БОКС

Боксæй дунеон суперсерийы фæлгæтты ирон боксер Гасситы Мурат 90,7 кг уæзы категорийы нокауты арвыста зындгонд польшæйаг боксер Кшиштоф Влодарчикы æмæ ахызт турниры æрдæгфиналмæ, афтæ ма бахъахъхъæдта IBF-ы (Боксы дунеон федерацийы) версимæ гæсгæ дунейы чемпионы титул.

Фембæлды райдианы боксы эксперттæ фаворитыл нымадтой Мураты, фæлæ афтæ тагъд рамбулдзæн, уый æнхъæл алчи нæ уыд. Уымæн æмæ Кшиштоф Влодарчик нымад у тынг фæразон боксерыл, кæцы йæ карьерæйы иу хатт дæр никуы уыд нокауты.

Кæд фембæлды размæ польшæйаг боксер зыдта, Муратæн тыхджын цæф кæй ис æмæ кæй хъæуы хъавгæйæ архайын, æмæ тохы райдианы Мураты фыццаг цæфты фæстæ ноджы тынгдæр хъахъхъæдта йæхи, фæлæ йын уæддæр нæ бантыст ирон спортсмены цæфтæй йæхи бахизын. 3-аг раунды Муратæн бантыст галиу къухæй нырма йæ ныхмæлæууæджы сæр ныццæ-вын æмæ уый йæ цæсгом сыхгæнынмæ куыд хъавыд, афтæ уыцы уысм Мурат дыккаг цæф ныккодта Влодарчикы игæр, уый æрхауд æмæ иу цасдæр йæ бон нал сси сыстын. Афтæмæй Мурат дунеон боксы суперсерийы ахызт æрдæгфиналмæ, цыран йæ ныхмæлæууæг уыдзæн 31-аздзыд кубæйаг боксер Юниер Дортикос. Уый дæр уыд залы, тохы фæстæ схызт рингмæ æмæ бартхъирæн кодта Муратмæ, зæгъгæ, дам, дæ арвитдзынæн нокауты. Уыцы ныхасмæ тренер Сланты Виталийы хъомылгæнинаг йæ мидбылты бахудт.

Кæд Америкæйы рæстæгмæ гæсгæ тох цыд изæры, уæд уыцы рæстæджы Цхинвалы та уыд райсомы 6 сахатмæ æввахс. Фæлæ уæддæр, Хуссар Ирыстоны цæрджытæй бирæтæ комкоммæ эфиры кастысты ацы фембæлдмæ. РХИ-йы боксы федерацийы президент Уалыты Альберт йæ хæрæндон «Винченцо»-йы сорганизаци кодта тохы равдыст. Уырдæм æрбацыдысты бирæ спортуарзджытæ. Семæ боксмæ бакаст Президент Бибылты Анатоли дæр. Мураты уæлахизы цытæн Президенты къухдариуæгадæй Цхинвалы уагъд æрцыд мотоалыгъд.

Ныр дунеон боксы суперсерийы æрдæгфиналон тохтæ уагъд æрцæудзысты январь æмæ февралы. Финал та  уыдзæн майы.

Гасситы Мурат йæ профессионалон карьерæйы цы 26 тохы акодта, уыдонæй фæуæлахиз 25 тохы, иу та дзы нымад не ‘рцыд. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уыдонæй 6 тохы уагъд кæй æрцыдысты АИШ-ы.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд Олимпион хъæзтыты дыууæ хатты уæлахиздзау Андиаты Сосланы призтæ рамбулыны сæраппонд æппæтуæрæсейон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Сæ тыхтæ дзы фæлвæрдтой 250 богалæй фылдæр. 8 уæзы категорийæ 6-ы фæуæлахиз сты ирон хъæбысхæсты скъолайы минæвæрттæ. Андиаты Сослан йæхæдæг цы уæзы архайдта, ома, иууыл уæззаудæр уæзы категорийы, уый уæлахиздзау ссис Хуыгаты Алан. Уымæн лæвæрд æрцыд автомашинæ. Ирон богалтæй ма рамбылдтой Хъæцмæзты Ренат (97 кг), Цæкуылты Батрадз (86 кг), Гокъонаты Мурат (74 кг), Токайты Зауыр (65 кг) æмæ Хæдæрцаты Алик (57 кг).

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.