УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ Мæздæджы хайад райстой уæгъдибар хъæбысхæстæй æппæтуæрæсейон турнир «Моздокский ковер»-ы. Ерысты призтыл ма тох кодтой Цæгат Кавказы республикæты минæвæрттæ. Æдæппæтæй 180 спортсменæй фылдæр. Турниры Хуссар Ирыстоны хъæбысæйхæцджытæн бантыст æртæ майданы рамбулын. 36 кг уæзы категорийы дыккаг бынат бацахста Багаты Аслан. Уый финалмæ цæугæйæ, фæуæлахиз æртæ тохы. 47 кг уæзы бронзæ майдан бафтыд Пухаты Арсены къухты. Бронзæйон призер ма ссис Багаты Ацæмæз. Уый та йæ цæттæдзинад фæлвæрдта 26 кг уæзы категорийы. Спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Хъесаты Петр æмæ Багаты Вадим.

«Нæ хъомылгæнинæгтæй мæ уæлдай тынгдæр рахицæн кæнын фæнды Багаты Ацæмæзы. Уый уыд ерысты хайадисджытæй иууыл æвзонгдæр, фæлæ уæддæр, уымæ æнæкæсгæйæ, йæхи равдыста тынг хорз. Уый цы фондз тохы акодта, уыдонæй цыппары фæуæлахиз», – фехъусын кодта Хъесаты Петр.

 

ДЗЮДО

Грознæйы уагъд æрцыд 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Цæгат Кавказы Федералон зылды чемпионат дзюдойæ. Ерысты уæлахиздзау ссис Джиоты Изабеллæ. Уымæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 63 кг уæзы категорийы. Чемпионаты æвзист призер ссис Гаглойты Эвелинæ (+78 кг). Бронзæ майдантæ та рамбылдтой Къозонты Виктория (63 кг), Зозырты Илонæ (70 кг) æмæ Лолита Циклаури (+78 кг). Ныр уыдон бар райстой ацы кары спортсменты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионаты хайад райсын, кæцы уагъд цæудзæн Санкт-Петербурджы нобяры мæйы кæрон.  Дзюдоисткæты бацæттæ кодтой Гæбæраты Автандил æмæ Гæбæраты Витали. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Гаглойты Эвелинæ, Къозонты Виктория, Зозырты Илонæ æмæ Лолита Циклаури кæй сты Хуссар Ирыстонæй рацæугæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.