ТУРНИР ШАХМАТТÆЙ

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизыл 75 азы сæххæсты цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд турнир шахматтæй. Сорганизаци йæ кодтой шахматты федераци, «Россотрудничество» æмæ паддзахадон университет. Хайад сæ райстой 25 спортсмены. Ерысты официалонæй байгом кодта шахматты федерацийы президент Саулохты Георги. Æрæмбырдуæвджытæн арфæ ракодта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов.

Турниры хайадисджытæн ма раарфæ кодта паддзахадон университеты ректор Тедеты Вадим.

Уый фæстæ райдыдтой хъæзтытæ. Хæлттæ æппæрсты фæстиуæгæн фыццаг туры фембæлдысты турниры сæйраг фавориттæ Саулохты Георги æмæ Сиукъаты Алан. Республикæйы цæуæг ерысты уыдон æрвылхатт дæр фæтох кæнынц фыццаг бынатыл. Ныр сæ хъазт фæцис æмдыхæй. Уымæ гæсгæ турниры уæлахиздзауы хъысмæт бæрæг цыд иннæ хъæзтыты. Турниры хайад райстой бирæ æвзонг шахматисттæ. Се ‘хсæн уыдысты Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Уыдон ерыстæм æркодта сæ директор Гуссойты Ласко.

«Фыццаг хатт хайад исæм ацы турниры. Тынг æхсызгон мын у кæй æрцыдыстæм, уый. Фæнды мæ хорз бæрæггæнæнтæ равдисын», – загъта Хуыбылты Артур

Карз спортивон тохтæ цыдысты алы партийы дæр. Æрмæстдæр фæстаг хъæзтыты бæрæг æрцыд ерысты уæлахиздзау. Æнтыстджындæрæй йæхи равдыста Сиукъаты Алан æмæ бацахста фыццаг бынат.

Турнир тынг цымыдисон кæй рауад, ууыл дзурæг у уый дæр æмæ дыккаг бынатыл кæй ацыдысты 4 адæймаджы. Уыдон æрæмбырд кодтой æмхуызон очкотæ æмæ се’ппæт дæр майданты аккаг кæй уыдысты, уый тыххæй сын турниры организатортæ нал ауагътой уæлæмхас хъæзтытæ. Уыдон та уыдысты Саулохты Георги, Гæбæраты Ацæмæз æмæ Бибылты æфсымæртæ Марат æмæ Алан.

«Турнир рауад тынг цымыдисон. Хорз ахъазыдысты æвзонг шахматисттæ дæр. Ныридæгæн  хистæр кары адæмæй бирæтимæ хъазынц иу æмвæзадыл æмæ дарддæр дæр бæрзонддæр кæны сæ цæттæдзинад», – банысан кодта РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георги. 

14 азы онг кæуыл цæуы, уыцы шахматистты ‘хсæн та фыццаг ссис Цоциты Ацæмæз, дыккаг бынат бацахста Цоциты Батрадз æмæ æртыккаг та ссис Куыдзеты Александр. Чызджыты ‘хсæн иууыл цæттæдæр разынд Хъотайты Еленæ. Сæ хорз хъазты тыххæй рахицæнгонд æрцыдысты Кокойты Мария æмæ Болататы Заринæ. Паддзахадон университеты студентты ‘хсæн та иууыл хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдыста Пæррæстаты Артур. Приз ма райста ерысты иууыл æвзонгдæр хайадисæг Джыгкайты Артур.

РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георги ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй радон турнир уагъд æрцæудзæн августы мæйы УФ-йы РХИ-йы хæдбардзинад банымайыны цытæн.

НОМАРÆН ТУРНИР ФУТБОЛÆЙ

Цхинвалы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны физикон культурæйы сгуыхт кусæг Габайты Иваны номарæн турнир футболæй. Ерыстæ стыр цымыдис сывзæрын кодтой спортуарзджытæм. Хайад дзы райстой 4 командæйы. Сæйраг призыл тох кодтой Дзау, Ленингор, Знауыр æмæ Цхинвалы районты футболисттæ. Сæ уагæвæрдмæ гæсгæ ерыстæ уагъд цыдысты Олимпион системæмæ гæсгæ. Ерыстæм бакæсынмæ æмæ йæ хайадисджытæ æмæ организатортæн бузныджы ныхæстæ зæгъынмæ æрбацыдысты Габайты Иваны хиуæттæ.

Турнир сорганизаци кодта Цхинвалы районы администраци. Районы спорты хайады сæргълæууæг Тъуриты Тенгиз куыд зæгъы, афтæмæй фæнд кæнынц турнир æрвылазон саразын.

«Габайты Иван стыр хайбавæрд бахаста районы спорты размæцыдмæ. Ахæм адæймæгты нæмттæ рохгонд ма хъуамæ уой. Уымæ гæсгæ Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтангимæ сфæнд кодтам ацы ерыстæ ауадзын», – загъта Тъуриты Тенгиз.  

Хъæзтытæ рауадысты тынг æндыгъд. Финалмæ ахизыны тыххæй фембæлдтыты уæлахиздзауты сбæрæг кæнынæн командæты бахъуыд 11-метрон цæфтæ сæххæст кæнын. Спортивон амонд бахудт Знауыр æмæ Дзауы районты командæтæм æмæ фембæлдысты финалы. Ам та цæттæдæр разындысты Знауыры районы минæвæрттæ æмæ систы турниры уæлахиздзаутæ. Дыккаг бынатыл ацыд Дзауы районы командæ æмæ æртыккаг та ссис Цхинвалы районы командæ.

Бæрæг ма æрцыдысты ерысты хуыздæр хъазджытæ. Сæрмагонд призтæ райстой: кулдуаргæс Цхуырбаты Родион, хъахъхъæнæг Гæджиты Ацæ-мæз, æрдæгхъахъхъæнæг Касаты Георги æмæ размæбырсæг Елбачиты Александр.

Хуриты    Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.