Фæстаг азты нæ республикæйы цы би-рæнымæц арæзтадтæ сырæзт, уыдонæй иууыл ахадгæдæр у хæрзаудæн фонд «Спорт сабырадæн»-ы фæрцы цы спортивон комплекс «Олимп» сырæзт, уый. Ацы объект арæзт æрцыд Аивадон гимнастикæйы абсолютон чемпионкæ, дыууæ хатты дунейы абсолютон чемпионкæ æмæ фондз хатты Европæйы чемпионкæ Алина Кабаевайы хъæппæрисæй. Ирыстонæн ахæм стыр лæвар бакæнын Алина Кабаева сфæнд кодта, 2008 азы августы хæсты фæстæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрцыд æмæ горæты пырхæнтæ йæхи цæстæй куы федта, уæд. Йæ зæрдæ йын тынг бацагайдта спортивон залтæ пырхытæй куы федта æмæ загъта: «Ацы уæззау нывтæ фенгæйæ æз аскъуыддзаг кодтон, цæмæй балæууон Хуссар Ирыстоны цæрджыты фарсмæ æмæ сын Цхинвалы спортивон комплекс саразон».

Куыддæр арæзтад фæцис, афтæ йæ дуæрттæ æрбайгом кодта, нæ республикæйы цæрæг кæстæр фæлтæрæй спортмæ æв-зыгъд чи сты, уыдонæн.

«Олимп»-мæ бахизгæйæ зæрдæ рухс кæны. Æхцондзинад хæссы йæ аив арæзтæй. Залы ис дарæсивæн хатæнтæ. Дыккаг уæладзыджы – дыууæ бассейны, сæ алыварс трибунæтæ спортивон мадзæлттæм кæс-джытæн. Хъæбысхæсты алы хуызæн дæр ис йæхи зал. Иууыл иумæ залтæ сты фараст. Алы залæн дæр  йæхи дарæсивæн хатæнтæ æмæ хинайæнтæ. Æртыккаг уæладзыджы та ис уазæгдон, ам æрæхсæвиат кæнынц, турнирты рæстæджы нæ республикæмæ уазæг-уаты цы спортсментæ æрцæуынц дард рæттæй, уыдон.

Спортивон залтæ ифтонг сты спортивон инвентарæй. «Олимп»-ы директор Табуты Роберт куыд зæгъы, афтæмæй тренертæ спорткомплексы къухдариуæгадмæ рæс-тæгæй  рæстæгмæ æрбавдисынц, цух цы спортивон инвентарæй æййафынц, уыцы номхыгъд æмæ сæ, зæгъгæ, мах  самал  кæнæм.

 Уый ма загъта, «Олимп»-ы цы спортивон секцитæ ис, уыдон сæ куыст сног кæндзысты сентябры мæйæ, сæрдыгон улæфтыты фæстæ, стæй дзы бирæтæ вæййынц сборты.

«Олимп»-ы ныртæккæ тренировкæ кæнынц æрмæстдæр гимнасттæ, уымæн æмæ сентябры уыдон хайад райсдзысты Уæрæсейы гимнастикæйы фестивалы. Спортивонкомплексы директор куыд зæгъы, афтæмæй ахæм фестивалтæм аивадон гимнастикæйы федерацийы минæвæрттæ сæ хъомылгæнинæгтимæ хуынд æрцæуынц æрвылаз дæр  æмæ  æрвылхатт дæр бацахсынц призон бынæттæ. Фæстæ нæ лæууынц алыгъуызон ерысты спорты иннæ хуызты архайæг спортсментæ дæр. Уæззау атлеттæ, боксертæ, каратисттæ æмæ дзюдойæ секциты архайæг спортсментæй 2019 азы бирæ систы ерысты уæлахиздзаутæ лæвæрд сын æрцыд спорты мастертæм кандидатты нæмттæ.

Спорткомплексы къухдариуæгад куыд зæгъы, афтæмæй уыдон сæ разы æрæвæрдтой дыууæ нысан: хъуамæ «Олимп»-ы бæстыхайæ хъомыл кæной фидæны чемпионтæ. Уыимæ иумæ ма сæ фæнды, цæмæй спортыл хæст уой, гæнæн уæвгæйæ, фылдæр сывæллæттæ. Спорт æмæ æнæниз цардуаг та хъуамæ уой æнцонвадат. Уыимæ алы ныййарæг дæр архайа, цæмæй йæ сывæллон цайдагъ кæна спортыл.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.