Хуссарирыстойнаг лæппу, ныр Цæгат Ирыстоны Горæтгæрон районы Ирыхъæуккаг, 1987 азы гуырд Дыгъуызты Малхаз, автомашинæ скъæргæйæ, бахауд автомобилон бæллæхы æмæ… йæ къæхтыл нал слæууыд, ницы хостæ йын феххуыс сты. Абон бады инвалидон коляскæйы.

Малхаз тренировкæтæ кæнын райдыдта армхæстæй æмæ йæхиуыл куы баууæндыд, уæд ерысты архайын райдыдта. Сахъат чи у, уыдоны ‘хсæн ерысты нæ республикæйы дыууæ хатты бацахста фыццаг бынæттæ. Ацы азы райдианы Мæскуыйы армхæстæй уагъд цыд Уæрæсейы чемпионат армрестлингæй сахъат адæймæгты ‘хсæн, æмæ та Дыгъуызы фырт уырдыгæй Ирыстонмæ æрхаста сыгъзæрин майдан – ссис Уæрæсейы чемпион.

Дарддæр йæ фæндаг уыд Европæйы чемпионатмæ. Уый уагъд æрцыд ацы мæйы Польшæйы. Малхаз ацыд  йæ тренер Лелаты Тотрадзимæ. Финансон æххуыс ын бакодта Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министр Гассеты Ибрагим (Малхаз ацы министрады службæ кодта).

Малхаз фембæлд туркаг чемпионимæ æмæ йæ къухы бафтыд уæлахиз. Ссис Европæйы чемпион æмæ та нæм уæлахиздзауæй æрыздæхт. Йе ‘нтыстыл ын фæцин кодтой йæ бинонтæ, æмбæлттæ – спорт чи уарзы, уыдон.

Дыгъуызты Малхаз ныр йæхи цæттæ кæны инвалидты ‘хсæн æрмхæстæй дунеон чемпионатмæ. Уый уагъд цæудзæн ацы аз сентябры мæйы. Дунейы чемпион цы суа, уый йын уарзы нæ цæст!

ГАССИТЫ Моисей

Къамы: Дыгъуызты Малхаз (галиуæрдыгæй)

æмæ йæ ныхмæлæууæг туркаг чемпион

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.