ФУТБОЛ

Уыдысты футболæй Уæрæсейы фыццаг дивизионы 13-æм туры хъæзтытæ. Дзæуджыхъæуы «Алани» Тулайы хъазыд бынæттон «Арсенал»-имæ, кæцы у чемпионаты лидертæй сæ иу. Фембæлды райдианы активондæрæй архайдтой фысымтæ. Фæлæ рæстæг куыд цыд, афтæ алайнæгтæ райдыдтой хуыздæрæй-хуыздæр хъазын, æмæ сын хъазты фыццаг æмбисы кæрон бантыст пурти бакъуырын. Расгуыхт Артур Галоян. Дыккаг тайм дæр хуыздæр хъазыдысты уазджытæ æмæ 71-æм минутыл хыгъд скодтой 0:2. Бакъуырд пуртийы автор уыд Николай Гиоргобиани.

Ацы уæлахизы фæрцы «Алани» æрæмбырд кодта 28 очкойы æмæ турнирон таблицæйы дарддæр дæр цæуы фыццаг бынатыл. Радон туры Ирыстоны сæйраг футболон командæ хъаздзæн «СКА-Хабаровск»-имæ.

 

ТХЭКВОНДО

Хуссарирыстойнаг тхэквондисттæ къуырийы дæргъы цæттæгæнæн сбортæ рацыдысты Дзæуджыхъæуы. Тренер Гуыцмæзты Валери куыд хъусын кæны, афтæмæй Дзæуджыхъæумæ акодта 18 спортсмены. Уыдонæн иумæйаг тренировкæтæ уагъд цыд РЦИ-Аланийы тхэквондойæ хуыздæр тренерты хъомылгæнинæгтимæ иумæ. Бон сын уагъд цыд дыгай тренировкæтæ. Райсомæй фылдæр хъусдард здæхт цыд спортсменты фердæхтдзинады  координаци æмæ реакци цырддæр кæнынмæ. Изæры та куыстой техникæ фæхузыдæр кæныныл. Цæттæггæнæн сбортæй тынг райгондæй баззад Гуыцмæзты Валери.

«Ацы тренировкæтæ тынг фæахъаз сты спортсменты цæттæдзинад фæбæрзонддæр кæнынæн. Мæхицæн дæр, куыд тренерæн, сты пайда», – банысан кодта Гуыцмæзты Валери.

Тхэквондойæ Хуссар Ирыстоны архайын райдыдтой иу азы размæ. Æмæ кæд бирæ рæстæг нæ рацыд, уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ дзæуджыхъæуккаг тренертæ бæрзонд аргъ скодтой хуссарирыстойнаг спортсменты цæттæдзинадæн.

«Иумæйаг тренировкæтæ куыд равдыстой, афтæмæй нæ спортсментæй бирæтæн, ныридæгæн дæр, сæ бон у ерысты хайад райсын. Мæнæн тынг æхсызгон уыд мæ цæгатирыстойнаг коллегæтæ нын нæ архайдæн ахæм стыр аргъ кæй скодтой, уый», – загъта Гуыцмæзты Валери.

Валери куыд фехъусын кодта, афтæмæй баныхас кодта РЦИ-Аланийы тхэквондойы федерациимæ, цæмæй хуссарирыстойнаг спортсментæн дарддæр дæр уагъд цæуой ахæм цæттæгæнæн сбортæ.

                            ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.