы уыд Остъаты Аланы пьесæмæ гæсгæ æвæрд спектакль «Фæстаг æвдисæн»-ы премьерæ. Куыд бирæ æндæр театрдзаутæ, афтæ мæнмæ дæр спектакль уыйбæрц хорз æмæ патриотикон æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта æмæ мæ мæ уацы райдианы бафæндыд, цæмæй арфæйы ныхæстæ зæгъон пьесæйы автор Остъаты Алан, æвæрæг-режиссер Дзудцаты Тамерлан, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театрты артисттæн, спектакль бацæттæ кæнын æмæ равдисыны хъуыддагмæ йæ хайбæвæрд чи бахаста, уыдонæн иууылдæр.

Спектаклы райдианы сценæмæкæсджытæ зонгæ кæнынц 1920 азы Хуссар Ирыстоны адæм Гуырдзыстоны уæды разамонджытæ æмæ йæ æфсады ‘рдыгæй цы стыр хъизæмæрттæ æвзæрстой, уыдоны тыххæй.

Райдианæй ма мæ банысан кæнын бафæнды уый дæр, æмæ кæд нæ театр феввахс кæны йæ сырæзты сæдæазон юбилеймæ, уæддæр сценæйыл иу спектаклы 60 артистæй фылдæр архайой, ахæм нæма уыдис. Зæгъæн ис, театры сфæлдыстадон коллективæн йæ бон кæй бацис сæ хæс æнтысгæйæ сæххæст кæнын.

Пьесæйы сæйрагдæр архайджытæй сæ иу у Гæззаты Есе. Ацы роль æххæст кæны Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Гаглойты Артур. Артур йæ роль афтæ хорз сæххæст кодта æмæ сценæмæкæсджытæ æххæстæй  банкъардтой Есейæн фыдыбæстæ æмæ адæммæ йæ уарзондзинад, йе стыр ныфсхастдзинад.

Спектаклы стыр бынат бацахстой Санахъоты Матейы æмæ йæ къорды уæнгты архайд. Матейы роль æххæс кодта Мамиты Григори.

Сценæмæкæсджытæ спектаклмæ кæсгæйæ,  иттæг хорз банкъардтой, гуырдзиаг фыдгæнджытæ Ирыстонмæ куы æрбабырстой, уæд цы фыдмитæ кодтой, уыдон. Уый та бæрæгæй зынд сценæмæкæсджыты цæсгæмттыл. Залы адæм ныхъус сты уыцы æбуалгъы нывтæм кæсгæйæ æмæ чи – æргомæй, чи та – æмбæхсгæ, сæ уадултæй сæрфтой сæ цæссыг.

Сценæмæкæсджытæн сæ зæрдæты уæлдай тынгдæр бацагайдта,  гуырдзиаг фыдгæнджытæ чысыл ирон лæппу Дзамболаты  æртхъирæнтимæ куы зарын кодтой, уыцы ныв. Сæ коммæ бæргæ нæ каст, фæлæ куы бамбæрста, æндæр гæнæн дзы нал ис, уæд ныззарыд… Ацы роль та æххæст кодта Цхинвалы дыууадæсæм астæуккаг скъолайы фæндзæм къласы ахуыргæнинаг Уанеты Дауыт. Зындгонд артистты ‘хсæн æрыгон артисттæй Зæды роль хорз сæххæст кодта Кокойты Барсæг æмæ Дзæрæхы роль та – Зассеты Сослан. Æртæ лæппуйы архайдæй дæр бæрæг уыд, кæй сæм ис артисты æвзыгъддзинад æмæ йыл нырæй фæстæмæ дæр сæхи кæй нæ атигъ кæндзысты.

Гуырдзиаг фыдгæнджытæ ирон лигъдонтæ сабитæ, сылгоймæгтæ æмæ ацæргæ адæймæгты знæт сырдтау сырдтой сæ разæй, мардтой сæ. Лигъдонтæй-иу разынд ахæмтæ æмæ сыл цæмæй гуырдзиаг лæгмарты къухæй мацы æрцыдаид, уый тыххæй сæхи æппæрстой къæдзæхтæй. «Бынтон чысыл сабийæн чизоны ницы кæной», ахæм хъуыдыимæ мад йæ дзидзидай сабийы ныууагъта къæдзæхы дæлбазыр…

Сценæмæкæсджытæ уæззау зæрдæйы æнкъарæнтимæ цæссыгкалгæ кастысты æртындæс коммунары уæззау уавæрмæ. Адæймаг адæймагмæ ахæм ахаст макуы хъуамæ равдиса, фæлæ ахæм митæ чи кодта, уыдонæн адæм нæ, фæлæ сырдтæ схонæн дæр нæй. Ацы уæззау цауты нывтæ ноджы фæкарздæр кодта, залы уыцы рæстæджы цы «къæвда» фæзынд, уый дæр.

Уыцы уæззау бонтæн æрцыдис кæрон. Спектаклы ацы эпизоды дæр спектаклæ-вæрджытæ иттæг хорз æнкъарæнтимæ равдыстой ирон адæймаджы раст, фидар æмæ уæздан удыхъæды миниуджытæ. Адæм кæд сæ хæдзæрттæ æрæййæфтой сыгъд æмæ пырхытæй, уæддæр цард ногæй саразыны тыххæй сæ хъарутæ нæ фæцудыдтой, æрæвнæлдтой æмæ кæрæдзийы æххуысæй æндидзын кодтой сæ цард.

Банысан кæнын ма хъæуы уый, æмæ спектаклы архайджыты ‘хсæн дзæвгар кæй уыдис Цæгат Ирыстоны ирон æмæ дыгурон театрты коллективты артисттæ дæр. Спектаклы кæрон сæ цы базырджын хъуыдытæ хъуыст, уыдонæй иу уыд, зæгъгæ, цæй æмæ нæ сæрибар зæххыл базонæм цæрын. Æмæ, æцæгæйдæр, æппæт фадæттæ кæм ис, ахæм, дардыл театры агъуыст кæмæн ис, ахæм арæхстджын æмæ фæлтæрд артисттæ кæмæн хъазынц, уыцы адæм, кæй зæгъын æй хъæуы, сты хæсджын, цæмæй цæрой кæрæдзиæмбаргæ, кæрæдзийæн аргъ кæнгæ æмæ уарзгæ.

Спектаклæн музыкæ ныффыста композитор Плиты Мурат, кæфтытæ сæвæрдта балетмейстер Чилæхсаты Георги, Санахъоты Мæдинæ æмæ Коцты Татьянæ та хорз бакуыстой спектаклы сфæлындзыныл.

Спектаклы уыдысты æмæ дзы раныхас кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев.

  ГÆЗЗАТЫ Иван 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.