1988 азы 1 декабрæй æппæт дунейы нысан цæуы СПИД-ы ныхмæ тохы дунеон бон. Сæрмагонд службæтæ æппæт адæмæн хъусын кæнынц, сæхи куыд бахизой ацы карз хæцгæ низæй, уый. Амонынц сын пресс-конференциты, индивидуалон практикæйы руаджы, цæмæй балæууой эпидеми райтынг кæныны ныхмæ цы æхсæнадон мадзæлттæ уадзынц уый фарс. Инфекцион низ СПИД хæссы глобалон тæссагдзинад æппæт адæймагадæн. 2017 азы 1 июнмæ Уæрæсейы Федерацийы рабæрæг 1 милуан 167 мин рынчын æмбæстаджы. Уæрæсейы Федераци æппæт фæрæзтæ дæр ары, цæмæй æххуыс цæуа рынчын æмбæстæгтæн, фæлæ уæддæр хауы ахæм бæстæтæм, цыран СПИД рæзы цырд темптæй.

2017 азæй ЮНЭЙДС уадзы компани «СПИД» ахæм лозунгимæ: «Мæ æнæниздзинад мæ бар у». Ацы компани баст у адæймаджы æнæниздзинадимæ æмæ рынчын æмбæстæгтæ цы зындзинæдтыл сæмбæлынц , уыимæ.

Ацы актуалон темæйы фæдыл Информаци æмæ мыхуыры фæдыл паддзахадон комитеты пресс-центры уагъд æрцыд пресс-конференци. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты, санитарон эпидемиологон службæйы минæвæрттæ æмæ уæрæсæйаг специалисттæ.

Пресс-конференцийы райдианы уæрæсейаг специалист Светлана Константинова куыд фехъусын кодта, афтæмæй стыр куыст цæуы Уæрæсейы æмæ æндæр бæстæты, цæмæй ацы хæцгæ низ нымæг цæуа. СПИД зыны ахæм вирусæй, кæцы адæймаджы иммунитет лæмæгъ кæны. Уый халы адæймаджы буарыконды иммунон системæйы куыст. СПИД  æй рынчынтæ афоныл вирусы ныхмæ тох кæнын куынæ райдайынц, уæд ын вæййы æвзæр фæстиуæг. Уымæн æмæ уыдонæн сæ буарыконд æндæр низимæ тох кæнынмæ æдых у. Ацы низ цы æмбæстæгтыл бахæцы, уыдон цалдæр азы цæрынц æнæ симптомтæй. Сæхи фæхатынц иттæг хорз,  фæлæ уыдон сты вирус парахатгæнджытæ. Ныртæккæ ис ахæм хос, кæцы æххуыс кæны СПИД-æй рынчынтæн, уымæй пайдагæнгæйæ адæймаг дæргъвæтин рæстæг йæхи æнкъары хорз.

«Тынг ахсджиаг у, цæмæй СПИД æй рынчын æмбæстæгтæ зоной цы хуызы ис хи бахъахъхъæнæн æмæ æндæр адæймаджы дæр низæй бахизæн, æмæ архайой ахæм амæлттæй, цæмæй бахъхъæной сæхи дæр æмæ æндæрты дæр. Ацы низы ныхмæ алы æмбæстаг дæр барвæндонæй хъуамæ радта æмбæлон анализтæ.

Куыд бахизæм нæхи ацы хæцгæ низæй? Уый парахат кæны наркотикон буарадтæй пайда кæныны, сылгоймаг æмæ нæлгоймаджы аморалон царды, афтæ ма донорон æххуысы фæстиуæгæн, сывæллоныл та гуыбынмæ бахæцы», – дзырдта Светланæ.

Пресс-конференцийы рæстæджы журналисттæ цымыдис кодтой ацы низæй хи куыд бахизын хъæуы, уымæ.  Æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл уынаффæгæнæг Игорь Галь куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ низ нæ хæцы къухрайстæй, хъæбысгæнгæйæ, æхснырсын æмæ хуыфыны рæстæджы. Нæ хæцы уæлдæфы руаджы, æрвылбонон цардыуагон мигæнæнты руаджы. Иуныхасæй, ацы вирусон низæй рынчын адæймаг, æхсæнады æнæниздзинадæн тæссагдзинад нæ хæссы.

Нæ республикæйы Адæймаджы фæрныгад æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдар Коцты Марина куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ йæм фаг информаци нæй, ацы низ цы гуырахсты парахат кæны нæ республикæйы территорийыл, уый фæдыл.

«Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй ацы низæй рынчын чи ис, уыдон æй фылдæр хатт фæкæнынц æмбæхсгæ. Уымæ гæсгæ нæм раст статистикæ нæй. Фылдæр хатт уыцы æмбæстæгты низ рабæрæг вæййы,  æндæр низтæ рабæрæг кæныны тыххæй анализтæ дæттыны рæстæджы. Уымæ гæсгæ рынчынтæн сæ хъысмæт куыдфæстагмæ вæййы мæгуырау. Ацы низы ныхмæ комплексон хъусдард нырма нæй нæ республикæйы цахæмдæр аххосæгтæм гæсгæ, фæлæ уæддæр комитет закъоны фæлгæтты афæдз иу хатт организациты ауадзы контролон хъусдард, иуæй-иу хисæрмагонд организациты дæр.

Коцты Маринæйы ныхæстæм гæсгæ хатт сæ азылды рæстæджы рабæрæг вæййы хъуагдзинæдтæ. Ахæм организацитæ ивар цæуынц. Фæлæ комитетæн йæ тыхы нæй æрвылбонон режимы хъус дара ацы обекттæм. Æртæ бон раздæр мах фехъусын кæнæм нæ бацыды тыххæй, бынаты бæрæг кæнæм гигиенон æмæ санитарон нормæтæ куыд æххæст цæуынц, уый. Кæд æмæ нæм нæ республикæйы æмбæстæгтæй хъаст æрбацæуы, уæд нын бар ис æмæ бацæуæм æнæ фæдзæхстæй. Уый фæстиуæгæн сидын не ‘мбæстæгтæм, цæмæй хъусын кæной развæлгъау гигиенон нормæтæ халыны цауты тыххæй», – дзырдта Маринæ.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй СПИД рабæрæг кæныны фæдыл фыццаг мадзæлттæ уагъд цыдысты 1989 азы майы мæйы, æмæ фыццаг рынчынтæ та рабæрæг сты 2006 азы октябры мæйы. Уæдæй абоны онг нæм ис 16 рынчыны, хъыгагæн уыдонæй авд фæзиан.

Пресс-конференцийы рæстæджы ма дзырд цыд, Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады руаджы ахуырадон уагдæтты уагъд кæй цæудзысты амындтытæ низæй хи бахизыны фæдыл.

Танделаты Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.