Цæмæй республикæйы цæрджытæ спорт уарзой, цæмæй спортивон мадзæлтты фылдæр архайой, уый тыххæй арæзт цæуынц æмбæлон уавæртæ.

Æппæт республикæйы дæр цалцæггонд æмæ арæзт цæуынц спортивон объекттæ. Нывылдæр кæны скъолаты спортивон залты уавæр. Залты æвæрд æрцыдысты нырыккон спортивон ифтонггæрзтæ.

Ацы хъуыддаджы хорз цæвиттон æвдисынц хицæн адæймæгтæ дæр. Цæвиттон, РХИ-йы Парламенты депутат Мулдарты Гарри йæхи хъæппæрисæй кæм цæры, уыцы «Текстил»-ы районы сарæзта нырыккон спортивон зал. Уымæй стыр лæвар бакодта, спорты хицæн хуызты архайынмæ чи тырныдта, фæлæ ныронг ахæм фадат кæмæн нæ уыд, уыцы фæсивæдæн. Афтæмæй сæххæст рæзгæ фæлтæры бæллиц — уыдон ныр зæрдиагæй архайынц спортзалы. Уый тыххæй бузныг зæгъынц Гарийæн.

«Нæ кæстæртæн аккаг уавæртæ аразгæйæ, зæрдæ дарæн уыдзæн, æнæниз фæлтæр кæй схъомыл кæндзыстæм, ууыл. Уымæ гæсгæ нæ хæс у æмæ алцыдæр араздзыстæм, цæмæй нæм хъомыл кæной фидæны чемпионтæ. Æмæ кæд алчи чемпион не суыдзæн, уæддæр фæсивæд цайдагъ кæндзысты æнæниз цардуаг кæныныл. Уымæ гæсгæ нæ кæстæртæн спорт хъуамæ суа æнæниз цардуаджы нысан», — дзуры Гарри.

Спортивон объектты нымæц кæй рæзы, канд уый нæ, фæлæ спортивон ерыстæн сæ æмвæзад дæр кæй бæрзонддæр кæны, уый у æхсызгон хъуыддаг.

Не ’хсæн бирæ ис, нæ сæртæ бæрзонд кæмæй хæссæм, ахæм спортсментæ. Тынг æнтыстджынæй сæхи æвдисынц, се ’нæниздзинады уавæрмæ гæсгæ сæ авналæнтæ цыбыр кæмæн сты, нæ уыцы спортсментæ. Сæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, размæ цæуынц, тырнынц, æмæ сын хъæуы ноджы уавæртæ аразын канд тренировкæтæ кæнынæн нæ, фæлæ царды уавæртæ дæр. Ацы лæппутæ æмæ чызджыты фидар удыхъæд, сæ зæрдæйы уаг хъуамæ уой дæнцæг кæстæртæн.

Спорты тыххæй дзургæйæ, хъуыды кæнын хъæуы канд æнæниздзинадыл нæ, фæлæ фидар удыхъæдыл дæр. Сæйраг æргом здахын хъæуы сæ хъомыладмæ, удыхъæды хуыздæр миниуджытæй сæ хайджын кæнынмæ. Уый у алы тренерæн дæр йæ хæс. Чемпион алкæмæй нæ рауайы, фæлæ алчидæр хъуамæ суа йæ дуджы аккаг адæймаг.

ДРИАТЫ Лейлæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.