22-æм июны нæ горæты Кады аллеяйы Æнусон арты раз уагъд æрцыд акци «Мысæн цырагъ», Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи фæмард ис, уыдоны рухс нæмттæ арыны нысанæн.

Акцимæ æрбацыдысты нæ республикæйы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, министрадты æмæ ведомствоты минæвæрттæ, афтæ ма  республикæйы цæрджытæ. Уыдон дидинджытæ æмæ веноктæ сæвæрдтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты цыртыл, сæ рухс нæмттæ ссарыны охыл ма ссыгътой цырæгътæ.

Мадзаламонæг – Уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты ассоциацийы президент Тедеты Залинæ йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Фыдыбæстæйон хæсты фæмард ис 26 милуан адæймагæй фылдæр.

«Мах та радон хатт мысæм Стыр Фыдыбæстæйон хæст, цæмæй нæ царды сæрвæлтау сæ удтæ чи радтой, уыдоны нæмттæ ссарæм.

1941 азы 22-æм июнь у иууыл уæззау æмæ тæссагдæр бон, уымæн æмæ ацы бон Советон Цæдисы бирæ милуан цæрæг адæмæн сæ фидæны фæндтæ фехæлдысты.

Сæрдыгон улæфтытæ, фæлварæнтæ, чындзæхсæвтæ… æппæт сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты.

Советон Цæдис æнхъæл нæ уыдис Герман æнæнхъæлæджы кæй æрбабырсдзæн, уый, бадзырд сын кæй уыдис, уымæ гæсгæ. Фæлæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фыццаг бон марын райдыдтой адæмы. Уыдон уыдысты 1418 тугкалæн боны. Не ‘мбæстæгтæй уыцы хæстмæ ацыд 21736 мин адæймаджы. 11711 хæстоны мæлгæ акодтой, 7 мин адæймаджы та æбæрæгæй фесæфтысты. Абон, 1652 хæстоны та ссардтой сæ ингæнтæ æмæ сæ номыл судзæм номарæн цырæгътæ», – загъта Тедеты Залинæ.

Тедеты чызг ма банысан кодта, ацы хæсты фæмардуæвджытæн сæ нæмттæ рох кæй никуы уыдзысты, цалынмæ зæххыл цард уа, уæдмæ.

«Махæй уыцы тæссаг хæсты  макуы хъуамæ ферох уа æмæ йæ нæ кæстæртæн дæр хъуамæ амонæм, цæмæй йæ уыдон дæр зоной», – загъта Тедеты Залинæ.

Акцийы хайадисджытæ ма Фыдыбæстæйон хæсты фæмардуæвджыты рухс нæмттæ ссардтой иу уысм æмырæй алæууынæй.

Ацы бон бирæ горæтты уагъд æрцæуы номарæн акцитæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.