ДЗЮДО

Екатеринбурджы уагъд æрцыд Уæрæсейы чемпионат дзюдойæ. Ерысты хайад райстой 500 спортсменæй фылдæр. Уыдон ‘хсæн уыдысты ирон богалтæ дæр. Уыдонæн бантыст иу сыгъзæрин, дыууæ æвзист æмæ иу та бронзæ майдан рамбулын. 2020 азы Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер Таймæзты Мадинæ фыццаг бынат бацахста 70 кг уæзы категорийы. Финалы Мадинæ фæуæлахиз Челябинскы минæвар Дина Гизатулинайыл.

Æвзист майданты хицæуттæ баисты Тасойты Инал (+100 кг) æмæ Хуыбылты Ирэнæ (48 кг). ШАХМАТТÆ

Хуссар Ирыстоны шахматон скъола «Белая ладья»-йы хъомылгæнинæгтæ сæхи хорз равдыстой Цæгат Ирыстоны уагъдцæуæг квалификацион турниры. Чызджыты ‘хсæн ерысты уæлахиздзау ссис Тыбылты Аланæ. Афтæмæй сæххæст кодта æртыккаг квалификацион разряд. Турниры бронзæйон призертæ та систы Æлборты Артем æмæ Сагкаты Станислав. Уыдон та сæххæст кодтой æрыгæтты æртыккаг разряды норматив. Уый фæдыл хъусын кæны шахматон скъола «Белая ладья»-йы къухдариуæггæнæг Джиоты Аннæ.

Тыбылты Аланæ, Æлборты Артем æмæ Сагкаты Станиславы цæттæ кæнынц Саулохты Георги, Гæбæраты Ацæмæз æмæ Къодоты Андрей. Хуссарирыстойнаг æвзонг шахматисттæ Бибылты Марат, Алан æмæ Андрей та ныртæккæ тох кæнынц Налцыччы уагъдцæуæг æрыгæтты ‘хсæн Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионаты.

Педьесталы 3-аг къæпхæнмæ та схызт Елбачиты Георги (81 кг).

ТХЭКВОНДО

Ирон тхэквондисттæ Джиоты Игорь æмæ Цакъоты Сæрмæт систы Белорусийы гом Кубокы уæлахиздзаутæ. Игорæн ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд 55 кг уæзы категорийы, Сæрмæтæн та аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд 68 кг уæзы.

Белорусийы командæйы сконды та ерысты уæлахиздзау ссис Гуырцъыты Георги.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.