Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ирон адæмæй бирæ цардхъуаг сахъгуырдтæ фæхъуыд. Æвæццæгæн, Ирыстоны нæ баззад иу ахæм хæдзар, æвыдæй чи аирвæзт. Цас æмæ цас цардмондаг адæймæгтæ кæсынц ингæнты дуртæй, мемориалтæй. Кæй зæрдæ нæ ныккæрздзæн ахæмтæй, иу хæдзарæй дыгæйттæ, æртыгæйттæ æмæ ма суанг æвдгæйттæй дæр куы разынынц.

72 азы рацыд, Уæлахизæй, фæлæ абон дæр агурынц æбæрæг сæфт хæстонты сæ хъæбултæ, сæ хъæбулы хъæбултæ…

Ивгъуыд æнусы ирон интеллигенцийы хуыздæр минæвæрттæй иу уыд Куымæридтаты Кима. Йæ цард æгасæй дæр нывондæн æрхаста рухсады хъуыддагæн. Уый уыд Сталиниры фыццаг скъолайы директор. Ацы кадджын æмæ уæздан лæг схъомыл кодта æртæ лæппу æмæ иу чызджы. Уыдонæй дыууæ, – зæнæджы хистæр Александр æмæ йæ кæстæр фырт Хазби ацыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ, фæлæ нал æрыздæх-тысты уырдыгæй, æбæрæг сæфт фесты.

Куымæридтаты Кимайы астæуккаг фырт Порайы чызг Земфирæ йæ бинонты трагедийыл дзургæйæ афтæ загъта: «Мæ кадджын дада Кима уыд уæздан æмæ куыстуарзаг адæймаг. Æз къаннæг уыдтæн, цыдаид мыл 10-11 азы. Хиуылхæцгæ уыд, фæлæ-иу йæ æдзард фыртты куы æрымысыд, уæд-иу ставд цæссыгæй фæкуыдта. Стæй та-иу æрымысыд йе ‘взонджы бонтæ, Ручъы скъолайы кусгæйæ куыд базонгæ ис разагъта, хъæздыг хæдзарвæндаг Плиты Джанаспъийы чызг Машоимæ. Уыд, дам, рæсугъд чызг, æвзыгъд зарынмæ, кафынмæ, фæндыр цæгъдынмæ. Хъæздыг хæдзарвæндагæй уыд æмæ йæ йæ фыд мæгуыр ахуыргæнæгæн нæ лæвæрдта. Фæлæ æвзонг уарзæттæ Рукъæй ралыгъдысты Дзаумæ, уым сæ цард баиу кодтой. Джанаспи хъоды бакодта йæ чызгыл. Фæстæдæр Машо зарæг дæр скодта йæ хабарыл æмæ-иу æй арæх зарыд йæхæдæг хиуæттæн. Уыцы рæстæджы мæ дада Кима æхсæнадон куыст кодта Ирыстоны алы къуымты, сывæллæттæ та-иу фылдæр мæ фыды мад Машойы æвджид уыдысты. Иуахæмы Леуахи тынг раивылд æмæ æрдæгæхсæв хæдзæрттæм бакалд. Машо хæдзары уыдис иунæгæй. Уый сывæллæтæн тæрсгæйæ, æнæхъæн æхсæв доны арвыста. Сывæллæтты фервæзын кодта, фæлæ йæхи уазал бацыд æмæ рæуджыты низæй амард. Кима, кæй зæгъын æй хъæуы, тынг фæмаст кодта. Мæнæн-иу арæх дзырдта Машойы æнгæс кæй дæн, мæ уроктæ-иу мын куы амыдта, уæд-иу мын мæ сæр лæгъз кодта, афтæмæй. Фондз азы дæргъы йæхæдæг иунæгæй хъомыл кодта сабиты. Фæлæ стæй æркодта бинонтæ – Харебаты Раисæйы. Харебаты Исахъимæ иу хæдзарвæндагæй уыдысты. Харебиан разындис диссаджы адæймаг. Уы-мæн йæхицæн зæнæг нæ рацыдис, фæлæ хи хъæбулты хаст фæкодта Кимайы зæнæджы, тынг сæ уарзта, тынг æй уарзтой се ‘ппæт дæр. Ракодта сæ рухсмæ, се ‘ппæтæн дæр уæлдæр ахуырад радтой Кима æмæ Раисæ», – дзырдта мын Кимайы хъæбулы хъæбул Земфирæ.

Куымæридтаты Кимайы хуызæн лæджы сывæллæттæ æнæахуыр куыд хъуамæ уыдаиккой. Хистæр лæппу Александр уæлдæр ахуыр райста горæт Горькийы арæзтадон институты æмæ Сталиниры педагогон институты, дыууæйы дæр фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. 1938 азы куыста Хуссар Ирыстоны спорткомитеты лагеры хистæрæй, фæскомцæдисы обкомы бæрнон бынæтты. Куысты дæр, бинонты ‘хсæн æмæ адæмы ‘хсæн дæр йæ фыд Кимайау уыд уæздан æмæ куыстуарзаг адæймаг. Фæскомцæдисы обкомы кусгæйæ, ацыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ. Баззад ын иунæг чызг Дона-рæ (дзæнæты бадæт), кæцы 1961 азы æнтысгæйæ каст фæцис Мæскуыйы Данченкойы номыл театралон студи æмæ бирæ азты фæкуыста актрисæйæ æмæ радиойы дикторæй.

Александрæн ма йемæ Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ ацыд йæ кæстæр æфсымæр, спорты мастер Хазби дæр. Уый та райгуырд 1916 азы. Фæ-цис Мæскуыйы уæлдæр ахуыргæ-нæндон. Хæсты райста капитаны ном, командæ кодта ротæйæн.

Дыууæ æфсымæры дæр фесты æбæрæг сæфт. Сæ фыд сæ мæтæй улæфын дæр нæ фæрæзта. Тынг хъынцъым кодта, йæ зæнæджы хистæр æмæ кæстæр сæ райгуырæн сыджытыл æнцой кæй не ссардтой.

Куыд зонæм, афтæмæй цалдæр азы размæ интернет ресурсты фæрцы фæзынд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы æбæрæгæй чи фесæфт æмæ йæ хиуæттæ кæй агурынц, ахæм сайт. Ам, волонтерты æххуысæй бæстæйы алы къуымтæй 60-70 азы дæргъы сæ хæстæг – хиуæттæй æбæрæгæй сæфтыл нымад чи уыды-сты, уыдонæй бирæты ссардæуыд.

Ныртæккæ ма Куымæридтаты Кимайы номыл нæ горæты цæры йæ æртыккаг фырты чызг Куымæридтаты Земфирæ, кæцы бирæ азты кусы Национ банджы. Уый дæр, йæ номдзыд цæгатау, у йæ адæмæн лæггадгæнæг. Растдæр уый æмæ йе ‘фсымæр Ботаз, кæцы цæры Сочæйы, сфæнд кодтой сæ дыууæ зынгхуыст фыды æфсымæрты ингæнтæ бацагурын волонтерты руаджы.

«Æбæрæг хæстонты агурыны» сайттæй сæм дзуапп æрцыд: «Куы-мæридтаты Александр карз тохты фæмард 24 июны 1944 азы Беларусийы, Гомелы областы Октябры районы Пружиницæйы хъæуы. Ныртæккæ та йæ ном фыст ис Любаны хъæуы уæлмæрды мемориалон комплексы».

Кæй зæгъын æй хъæуы, дæсгай азты фæстæ уыцы информаци базонынæй хо æмæ æфсымæры зæрдæ барухс.

Цалынмæ сæхицæн фадат фæзына, сæ фыдыæфсымæр кæм æнцойад кæны уыцы сыджыты сæ къухы уырзтæй алæгъзытæ кæной, уæдмæ уал Беларусийы не ‘мтуг ирæттæй ссардтой ахæм адæймаг, кæцы алы  9-æм майы дæр бацæуы æмæ дидинджытæ сæвæры Куымæридтаты Александры ингæныл.

Иугæр сæ фыды хистæр æфсымæр Александр разынд, уæд тынгдæр цымыдисимæ агурын райдыдтой Хазбийы дæр. Æмæ та мæнæ ног æнтыст: æрæджы Земфирæмæ фæдзырдта Хазбийы чызг, уый дæр ссардта йæ фыды ингæн. Хазби та уæззау цæф фæцис 1942 азы Сталинграды. Уымæн та йæ ингæн ис хутор Варонийы.

Фыдæлты фарнæй алчи иугъуызон хайджын нæ вæййы. Чи къаддæр, чи фылдæр. Земæ æмæ Ботаз сæ разагъта фыды фыд Куымæридтаты Кимайы фарнæй хайджын фесты. Уал азы фæстæ ссардтой сæ дада уæл-хъæдæй цы мастæй хус кодта, уыцы зынгхуыст хæстонты ингæнгтæ. Нырт та сæ бæллиц у, уыдон ингæнтæм ацæуын æмæ сын сæ сыджытыл ди-динджытæ сæвæрын.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.