РИА Новости куыд фехъусын кодта, афтæмæй 11 майы Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстоны æдзухæй цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты пенсион ифтонгады фæдыл Сразыдзинады ратификацийы тыххæй закъоныл.

Сразыдзинады развæлгъау нысан æрцыд, зæгъгæ, фæдзæхстон пенситæ æмæ паддзахадон пенсион ифтонгады пенситæ  нысан æмæ лæвæрд цæудзысты, æдзухæй Хуссар Ирыстоны территорийыл чи цæры æмæ Уæрæсейы территорийыл регистраци чи нæу, Уæрæсейы Федерацийы уыцы æмбæстæгтæн. Пенситæ лæвæрд цæудзысты Уæрæсейы закъондæттынады банысангонд фæтк æмæ уавæртæм гæсгæ.

Ӕмбæлон документты развæлгъау нысан æрцыд, зæгъгæ, ацы Сразыдзинад ахъаз уы-дзæн, Хуссар Ирыстоны цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты пенситæ Цæгат Кавказы федералон зылды астæуккаг пенсийы онг скæнынæн.

Сразыдзинады развæлгъау нысан æрцыд, зæгъгæ, пенситæм бафтауыны бар нæ уыдзæн, адæймаг куы амæла, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийæ æндæр паддзахады территоримæ æдзух цæрынмæ куы ацæуа, кæнæ Уæрæсейы æмбæстагдзинад куы фесафа, уæд.

 

ХУССАР ИРЫСТОНЫ ЦÆРÆГ УÆРÆСЕЙАГ ÆМБÆСТÆГТÆН ФÆФЫЛДÆР УЫДЗЫСТЫ СÆ ПЕНСИТÆ

Йæ тыхы бацыд, Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзухæй цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты пенсион ифтонгады фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн цы Сразыдзинад арæзт æрцыд, уый. Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны минæварады пресс-службæ.

2017 азы 12 майы кæрæдзимæ лæвæрд æрцыдысты  Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзухæй цæрæг уæрæсейаг æмбæстæгты пенсион ифтонгады фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн 2016 азы 25 ноябры арæзтæрцæуæг сразыдзинады ратификацийы тыххæй грамотатæ.

Грамотатæ кæрæдзимæ радтыны церемони уыд Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг   хъуыддæгты министрады Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр æмæ Статс-секретарь Уæрæсейы Федерацийы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министры хæдивæг Григори Карасины хайадистæй.

«Сразыдзинады руаджы Хуссар Ирыстоны æдзухæй цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты пенситæ фæфылдæр уыдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды астæуккаг пенситы онг», – бамбарын кодтой дипломатон минæварады.

Ацы Сразыдзинад сратификаци кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент 2016 азы 29 декабры æмæ Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырд 2017 азы 3 апрелы æмæ йæ тыхы цæуы, ратификацийы грамотатæ кæрæдзийæн лæвæрд куы æрцыдысты, уыцы бонæй, – банысан кодтой минæварады пресс-службæйы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.