ДЗЮДО

Катары столицæ Дохайы кæронмæ бахæццæ дзюдойæ дунейы сери «Мастерс»-ы турнир. Уым æртæ æвзист майданы рамбылдтой Ирыстоны дзюдойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Дыккаг бынæттæ бацахстой Тасойты Инал, Коцойты Зелим æмæ Таймæзты Мадинæ.

Тасойты Инал иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+100 кг) архайгæйæ рамбылдта Ндиа (Сенегал), Матиашвили (Гуырдзыстон) Рахимов (Таджикистан) æмæ Гролы (Голланди). Финалы йын иу чысыл не сфаг, цæмæй фæуæлахиз уыдаит дыууæ хатты Олимпион æмæ 10 хатты та дунейы чемпион французаг Тедди Ринерыл.

Таймæзты Мадинæ майдантыл тох кодта 70 кг уæзы категорийы. Уый рамбылдта Матниязова (Узбекистан), Хауэлл (Англи), Гайе (Франц) æмæ Кугланы (Австрали). Финалы фæхæрд фæлтæрджын япойнаг спорстменкæ Йоко Онойæн.  Коцойты Зелим та ерысты хъахъхъæдта Азербайджаны спортивон кад. Уый хæцыд 100 кг уæзы категорийы. Финалмæ цæугæйæ, тыхджындæр уыд Египеты, Хуссар Корея æмæ Голландийы минæвæрттæй.

«Мастерс» уагъд цæуы 2010 азæй фæстæмæ. Традицимæ гæсгæ уагъд фæцæуы азы кæрон. Фæлæ ныр юбилейон турнир январы мæймæ хаст æрцыд коронавирусы пандемийы аххосæй.

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» йæхи цæттæ кæнын райдыдта Национ футболон къорды дыккаг хаймæ (фыццаг дивизион). Командæ ныртæккæ ис туркаг Белекы, цыран уагъд цæуынц фыццаг цæттæгæнæн сбортæ. Уырдæм атахтысты 29 футболисты. «Алани» контракттæ нал адарддæр кодта  æрдæгхъахъхъæнæг Сергей Крамаренко, размæбырсæг Артур Малоян æмæ кулдуаргæс Бураты Мухарбегимæ. Ныр уыдон агурдзысты ног куысты бынæттæ. Бураты Мухарбегы хуссарирыстойнаг спортуарзджытæ хорз зонынц 2019-æм азæй фæстæмæ. Уæд уый стыр хайбавæрд бахаста ConIFA-йы эгидæйы бын Европæйы чемпионаты Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд командæйы уæлахизмæ. 

Турчы Ирыстоны сæйраг футболон командæ акæндзæн 4 хæларадон хъазты. Фæйнæ дыууæ фембæлды йын уыдзæн 21 æмæ 29 январы. Нырмæ уал фæбæрæг сты йæ фыццаг дыууæ ныхмæлæууæджы. Уыдон та сты сербиаг командæтæ. 21 январы 11 сахатыл «Алани» ахъаздзæн «Радничек», 17 сахатыл та «Напредак»-имæ. 

Турчы ма «Алани» банысан кодта йæ сæйраг тренер Гогниты Спартакы юбилей. Ууыл сæххæст 40 азы. 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.