ВОЛЕЙБОЛ

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд республикон турнир волейболæй. Ерыстæ æрвылаз дæр фæуадзы г.Цхинвалы администрацийы спорты хайад. Ацы аз  призтыл тох кодтой 7 командæйы. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ алы командæ дæр иннæтимæ акодта фæйнæ иу хъазты. Турниры кæрон иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта æмæ ерысты уæлахиздзау ссис Мидхъуыддæгты министрады командæ. Дыккаг бынат бацахста Хъахъхъæнынады министрады командæ æмæ æртыккагыл та ацыдысты УФ-йы Федералон æдасдзинады службæйы арæнхъахъхъæнджытæ.

Бæрæг æрцыдысты хуыздæр хъазджытæ дæр. Сæрмагонд призтæй хорзæхджын æрцыдысты Лалыты Ибрагим (Хъахъхъæнынады министрады командæ), Дзабиты Ацæмæз (Мидхъуыддæгты министрады командæ), Евгений Чимизов (Арæнхъахъхъæнæн службæйы командæ) æмæ Босыкты Давид (Комплексон спортивон скъолайы командæ).

«Командæтæн развæлгъау фехъусын кодтам турниры тыххæй æмæ уыдонæн фаг рæстæг уыд сæхи бацæттæ кæнынæн. Уымæ гæсгæ хъæзтытæ рауадысты цымыдисон. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ нæм ныры хуызæн бирæ командæтæ кæй никуы райстой хайад. Фидæн аз æнхъæлмæ кæсæм ноджы фылдæр командæтæм», – банысан кодта г.Цхинвалы спорты хайады сæргълæууæг Битеты Гурам.

***

Волейболæй турнир ма уагъд æрцыд Къуайсайы. Уым дæр хайад райстой 7 командæйы. Сæ организатор, Къуайсайы спортивон залы директор Битеты Сæрмæт куыд фехъусын кодта, афтæмæй кæд ацы турнир æрвылаз дæр уадзынц, уæддæр сæм афтæ бирæ командæтæ хайад никуы райстой. Уыдон дих уыдысты дыууæ къордыл. Финалы фембæлдысты Къуайсайы спортивон залы æмæ Кировы командæтæ. Ам тыхджындæр разындысты Спортивон залы командæ 2:0 хыгъдæй æмæ систы ерысты уæлахиздзаутæ, Кировы минæвæрттæ та ацыдысты дыккаг бынатыл. Ерысты бронзæйон призертæ та систы Къуайсайы скъолайы хистæркъласонты командæ.

«Тынг райгондæй баззадтæн ерысты хайадисджыты архайдæй. Турнир рауад тынг хорз. Уæлдай тынгдæр мæ фæнды рахицæн кæ-нын Спортивон скъолайы командæйы уæнгты, цыран уыдысты куыд хис-тæр кары адæм, афтæ ахуырдзаутæ дæр», – банысан кодта Битеты Сæрмæт.

 

«СНЕЖНЫЙ БАРС»

Ноджы ма иу традицион турнир уагъд æрцыд ахуырдзауты ‘хсæн. Уыдон сæ арæхстдзинад æвдыстой æфсæддон-спортивон хъазт «Снежный барс»-ы. Фыццаг бон ерыс кодтой Цхинвалы скъолаты командæтæ. Архайдтой 8 дисциплинæйы. Уыдон ‘хсæн уыдысты гиритæ исын, бæндæн ивазын, армспорт, турникыл хиисын, фыццаг медицинон æххуыс бакæнын, рæнхъон цыд æмæ афтæ дарддæр. Иууыл фылдæр баллтæ æрæмбырд кодта гимназ «Рухс»-ы командæ æмæ ссис турниры уæлахиздзау. Дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ та адих кодтой кадетон скъола æмæ скъола-интернат.

Дыккаг бон та турнир цыд республикон масштабыл. Уым хайад райстой  районты иууыл хуыздæр командæтæ. Ам дæр иууыл цæттæдæр разынд гимназ «Рухс»-ы командæ. Дыккаг бынатыл ацыд Цхинвалы районы Дменисы скъолайы командæ æмæ æртыккаг бынат та бацахста Дзауы поселочы командæ. Уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кæныны церемонийы хайад райстой Ветеранты советы сæрдары хæдивæг Уалыты Гайоз æмæ æфсæддон службæйы ветеран Лалыты Юри.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.