САМБО

Хуссарирыстойнаг самбисттæ æртæ майданы рамбылдтой спортивон æхсæнад «Динамо»-йы цæгатирыстойнаг хайады гом турниры. РХИ-йы спортивон кад хъахъхъæдтой Дзауы районы самбойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Ерысты хайад райстой 100 æвзонг богалæй фылдæр. Æвзист майдантæ рамбылдтой Коцты Дмитри (38 кг) æмæ Джиоты Давид (71 кг). Бронзæйон призер та ссис Карсанты Тамерлан (54 кг). Спортсменты тренер у Хъоцыты Тамерлан.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, æртæ майданы кæй рамбылдтам, уый хорз бæрæггæнæн у. Кусдзыстæм, цæмæй цы рæдыдтытæ æруагътам, уыдон рараст кæнæн», – банысан кодта Хъоцыты Тамерлан.

БОКС

      Боксæй WBA æмæ IBF верситæм гæсгæ дунейы раздæры чемпион Гасситы Мурат гæнæн ис æмæ радон тох акæна 27-æм июлы. Ирон боксер хайад райсдзæн турниры развæлгъау тохтæй сæ иуы, цыран сæйраг тохы архайдзæн WBO-йы версимæ гæсгæ дунейы чемпион Морис Хукер. Фæлæ нырма бæрæг нæу турниры бынат æмæ Мураты ныхмæлæууæджы ном дæр. Тренер Сланты Виталийы хъомылгæнинагæн ацы тох уыдзæн фыццаг стримингон платформæ DAZN-имæ контракт бафыссыны фæстæ æмæ йын развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ  дебютон уыдзæн иууыл уæззаудæр уæзы категорийы.  

ФУТБОЛИСТ

      ÆЦСК-йы футболист Зæгъойты Алан дзыллон информацийы фæрæзтæн фехъусын кодта клубимæ ног контракт бафыссыны фæдыл бадзырдтæ куыд цæуынц, уый тыххæй æмæ банысан кодта кæй йæ фæнды командæйы баззайын.

«Бадзырдты деталтæ радзурын мæ бон нæу. Фæлæ мæ бон у зæгъын, кæй стæм бадзырдты процессы. Фæлæ ма майы кæронмæ рæстæг ис. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, æввахс рæстæджы алцы дæр фæбæрæг уыдзæн. Мæн нæ фæндит клубæй ацæуын, фæлæ ныр алцы  мæнæй аразгæ нæу. Ноябры мæйы райдыдтам бадзырдтæ уадзын, фæлæ нырма дæр ног контракт арæзт не ‘рцыд. Командæйы дæн 11 азы æмæ æппæт ацы рæстæг бирæ хæттыты адарддæр кодтам ÆЦСК-имæ контракт æмæ сын мемæ  проблемæ никуы уыдис. Æрвылхатт дæр-иу æрцыдысты иу хъуыдымæ. Агент мын нæй æмæ алы хатт дæр æргом уыдтæн ныхас кæнынмæ. Ныр дæр нæ клубимæ хъæуы кæрæдзи бамбарын. Æмæ кæд афтæ рауайа, уæд уыдзынæн амондджын. Алы хатт дæр дзырдтон,  мæ карьерæ  мæ иууылдæр кæй фæнды ÆЦСК-йы арвитын. Æмæ уый раст у», – банысан кодта Зæгъойты Алан. 

                              ТХЭКВОНДО

Люберцыйы уагъд æрцыд тхэквондойæ студентты ‘хсæн Уæрæсейы чемпионат. Ерысты уæлахиздзаутæ систы дыууæ ирон спортсмены  Чилæхсаты Анисия (57 кг) æмæ Гуырцъыты Георги (58 кг). Ныр уыдон  райстой XXX сæрдыгон Универсиадайы хайад райсыны бар, кæцы уагъд цæудзæн италиаг Неаполы.

ХУРИТЫ Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.