НОМАРÆН  ТУРНИР

Дзауы поселочы уагъд æрцыд РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды раздæры командир, СССР-йы  спорты дæсны Сиукъаты Таймуразы номарæн турнир самбойæ æмæ уæгъдибар хъæбысхæстæй. Фыццаг бон ерыстæ уагъд цыдысты самбойæ, дыккаг бон та уæгъдибар хъæбысхæстæй. Турниры хайад райстой куыд Хуссар, афтæ Цæгат Ирыстоны æвзонг богалтæ. Самбойæ ерысты хайад истой куыд лæппутæ,  афтæ чызджытæ дæр.

Ерыстæ официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодтой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей æмæ Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь. Ерыстæм ма æрбацыд Сиукъаты Таймуразы чызг Заринæ, йæ цардæмбалы хо Сланты Ингæ æмæ æндæр хæстæджытæ. Ерысты организацион комитеты сæргълæууæг Хъоцыты Тамерлан номарæн лæвæрттæ радта Сиу-къаты Заринæ, Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь æмæ  Милицийы сæрмагонд нысаниуæ-джы къорды командир Плиты Игорæн.

Цымыдисон рауадысты уæгъди-бар хъæбысхæстæй ерыстæ дæр. Хайад сæ райстой Цхинвал, Дзау, Алагир æмæ Къуайсайы минæ-вæрттæ. Æдæппæтæй 110 богалы. Тохтæ цыдысты Дзауы поселочы актон залы. Тренерты ныхæстæм гæсгæ, турнир алы хатт дæр ацæуы бæрзонд æмвæзадыл æмæ уый та ахъаз кæны сæ хъомылгæнинæгты размæцыдæн.

«Ивгъуыд аз фыццаг хатт æрцы-дыстæм Дзаумæ. Турнир нæ зæр-дæмæ тынг фæцыд æмæ та уымæ гæсгæ ногæй æркодтон мæ хъо-мылгæнинæгты. Ерыстæ  хорз æндавынц сæ цæттæдзинадыл», – банысан кодта горæт Алагиры  хъæбысæйхæцджыты тренер Гокъонаты Руслан.

Турниры цытджын уазджыты ‘хсæн уыд раздæры зындгонд богал Зæнджиаты Виктор, кæцыйы ду-нейы зонынц куыд рестлер, афтæ. Викторы фæлгондзæй ист у зынд-гонд компьютерон хъазт Street Fighter персонаж ахæм номимæ «Зангиеф», зæгъгæ.

«Æрыгон богалтæ фыццаг къах-дзæфтæ аразынц спорты. Ахæм турниртæй райдыдтам мах дæр. Спорт сæ иу кæндзæн. Ахæм ерыстæ уыдзысты сæ царды иууыл хуыздæр мысинæгтæ», – загъта Зæнджиаты Виктор.

Карз тохты фæстæ самбойæ ерысты уæлахиздзаутæ систы: 2007-2008 азты гуырд спортсментæ: Хъайтыхъты Зауырбег (25 кг, Дзæуджыхъæу), Джиоты Артур (29 кг, Знауыр), Хъалæгаты Георги (32 кг, Дзæуджыхъæу), Æлборты Ро-берт (35 кг, Знауыр), Джониашвили Михаил (38 кг, Дзæуджыхъæу), Хъоцыты Дмитри (42 кг, Дзау), Хъа-лæгаты Давид (46 кг, Дзæуджы-хъæу), Хъуылымбегты Феликс (50 кг, Цхинвал), Кокойты Таймураз (+50 кг, Цхинвал). 

2005-2006 гуырд спортсментæ: Гæбæраты Мерлан (42 кг, Дзæуджыхъæу), Багаты Эдуард (46 кг, Цхинвал), Андиаты Сæрмæт (50 кг, Дзæуджыхъæу), Колтухчян Рубен (55 кг, Дзæуджыхъæу), Карсанты Тамерлан (60 кг, Дзау), Тедеты Эдуард (66 кг, Дзау), Марк Полянский (+66 кг, Дзæуджыхъæу).

Чызджыты ‘хсæн та фыццаг бынæттæ бацахстой Дьяченко Ксения (55 кг, Цхинвал) æмæ Годжыцаты Аделинæ (60 кг, Цхинвал).

Уæгъдибар хъæбысхæстæй ерысты рамбылдтой: Галуанты Æхсæртæг (26 кг, Цхинвал), Бæгъиаты Георги (29 кг, Алагир), Болататы Дзамболат (32 кг, Цхинвал), Челдыты Инал (35 кг, Алагир), Уататы Аслан (38 кг, Алагир), Магкеты Альберт (42 кг, Алагир), Сидамонты Артур (46 кг, Цхинвал), Табуты Георги (50кг, Цхинвал), Бæгъиаты Аслан (57 кг, Цхинвал), Дудайты Марик (62 кг, Цхинвал), Туаты Давид (68 кг, Цхинвал), Гуызыдтаты Сæрмæт (+68 кг, Цхинвал).

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ, майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй. Сиукъаты Таймуразы бинонты номæй приз лæвæрд æрцыд ерысты иууыл ирддæр богал Болататы Дзамболатæн. Сиукъаты Таймураз йæхæдæг хæцыд 68 кг уæзы категорийы. Уымæ гæсгæ ацы уæзы уæлахиздзау Туаты Давидæн дæр лæвæрд æрцыд сæрмагонд приз.  Турнир уагъд цæуы æрвылаз дæр. Йæ организатортæ фæнд кæнынц ноджы фылдæр богалты хонын.

ФУТБОЛ

Уагъд æрцыдысты футболæй РЦИ-Аланийы чемпионаты радон туры хъæзтытæ. Командæ «Цхинвал» фембæлд турнирон таблицæйы дыккаг бынатыл цæуæг командæ «Щит Осетии»-имæ. Ацы хъазты фæстиуæгыл бирæбæрцæй баст уыд чемпионаты фыццаг бынаты хъысмæт. Уыцы хъуыддаг æмбæрстой футболисттæ дæр. Уымæ гæсгæ карз спортивон тох цыд хъазты рæстæджы. Бирæ хæттыты хæлд цыд хъазты фæтк. Хыгъд байгом кæнын бантыст цхинвайлæгтæн. Фæстæдæр «Щит Осетии»-йы хъазджытæн 11-мет-рон цæфæй фадат уыд хыгъд сæмхуызон кæнынæн, фæлæ хорз ахъазыд «Цхинвал»-ы кулдуаргæс Хацырты Тамерлан. Фембæлды дыккаг æмбисы цхинвайлæгтæн бантыст ноджы иу пурти бакъуырын. Ныр та расгуыхт Бекъойты Ацæмæз. Афтæмæй хъазт фæцис 2:0 хыгъдæй «Цхинвал»-ы пайдайæн. Ныр командæ æрæмбырд кодта 39 очкойы, æмæ йын  дыккаг бынатыл цæуæг командæйæ ис 4 очкойы фылдæр. Чемпионаты кæронмæ ма баззад дыууæ хъазты. Цхинвайлæгты хъæуы иу хъазт рамбулын æмæ уæд суыдзысты чемпионаты уæлахиздзаутæ. «Хъазт рауад тынг æндыгъд. Бантыст нын рамбулын. Æмæ ныр мæ бон у зæгъын, чемпионаты фыццаг бынат кæй никæмæн ратдзыстæм», – банысан кодта «Цхинвал»-ы сæйраг тренер Хъоцыты Сослан.  

***

Уæрæсейы æмбырдгонд командæ райста 2020 азы Европæйы чемпионаты хайад райсыны бар. Чемпионатмæ æвзарæн циклы 8-æм хъазты Черчесты Станиславы сæргълæудæй командæ 5:0 хыгъдæй фæуæлахиз Кипры æмбырдгондыл. Уæрæсейæгтæн ма баззад дыууæ хъазты. 16 ноябры фембæлдзысты Бельгиимæ, 19 ноябры та – Сан-Мариноимæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.