26 декабры æхсæвы Цхинвалы центры ссыгъд Toyota Land Cruiser Prado маркæйы машинæ. Машинæ сыгъд цалдæр минуты, уый фæстæ айхъуыст йæ срæмыгъды уынæр.

Уый фæдыл Цхинвалы Мидхъуыддæгты управленимæ фехъусынчындæуыд, Сталины уынджы, кафе «Vincenzo»-йы цур, зæгъгæ, ссыгъд машинæ. Цауы фæдыл цыд слестгæнæн куыстытæ. Бакæнгæ куыстыты фæстиуæгæн рабæрæг, машинæйы хицау кæй у кафе «Vincenzo»-йы хицау Уалыты Альберт. Æвдисæнтæ цы зонæнтæ радтой мидхъуыддæгты органты кусджытæн, уымæ гæсгæ машинæ райдианы ссыгъд, уый фæстæ, дам, æваст спырх.

Машинæйы хицау йæхæдæг куыд фехъусын кодта, афтæмæй «Ацы цауæн нæй криминалон бындур. Уыцы цау систой, ам хæстæг цы видео-цæстдарæнтæ æвæрд ис, уыдон дæр. Уавæр æвзарынц барадхъахъхъæнæг органтæ дæр. Машинæ лæууыд театры бæстыхайы раз. Уыцы рæстæджы мæхæдæг уыдтæн хæдзары сывæллæттимæ, машинæ та радтон кафейы кусджытæй иумæ. Куыстмæ цæуынмæ хъавыдтæн, афтæ мæм æрбадзырдтой æмæ мын фехъусын кодтой машинæйы басыгъды тыххæй», – зæгъы Уалыты Альберт.

Зынгæ амалиуæггæнæг фехъусын кодта журналисттæн, ацы цауы тыххæй кæй фехъуыста алыгъуызон верситæ, фæлæ йæхæдæг нымайы, машинæ кæй басыгъд æнæнхъæлæджы, ис гæнæн æмæ цавæрдæр техникон хъæндзинæдты аххосæй.

Уый ма загъта, машинæйы хуылфы кæй басыгъдысты паспорттæ æмæ хъуыддагон гæххæттытæ.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.