ПАУЭРЛИФТИНГ

Фыццаг хатт Цхинвалы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны чемпионат «Жим лежа»-йæ. Уый у пауэрлифтингы дисциплинæтæй сæ иу. Ерысты хайад райстой 23 спортсмены. Уыдонæн фадат уыд фæйнæ æртæ хатты штангæ сисын. Ерысты сæйраг тæрхонгæнæг уыд дунейы æмæ Европæйы чемпионатты бирæ хæттыты уæлахиздзау Икъаты Сæрмæт.

Ерысты сорганизаци кодтой «РХИ-йы пауэрлифтинг æмæ тыхон экстримы федераци» æмæ Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитет. Федерацийы президент Æлборты Леуаны ныхæстæм гæсгæ республикæйы чемпионат уагъд цæудзæн æрвылаз дæр.

«Республикæйы бирæ ис ахæмтæ, кæцытæ тынг уарзынц пауэрлифтинг. Уый хынцгæйæ нæ рагæй фæндыд федераци саразын æмæ нын фарон рауад йæ сæххæст кæнын. Стæй нæ фæндыд ерыстæ ауадзын, фæлæ йæ коронавирусы пандемийы тыххæй ахастам фæстæдæр рæстæгмæ. Ныр ерысты хайад райстой 23 адæймаджы. Фæлæ йæ куыд зонын, афтæмæй ноджы фылдæр спортсмены фæндыд сæ цæттæдзинад бафæлварын, фæлæ сын æндæр æмæ æндæр аххосæгтæм гæсгæ нæ бантыст ерысты хайад райсын», – фехъусын кодта Æлборты Леуан. Уый ма бузныг загъта Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергейæн чемпионат ауадзынæн сын æнæмæнгхъæуæг инвентарь самал кæнынæн кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

Зассеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ æнæмæнгæй республикæйы хъæуы пауэрлифтинг спорт популяризаци кæнын.

«Бахатыдысты мæм Æлборты Леуан æмæ Сиукъаты Алымбег, цæмæй сын баххуыс кæнон федераци саразынæн. Мæнæн тынг æхсызгон уыд ахæм энтузиасттæ нæм кæй фæзынд, кæцытæ архайдзысты спорты ацы хуызы размæцыдыл», – банысан кодта Зассеты Сергей.

Ерысты фæстиуджытæм гæсгæ сæйраг приз рамбылдта Санахъоты Алан. Абсолютон уæлахиздзауы бæрæг кодтой Вилксы формулæмæ гæсгæ.  Сæхи уæзты та фæуæлахиз сты: 65 кг уæзы категорийы Гаглойты Леван (120 кг),  Хуыгаты Альберт (85 кг); 75 кг – Къалаты Хох (135 кг), Хъазиты Сослан (105 кг), Козаты Арсен (90 кг); 80 кг – Гæбæраты Алан (160 кг), Тедеты Батрадз (135 кг), Пæррæстаты Андрей (130 кг); 87 кг – Сиукъаты Ацæмæз (142,5 кг), Джиоты Роберт (130 кг), Козаты Арсен (110 кг); 90 кг – Санахъоты Алан (175 кг), Быценты Дмитри, (155 кг), Гæбæраты Сергей (150 кг); 105 кг – Карсанты Марат (172,5 кг), Æлборты Леуан (170 кг), Къудухты Сослан (165 кг); +105 кг – Сиукъаты Алымбег (175 кг), Челдыты Арсæмæг (170 кг),  Харебаты Сергей (140 кг).

Ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты майдантæ æмæ кады грамотæтæй схорзæхджын кодта Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей.

 

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинæгтæ хайад райстой 15-23-аздзыд штангистты ‘хсæн РЦИ-Аланийы чемпионаты. 81 кг уæзы категорийы 258 кг (116+142) бæрггæнæнимæ ерысты сыгъзæрин майдан рамбылдта Кæсæбиты Майрæм.

Ерысты ма хорз сæхи равдыстой Багаты Александр, Багаты Георги æмæ Пæррæстаты Хасан. Багаты Александр архайдта 55 кг уæзы категорийы. Уый дыууæ истæн скодта 117 кг (52+65). Ацы уæзы категорийы ма архайдта Пæррæстаты Хасан. Уый та равдыста 110 кг бæрæггæнæн (50+60). Багаты Георги та йæ цæттæдзинад фæлвæрдта 81 кг уæзы категорийы. Уый та дыууæ истæн скодта 129 кг (57+72).

Кæсæбиты Майрæм, Багаты Александр æмæ Багаты Георгийы тренировкæ кæнынц Кæсæбиты Александр æмæ Кæсæбиты Инал. Пæррæстаты Хасаны тренер та у Пæррæстаты Андрей.

«Райгонд стæм нæ хъомылгæнинæгты архайдæй. Уæлдай мæ фæнды рахицæн кæнын Багаты Александр æмæ Георгийы, кæцытæ уыдысты ерысты иууыл æвзонгдæр хайадисджытæ. Бузныг нæ фæнды зæгъын Уæззау атлетикæйы скъолайы директор Тасойты Олег æмæ спортивон галуан «Олимп»-ы директор Табуты Робертæн ерыстæм ацæуынæн нын кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй», – банысан кодта Кæсæбиты Александр.

Ныр Кæсæбиты Майрæм йæхи цæттæ кæндзæн æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионатмæ, кæцы уагъд цæудзæн июны мæйы.

 

СТЪОЛЫ ТЕННИС

СПОРТ

Æввахс рæстæджы æнæхъæн дунейы нысан кæндзысты Сывæллæттæ хъахъхъæныны дунеон бон. Уый цытæн Ленингоры поселочы уагъд æрцыд турнир стъолы теннисæй. Уый тыххæй нын хъусын кæны районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Бестауты Казимир. Ерысты хайад райстой 40 ахуырдзауы. Турниры фæстиуджытæм гæсгæ аккаг ныхмæлæуджытæ нæ разынд Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæн. Лæппуты ‘хсæн фæуæлахиз Дудайты Давид, 2-аг ссис Хацырты Константин æмæ 3-аг бынат та бацахста Хуриты Дмитри. Чызджыты ‘хсæн иууыл цæттæдæр разынд Хуыбылты Аннæ, æвзист майдан рамбылдта Джиголаты Аннæ æмæ æртыккаг бынат та фæцис Хуыбылты Аннæйы.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.