УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Наро-Фоминскы уагъд æрцыд УФ-йы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты ирон богалтæн бантыст дыууæ сыгъзæрин, фондз æвзист æмæ æхсæз  бронзæ майданы рамбулын.

Ерысты сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Уалыты Чер-мен (70 кг) æмæ Хуыгаты Алан (125 кг). Æвзист призертæ систы Тусхъаты Азæмæт (57 кг), Байты Давид (70 кг), Цæ-болты Хетæг (74 кг), Найфонты Артур (86 кг) æмæ Содтиты Асланбег (97 кг). Æртыккаг бынæттæ та бацахстой Гогаты Алан (65 кг), Сидахъты Зауырбег (74 кг), Цæкуылты Батырбег (92 кг), Джиоты Эрик (97 кг), Гæззаты Асланбег (97 кг) æмæ Голоты Витали (125 кг).

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ерысты хайад кæй райста цхинвайлаг æвзонг богал Зассеты Арсæмæг дæр.

ЕРЫСТÆ ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

Спорты галуан «Олимп»-ы уагъд æрцыдысты ерыстæ ленк кæнынæй «Золотая рыбка»-йы æртыккаг этап. Ныр та æвзонг спортсментæ сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой ленк кæныны стиль брассæй. Сæ кары къордты уæлахиздзаутæ систы Уалыты Валерия æмæ Лалыты Арсен (25 м, 2011 азы гуырд), Уалыты Даянæ æмæ Уалыты Александр (50 м, 2010 азы гуырд), Къæбулты Нинæ æмæ Никита Лягин (50 м, 2009 азы гуырд), Тыджыты Дианæ æмæ Тасойты Арсен (100, 2008 азы гуырд), Тедеты Сабинæ æмæ Уалыты Владимир (100 м, 2007 азы гуырд), Бикойты Анастасия æмæ Хетæгкаты Инал (100 м, 2006 азы гуырд æмæ уымæй хистæрдæр).

Футбол

Национ футболон къорды 16-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» йæхи фæзуаты хъазыд Ярославлы «Шинник»-имæ. Æнæнхъæлæджы фысымтæн хъазт рауад тынг уæззау. 30-æм минутмæ æмбылды кодтой 0:3 хыгъдæй. Хъазты фыццаг æмбисы кæрон алайнæгтæн бантыст ныхмæлæууæг командæйы, кулдуары иу пурти бакъуырын, фæлæ фембæлды дыккаг хайы уазджытæн бантыст хыгъд 4:1 скæнын. Æвæццæгæн, спортуарзджыты фылдæр хайы уырнгæ дæр нал кодта «Алани» кæй рамбулдзæн, фæлæ уыцы хабаримæ разы нæ уыдысты Гогниты Спартакы командæйы хъазджытæ. Хъазты кæрон уыдонæн 12 минутмæ бантыст æртæ пурти бакъуырын æмæ хыгъд сæмхуызон кæнын. Фембæлд дæр фæцис афтæ – 4:4 хыгъдæй.  

Радон туры «Алани» 24-æм октябры уазæгуаты хъаздзæн мæскуыйаг «Торпедо»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.