Спорт адæймаджы царды у æнæмæнгхъæуæг фæрæз, куыд кæстæр фæлтæрæн, афтæ хистæр кары адæмæн дæр, уымæн æмæ уый бирæбæрцæй æндавы æнæниз фæлтæр схъомыл кæныныл. Ацы хъуыддаг нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид хорзыл кæй нымайы, уымæ гæсгæ физикон культурæ æмæ спорт райтынг кæныны концепцийы фæлгæтты биноныг цæуы «Спорт в шаговой доступности»-йы программæ. Куыд уынæм, афтæмæй ацы программæйы руаджы нæ горæты бирæ районты, уынгты арæзт цæуынц æмæ бирæ тренажерон залтæ ифтонг æрцыдысты спортивон инвентарæй. Тренажерон залты æхсызгонæй сæ сæрибар рæстæджы тренировкæ кæнынц алы кары минæвæрттæ, афтæ ма сылгоймæгтæ дæр.

Иу ахæм зал арæзт æрцыдис нæ горæты Гаглойты Хазбийы уынгыл (раздæры Тельманы уынг). Горæты ацы уынгмæ хæстæг цæрæг фæсивæдæн ныр фадат ис сыгъдæг æмæ хæрзарæзт æнæмæнгхъæуæг тренажертæй ифтонг залы тренировкæ кæнынæн.

Ацы тренажерон зал арæзт æрцыд дæс азы размæ фæсивæдæн сæхи тыхтæй. Фæлæ дзы алцы æмбæлон æмвæзадыл нæ уыд, хъуыд æй цалцæг кæнын æмæ дзы фаг тренажертæ дæр нæ уыд. Сæ уавæримæ базонгæ уæвыны фæстæ «Спорт в шаговой доступности»-йы программæйы фæлгæтты æрæвнæлдтой ацы зал цалцæг кæнынмæ. Ифтонг æрцыдис спортивон инветарæй дæр.

Ныртæккæ Гаглойты Хазбийы уынгыл уæвæг спортивон залы иумиаг уавæримæ базонгæ кæныны тыххæй 19-æм октябры нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид бацыд йæ бабæрæг кæнынмæ. Бынаты йыл æхсызгонæй сæмбæлдысты ацы районы фæсивæды минæвæрттæ. Тренажерон залы куысты иумиаг уавæримæ йæ базонгæ кодта Гобозты Тамерлан. Азылдысты хæрзарæзт залы хатæнты, нæ республикæйы сæргълæууæг федта алцыдæр йæхæдæг. Кæд ацы залы тренировкæ кæнынæн æппæт уавæртæ дæр арæзт æрцыдысты, уæд – дæр ма тыхсынц иу хъуыддагыл, хи найыны тыххæй сæм хъарм доны системæ арæзт кæй не ‘рцыдис, ууыл. Уый тыххæй дæр сын ныфс бавæрдта Тыбылты Леонид.

Стæй нæ республикæйы сæргълæууæг æрæмбырдуæ-вæг фæсивæды минæвæртты раз загъта йæ хъуыдытæ:

– Куыд æй зонæм, уымæ гæсгæ нæ горæты микрорайонты ацы тренажерон залтæ арæзт цæуынц, Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорт райтынг кæныны концепцийы фæлгæтты цы прграммæ биноныг цæуы «Спорт в шаговой доступности», зæгъгæ, уый руаджы. Тренажерон залтæ ма арæзт цæудзысты нæ республикæйы районты дæр, уый та ахъаз кæндзæнис нæ адæмы фылдæр хайы сппорт æмæ физикон культурæйы архайынæн. Уый та хорзæрдæм æндавдзæн се ‘нæниздзинадыл. Фæсивæд дæр сæ сæрибар рæстæг дзæгъæлы нæ сафдзысты.

Махæн та нæ фæнды ис нæ республикæйы спорты нысаниуæг ноджы бæрзонддæр æмвæзадмæ сисын. Куыд æй зонæм, уымæ гæсгæ нæм спорты къабазы ис стыр æнтыстытæ, æмæ сæ мах стæм сæрбæрзонд. Уыдонæй æрæджы сæ иу – Рæмонты Сосланы æнтыстытыл фæцин кодтам зæрдиагæй. Ацы залы архайæг кæстæртæ дæр, чизоны, фидæны чемпионтæй басгуыхой. Уымæ гæсгæ се ‘ппæтæн дæр мæ зæрдæ зæгъы стыр спортивон æнтыстытæ.

Гаглойты Хазбийы уынгмæ æввахс цæрджыты номæй Президентæн бузныджы ныхæстæ загъта Гобозты Тамерлан спортивон зал саразынæн сын кæй баххуыс кодтой, уый тыххæй. Бæстонæй ма сын æрдзырдта сæ тренировкæты графикы тыххæй. Банысан ма кодта æдæппæт дзы кæй тренировкæ кæны 50 адæймаджы бæрц, уыдоны ‘хсæн ис сылгоймæгтæ дæр. Уый та уæлдай хорз хъуыддаг у æвзонг фæсивæдæн, сæ сæрибар рæстæг нысанмæздæхтæй кæй æрвитынц, уый тыххæй.

* * *

Уæлдæр æй куыд загътам, уымæ гæсгæ ахæм тренажерон залтæ арæзт æрцыдысты нæ горæты бирæ микрорайонты. Иу ахæм зал ма ацы бонты байгом ис Гуыбиаты æфсымæрты уынгыл (раздæры Комаровы уынг). Ацы тренажерон зал дæр рагæй уæвынад кодта ацы районы цæрджыты тыхты руаджы. Фæлæ 2008 азы хæсты рæстæджы йыл стыр хæцæнгæрзты нæмгуытæ кæй сæмбæлдысты, уымæ гæсгæ ныппырх ис. Уый дæр та ногæй арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорт райтынг кæныны концепцийы фæлгæтты арæзт программæ «Спорт в шаговой доступности»-мæ гæсгæ. Ацы микрорайоны дæр ахæм зал æнæмæнгхъæуæг у, уымæн æмæ дзы бирæ ис спортмæ æвзыгъд фæсивæд.

Тренажерон зал куыд æрцæттæ ис, куыд дзы цæуынц тренировкæтæ, уый та нæ Президент Тыбылты Леонид бабæрæг кодта 20-æм октябры. Уыдон бынаты федтой ног арæзт спортивон зал. Ам дæр сыл фембæлдысты «ЦАРЗ»-ы микрорайоны иу хай æмæ фæсивæды минæвæрттæ. Залы арæзты тыххæй республикæйы сæргълæууæгæн радзырдта Гæззаты Инал.

Фæсивæды минæвæрттæн сæ зæрдæ барухс ис залыуæвæг спортивон инвентарæй, фæлæ ма сæ тыхсын кæны, залы фæзуат бынтон къаннæг кæй у, уый.  уæддæр дзы куыддæрты сæ куыст кæнынц. Уый тыххæй бахатыдысты нæ республикæйы Президентмæ. Залмæ ныртæккæ тренировкæ кæнынмæ цæуынц 30 адæймагæй фылдæр. Фæлæ сæ нымæц сæрдыгон улæфт бонты фæфылдæр уыдзæн, сæ фæсивæдæй æндæр горæтты дæр кæй ахуыр кæнынц, уымæ гæсгæ.

«ЦАРЗ»-ы микрорайоны цæрджытæ ма бахатыдысты нæ республикæйы сæргълæууæгмæ ахæм фæндонимæ: сæ чысыл сабитæ кæм хъазой, хистæр фæлтæр сæ рæстæг кæм æрвитой, ахæм уæгъд бынат сын кæй нæй, уымæ гæсгæ сæ фæнды, цæмæй сын чысыл парк саразынæн сæ районы территорийыл рахицæнгонд æрцæуа бынат.

Спортивон залмæ æрбацæуджытæ ма Президентæн загътой, сæ микрорайонмæ фæндаг æвзæр уавæры кæй ис, уый тыххæй. Уыдонæн Президент Тыбылты Леонид радта ахæм дзуапп, зæгъгæ, ацы фæндаджы арæзтад хаст æрцыд 2017 азы Инвестицион программæ-мæ, æмæ йыл кусын райдайдзысты ног азы январы мæйы, æмæ арæзт фæуыдзæн æртæ мæйы æмгъуыдмæ

Ацы микрорайоны фæсивæд нæ республикæйы Президентæн загътой бузныджы ныхæстæ æмæ ма æхсызгонæй банысан кодтой, ацы аз Бразилийы уагъдцæуæг Олимпион хъæзтыты чемпион не ‘мзæххон Рæмонты Сослан дæр сæ микрорайоны кæй схъомыл ис, уый. Уымæ гæсгæ сын нæ Президент дæр йæ арфæйы ныхæстæ загъта, зæгъгæ, Сосланау сымахæн дæр спорты стыр æнтыстытæ уæт. Афтæ ма нæ Президент ноджы банысан кодта, зæгъгæ, йын æхсызгон у программæ «Спорт в шаговой доступности» уæрæхæй реализаци кæй цæуы.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.