Хуссар Ирыстоны автономон областы облæххæсткомы структурæмæ Гуырдзыстоны ССР Совмины уынаффæмæ гæсгæ 1975 азы фыццаг хатт баконд æрцыд паддзахадон стандарт ахæм номимæ «Паддзахадон лабораторийы стандарттæ æмæ барыны фæрæзтæ». 1985 азы лаборатори рацарæзт æрцыд «Стандартизаци, метрологи æмæ сертификацийы центрæй». 2009 азы та ивд æрцыд æмæ сырæзт Республикæ Хуссар Ирыстоны Экономикон размæцыды министрады цур «Стандартизаци, метрологи æмæ сертификацийы управлени»-йæ. 2012 азы Управлени раивдæуыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны стандартизаци æмæ метрологийы комитет»-æй. Афтæ ацы организацийы сырæзтыл ацы аз сæххæст 10 азы. Комитеты сæрдар у йæ хъуыддаджы арæхстджын разамонæг Цхуырбаты Зауыр. Комитет кусы æмæ архайы республикæйы Конституци, закъæттæ æмæ барамындты, афтæ ма Стандартизаци æмæ метрологийы Уагæвæрдты бындурыл.

Комитеты архайды бындурон здæхтытæ сты паддзахадон контроль æмæ цæстдард, техникон регламенттæ æмæ стандарттæ, нæ алфæмбылай дуне хъахъхъæнын, фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнын æмæ афтæ дарддæр. Комитет скъуыддзаг кæны мадзæлттæ республикæйы фæлхасгæнджыты æмæ экономикон интерестæ хъахъхъæныны, товарты æдасдзинады домæнтæ æххæст кæнгæйæ.

Уыимæ иумæ ацы управлени йæ архайд æххæст кæны паддзахадон хицауады æндæр ор-гантимæ, бынæттон органтæ, æхсæнадон баиугæндтæ æмæ æндæр организацитимæ. Стандартизаци æмæ метрологийы комитет йæ хæстæ скъуыддзаг кæны ахæм структурон дæлхайадты скондæй, куыд контролон-цæстдарды хайад (йæ хистæр у Хъуылымбегты Оксанæ), стандартизаци æмæ метрологийы хайад (йæ хистæр у Саулохты Фатимæ), хæлцадон продуктты фæлварæн хайад (йæ хистæр у Уалыты Ритæ) æмæ арæзтадон æрмæджыты хайад (йæ хистæр у Джиоты Марат). Кусджыты нымæц та у 22 адæймаджы.

Финанс кæныны гуырахст фадат нæ дæтты хъомысады æппæт хæстæ, функцитæ æмæ домæнтæн, фæлæ уыдæттæм нæ кæсгæйæ Хицауадæй цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн чындæуыд, уыдонæй æлхæд æрцыд фыццаградон прибортæ æмæ фæлындзынад. Уый та фадат радта контролон цæстдарды архайд рауæрæх кæнынæн. Фæлæ зæгъын хъæуы, уæддæр техникон базæйы комплекттæй фаг ифтонг кæй не сты. Уымæ гæсгæ сын фадат нæй нефты продукттыл контроль кæнын, æнæниздзинад хъахъхъæнын, ветеринари æмæ æнд. Æнæуый та комитеты кусджытæ тырнынц куысты уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, цал-цæг æрцыдысты хæлцадон продукттæ æмæ арæзтадон æрмæджытæн сæ фæлварæн лабораторитæ, метрологийы кабинеттæ, сфæрæз ма кодтой иуæй-иу фæлындзынад, инвентарь. Хуыздæр кæны республикæйы цард бонæй бонмæ. Бынæттон хæлцадон продукци æмæ арæзтадон æрмæджыты рауагъд хуыздæр кæны æмæ уымæ гæсгæ ра-уæрæх комитеты архайды сферæ. Фæлварæн хайæдтæн уагъдæуы иртасæнтæ ахæм фæдыздæхтыты, куыд хæлцадон продукттæн, арæзтадон æрмæджытæ æмæ метрологийæн.

Æнтыстыты æмрæнхъ нырма ис скъуыддзагкæнинаг проблемæтæ дæр нормативон-барадон базæйы. Уымæ гæсгæ йæ æххæст бартæ реализаци кæныны бындуронæй разамынд кæны УФ-йы закъондæттынадон базæйæ. Фæлæ Цхуырбайы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй уыдон кусынц уыцы фæдыздæхтыл æмæ абоны бонмæ райстæуыд цалдæр нормативон-барадон акты. Комитет йæ æххæст бартæ реализаци кæныны нысанæн юридикон æмæ физикон адæймæгтæн дæтты амындтытæ йæ сферæйы архайды, афтæ ма æмбæстæгты химæ исын, æркæсы сын сæ хъуыдытæм æмæ сын радты æмбæлон дзуаппытæ.

Комитеты ма тынг тыхсын кæны, кæй сты завод «Эмальпровод»-ы бæстыхайы æмæ уый та дзуапп нæ дæтты æппæт домæнтæ реализаци кæнынæн. Йæ разамынд æмæ кусджыты ныфс ис, сæ проблемæ тагъд рæстæджы скъуыддзаг кæй æрцæудзæн, уымæй.

Хуыбиаты Никъала