БАЙСТОЙ ЙЫН ЙÆ СЫГЪЗÆРИН МАЙДАН

20-æм июлы йæ 40 азы юбилей банысан кодта Олимпион хъæзтыты æртæ хатты чемпион, УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат Таймæзты Артур. Легендарон богалæн йæхирдыгон «лæвар бакодта» дунеон Олимпион комитет, кæцы йын байста, 2012 азы Олимпион хъæзтыты цы сæгъзæрин майдан рамбылдта, уый. Дунеон Олимпион комитеты пресс-службæ куыд хъусын кæны, афтæмæй ирон богалы допинг-пробæйы ссардæуыд, пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм препарат-туринабол.

Таймæзты Артурæн ныр байстой йæ дыккаг сыгъзæрин майдан. 2017 азы ма йын ист æрцыд 2008 азы Олимпион хъæзтыты сыгъзæрин майдан.

Ацы хъуыддаджы тыххæй йæ комментаритæ радта спортсмен йæхæдæг.

«2008 азы дисквалификацийы фæстæ мын мæ допинг-пробæтæ басгарыны фæдыл дунеон Олипмион комитеты ахæм уынаффæмæ æнхъæлмæ кастæн æмæ мын сюрпризы хуызæн нæ уыд. Фæлæ дунеон Олимпион комитеты радон уынаффæйы тыххæй мæ бон у зæгъын: «Растыл нæ нымайын, цы хъуыддаджы мæ аххосджын кæнынц, уый. Дунеон Олимпион комитеты уынаффæ нымайын политикон æгъдауæй мотивацигондыл æмæ бындур кæмæн нæй, ахæмыл. Дунеон Олимпион комитеты мидæггагон экспертизæты фæстиуджыты растыл нæ нымайын, ацы экспертизæйы процедурæ куыд нæ нымайын, афтæ. Ацы уынаффæйы фæдыл бахъаст кæндзынæн. Дунеон Олимпион комитеты эксперттæн. Афтæ ма ацы уынаффæ циндзинад кæмæн æрхаста, уыдоны зæрдыл мæ æрлæууын кæнын фæнды: фыццаг, мæ царды æз æртæ хатты лæууыдтæн Олимпиадæты пьедесталты уæлдæр къæпхæнты æмæ уымæй цы эмоцитæ райстон, ахæмтæ адæймаг никуы райсы. Дыккаг, клинингон компанийы кусæг-æфснайæг 30 мин америкæйаг пробæйы «æнæн-хъæлæджы куы асаста», уый фæстæ ВАДА-йы куысты серьезоныл банымайæн нæй», – банысан кодта Тай-мæзты Артур.

Уый ма загъта, зæгъгæ, уæд куыд уыд, афтæ ныр дæр, æнкъары спортуарзджыты фарсхæцынад. Уыцы æнкъа-рæнтæ, зæгъ, мын ничи байсдзæн. «Æз мæхицæн равдыстон, æртæ хатты Олимпион чемпион суæвын мæ бон кæй ссис, уый. Мæ нысæнттæ мæ къухты бафтыдысты. Дунеон Олимпион комитетæн уынаффæ кæнын, 2020 азы Токиойы уагъдцæуæг Олимпиадæйы уæлахиздзауты схорзæхджын кæнæт 10 азы фæстæ, æмæ спортсментæ та сæхи уæлахиздзаутыл ма нымайæт, цалынмæ сын 10 азы фæстæ сæ пробæтæ басгарой, уæдмæ».

СУМО

Уагъд æрцыд сумойæ Европæйы кубок. +115 кг уæзы категорийы аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Битарты Русланæн. Уый ма фæуæлахиз, 24 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн ерысты дæр.

Хистæр кары спортсменты ‘хсæн абсолютон уæзы категорийы æвзист майдан рамбылдта Мæргъиты Алан. Бронзæйон призертæ та систы Дриаты Алан æмæ Рæмонты Азæмæт.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

1-4 августы Польшæйы столицæ Варшавайы уагъд æрцæудзæн дунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды ерысты хайад райсдзысты ирон хъæбысхæсты скъолайы минæвæрттæ дæр. 86 кг  уæзы категорийы архайдзæн Найфонты Артур. 125 кг та – Хуыгаты Алан. Уый тыххæй фехъусын кодта УФ-йы æмбырдгонд командæйы сæйраг тренер Тедеты Дзамболат. Тренер ма фехъусын кодта ацы турниры фæстæ Сочийы дыккаг цæттæгæнæн сборты кæй ауадздзысты контролон тохтæ, кæцыты фæстиуджытæм гæсгæ фехъусын кæндзысты, Казахстанмæ дунейы чемпионатмæ чи ацæудзæн, уыдоны нæмттæ.

Дунейы чемпионат уагъд æрцæудзæн 14-22 сентябры Нур-Султаны (Казахстан). 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.