ШАХМАТТÆ

Цхинвалы скъола-интернаты спортивон залы уагъд цыдис шахматтæй республикæйы командон чемпионат ахуырдзауты ‘хсæн. Хайад дзы райстой 15 командæйы. Алы командæйы дæр уыд фæйнæ 3 хъазæджы. Командæтæ дихгонд æрцыдысты дыууæ къордыл.

Ерысты организатортæ уыдысты РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет æмæ Шахматты федераци.

«Фыццаг хатт  ерысты хайад райстой афтæ бирæ æвзонг шахматисттæ. Æдæппæтæй дзы архайдтой 45 адæй-маджы. Уыдон уыдысты куыд Цхинвалæй, афтæ Дзау, Знауыр æмæ Цхинвалы районтæй», – банысан кодта РХИ-йы Шахматты федерацийы президент Саулохты Георги.

Къордон фæлтæры хъæзтыты фæстæ иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодтой æмæ финалмæ ахызтысты 2-æм скъола æмæ гимназ «Альбион»-ы фыццаг командæ. Фембæлд рауад тынг æндыгъд. Дыккаг æмæ æртыккаг фæйнæгыл хъазт фæцис. Сæ иуы рамбылдта гимназ «Альбион»-ы минæвар, иннæ ран та – 2-æм скъолайы хъазæг. Уымæ гæсгæ чемпионаты чи рамбула, уый скъуыддзаг цыд 1-аг фæйнæджы фарсмæ. Ам спортивон амонд бахудт гимназ «Альбион»-ы минæвармæ æмæ уæлахиз æрхаста йæ командæйæн.

Ерысты æртыккаг бынат та бацахста Знауыры районы командæ, цыран хъазыдысты Терегуаны скъолайы ахуырдзаутæ. Ацы командæ æртыккаг бынат бацахсыны хъазты фæуæлахиз гимназ «Альбион»-ы дыккаг командæйыл.

«Турнир рауад тынг цымыдисон. Уæлдай тынгдæр мæ фæнды рахицæн кæнын Знауыры районы командæйы, уымæн æмæ кæд раздæр майдантыл тох кодтой æрмæстдæр Цхинвалы командæтæ, уæд ныр Знауыры районы минæвæрттæн бантыст æртыккаг бынат бацахсын», – загъта Саулохты Георги. Уый ма куыд ба-нысан кодта, афтæмæй ерысты хуыздæр хъазджыты фæхондзысты Гобозты Валерийы мемориалон турнирмæ дæр, кæцы уагъд æрцæудзæн æввахс рæстæджы.

Ерысты фæлгæтты ма йæ хайадисджытимæ уыцыиу рæстæджы хъазты сеанс сарæзтой республикæйы чемпионаты уæлахиздзау æмæ призертæ Саулохты Георги, Гæбæраты Ацæмæз æмæ Къæбысты Эрик. Æвзонг спортсментæй чи рамбылдта, уыдонæн лæвæрд æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кæныны церемонийы чемпионаты хайадисджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты спорты хуызты размæцыды фæдыл хайады хистæр специалист Бестауты Чермен.

Хуыздæр командæтæн лæвæрд æрцыдысты майдантæ, кубоктæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.

 

ШАШКÆТÆ

Интеллектуалон хъазты ма сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой Цхинвалы районы ахуырдзаутæ. Уыдон та ерыс кодтой шашкæтæй. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Шашкæты федерацийы президент Лолоты Барис æмæ районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Туриты Тенгиз. Чемпионаты уæлахиздзау ссис Хелцуайы хъæуы командæ, дыккаг ссис Къостайы хъæуы командæ æмæ æртыккагыл та ацыдысты Зары хъæуы минæвæрттæ. Уыдон хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

* * *

Хуссарирыстойнаг спортсмен Бестау-ты Азæмæт ссис ММА-йæ РЦИ-Аланийы чемпионаты уæлахиздзау. Уый архайдта 16-17-аздзыд спортсменты ‘хсæн. Тренер Хъуылымбегты Мамеды хъомылгæнинаг фыццаг тохы рамбылдта æмгъуыдæй раздæр, дыккаг фембæлды та фæуæлахиз очкотæм гæсгæ. Ацы æнтысты фæрцы уый бахаудта Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионатмæ.

 

ЕРЫСТÆ ЛЕНК   КÆНЫНÆЙ

Ленк кæнынæй радон ерыстæ уагъд æрцыдысты Цхинвалы спортивон галуан «Олимп»-ы. Хайад дзы райстой 171 æвзонг спортсмены. Уыдон ерыс кодтой баттерфляйы стилы ленк кæнынæй. Уæлахиздзаутæ систы Чысиаты Александр, Тедеты Ирмæ, Алиса Жаркова, Чиаты Михаил, Джиоты Катеринæ, Бестауты Бега, Уалыты Даянæ, Никита Лягин, Тыджыты Дианæ, Тасойты Арсен, Тедеты Сабинæ æмæ Къæбулты Инал.

Ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеевайы ныхæстæм гæсгæ, уый æххæст райгондæй нæ баззад спортсменты архайдæй.

«Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ мæм фарстатæ фæзынд тренертæм. Уымæн æмæ сывæллæттæ техникон æгъдауæй æххæст цæттæ нæ уыдысты. Æцæг, баттерфляйы стил техникон æгъдауæй зын у. Уымæ гæсгæ  ленк кæныны ацы стилы фæдыл уæлдай фыл-дæр бакусын бахъæудзæн тренертимæ æмæ сывæллæттимæ дæр», – банысан кодта Евгения Терлеева.

Радон ерыстæ та уагъд æрцæудзысты 25 марты. Уæд та уыдзæн «Брассы бон».

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.