ТУРНИР ШАХМАТТÆЙ

Дзауы районы уагъд æрцыд чиныг «Осетия и осетины»-йы автор, национ преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат Челехсаты Хъазбеджы номыл турнир шахматтæй. Ацы ерыстæ ныр уагъд цæуынц 9-æм хатт æмæ нымад сты спорты ацы хуызæй республикæйы иууыл тыхджындæр турнирыл. Ныр дæр та дзы хайад райстой республикæйы иууыл цæттæдæр шахматисттæ æмæ РЦИ-Аланийы минæвæрттæ.

«Алыхатт дæр стыр æхсызгонимæ æрцæуæм Ирыстоны хуссар хаймæ. Ныр дæр та нæ куы фæхуыдтой, уæд уайтагъд нæхи арæвдз кодтам æмæ та активон хайад райстам ерысты», – банысан кодта РЦИ-Аланийы Горæтгæрон районы командæйы уæнг Дзицойты Зауыр.

Ерыстæм æрбацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. «Æрвылхатт дæр турнир фæцæуы бæрзонд æмвæзадыл. Тынг æхсызгон мын у æндæр æмæ æндæр кары спортсментæ дзы хайад кæй фæисынц, уый. Бузныг мæ фæнды зæгъын турниры организатортæн», – загъта  Бибылты Анатоли. Уый ахъазыд Челехсаты Хъазбегимæ.

Турниры призтыл тох кодтой 9 командæйы. Уыдон дих уыдысты дыууæ дæлкъордыл. Алы командæйы дæр уыд фæйнæ æртæ адæймаджы. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ, финалмæ хызтысты сæ дæлкъорды фыццаг бынæттæ бацахсæг командæтæ. Иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодтой Цхинвалы æмæ РЦИ-Аланийы Горæтгæрон районы командæтæ. Уыдон фембæлдысты финалы. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ турниры фыццаг бынат бацахсыныл сæйраг тох кæй фæцæуы ацы командæты æхсæн 2015 азæй фæстæмæ. Уæд фæуæлахиз Цхинвалы командæ, фæлæ уый фæстæ дыууæ азы фæд-фæдыл тыхджындæр уыдысты цæгатирыстойнаг шахматисттæ. Уымæ гæсгæ, шахматты фæйнæджы фарсмæ, ныр дæр цыд карз спортивон тох. Ныр цхинвайлæгтæн бантыст реванш райсын. Партитæм гæсгæ рамбылдтой 2:1  хыгъдæй æмæ систы турниры сæйаг призы хицæуттæ. Командæйы сконды уыдысты Сиукъаты Алан, Тыбылты Ирбег æмæ Гæбæраты Ацæмæз.

«Нæ командæйы тынг фæндыд рамбулын. Уæлдай тынгдæр нæ фæндыд Горæтгæрон районы командæйæ реванш райсын. Ныр нæ командæтæ финалы фембæлдысты цыппæрæм хатт æмæ, иумиагæй не’хсæн хыгъд ссис 2:2», – загъта Цхинвалы командæйы уæнг Гæбæраты Ацæмæз.

Дыккаг бынат бацахсæг цæгатирыстойнаг командæйы сконды та архайдтой Дзицойты Зауыр, Кокойты Валико æмæ Николай Рязанов. Турниры æртыккаг бынат та бацахста Знауыры районы командæ. Йе’сконды уыдысты Плиты Хазби, Бабаты Генрих æмæ Гæджиты Ацæмæз.

Ерысты хайадисджытæн бузныг загъта Челехсаты Хъазбег. Афтæ ма сын раарфæ кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг.

Турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ æмæ зæрдылдарæн призтæй. Сæрмагонд призæй хорзæхджын æрцыд ерысты иууыл æвзонгдæр хайадисæг, Цхинвалы скъола-интернаты ахуырдзау Бахъаты Гамлет. Цытджын церемонийы рæстæджы æрæмбырдуæвджытæн музыкалон лæвар бакодта æвзонг зарæггæнæг Гаглойты Владислав.

 

НОМАРÆН ТУРНИР

Цхинвалы уагъд цæуы РХИ-йы хъайтар Козаты Левы номарæн турнир футболæй. Сорганизаци йæ кодтой РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет æмæ æхсæнадон организаци «Зиу». Козаты Лев фæмард 2008 азы Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ. Йæ номыл турнир ныр уагъд цæуы 8-æм хатт. Хайад дзы исынц республикæйы скъолатæй 13 командæйы.

«Мах æрвылхатт дæр стыр æхсызгонимæ хайад райсæм ацы турниры.  Æрвылаз дæр уагъд кæй фæцæуы, уый зонгæйæ, нæхи фæцæттæ кæнæм турнирмæ. Тынг æхсызгон мын у хъайтарты нæмттæ кæй нæ рох кæнæм. Рæзгæ фæлтæр хъуамæ зоной уыдоны хъайтардзинæдты тыххæй», – зæгъы Цхинвалы скъола-интернаты коман-дæйы тренер Тедеты Владимир.

Турниры финалон хъазт уагъд æрцæудзæн 17 ноябры. Уыцы бон райгуырд, ерыстæ кæй номыл цæуынц, уыцы хъайтар Козаты Лев.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.