Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад расидыны акт райсыны боны цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд дунеон турнир стъолы теннисæй. Ерыстæ ныр уагъд æрцыдысты 8-æм хатт. Хайад сæ райстой Кæсæг-Балхъар, Цæгат Ирыстон-Алани, Цæцæн, Ставрополы край, Ростовы област æмæ хуссарирыстойнаг спортсментæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ дзы ацы аз ерысты ноджы фылдæр æвзонг хайадисджытæ кæй уыд. Уыдоны ‘хсæн сты Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ дæр. Æдæппæтæй ерысты майдантыл тох кодтой 70 спортсменæй фылдæр. Турниры сæйраг тæрхонгæнæг – дунеон категорийы тæрхонгæнæг Андрей Климовы ныхæстæм гæсгæ турнир тынг бирæ бауарзтой уæрæсейаг спортсментæ.

«Æрвылхатт дæр уæрæсейаг спортсментæ тынг зæрдæрайæ æрцæуынц Цхинвалмæ. Хайад дзы райсынц бирæ тыхджын теннисисттæ», – загъта Андрей Климов.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей. Ерысты  хайадисджытæн президенты номæй раарфæ кодта спорты фарстаты фæдыл паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Джиоты Руфин. Турнир цыд дыууæ боны дæргъы. Йæ фæстиуджытæм гæсгæ чызджыты ‘хсæн фæуæлахиз Кокойты Амандæ, дыккаг бынат бацахста Джиголаты Аланæ æмæ æртыккаг та ссис Анна Пантелеева. Æмхæццæ къæйтты ‘хсæн уыд дыууæ æртыккаг бынаты. Бронзæйон призертæ систы Хъуылымбегты Виктория – Сергей Кукушкин æмæ Къуылыхты Заринæ – Кантемир Сибеков. Дыккаг бынатыл ацыдысты Кокойты Амандæ – Лаша Давитая, уæлахиздзаутæ та систы Джиголаты Аланæ æмæ Мæлдзыгаты Алан.

Куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр иууыл цымыдисондæр рауадысты нæлгоймæгты ‘хсæн ерыстæ. Ам финалы фембæлдысты Владислав Чимбарцев, кæцы цалдæр хатты ссис турниры уæлахиздзау æмæ Александр Олексюк. Уый фыццаг хатт æрцыд Цхинвалмæ. Ам спортивон амонд бахудт Олексюкмæ æмæ ссис сæйраг призы хицау, дыккаг бынатыл та ацыд Владислав Чимбарцев. Турниры æртыккаг бынат та бацахста Михаил Чимбарцев.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæн раарфæ кодта æмæ сæ схорзæхджын кодта «РХИ-йы стъолы теннисы федераци»-йы президент Джиоты Мириан.

«Уæлахизмæ тырнындзинад»-ы призæй та хорзæхджын æрцыд Бæцæзаты Сослан.

 

НОМАРÆН ТУРНИР

Дзауы поселочы уагъд æрцыд Советон Цæдисы хъайтар Хъоцыты Константины нома-рæн турнир самбойæ. Ерысты хайад райстой Ирыстоны дыууæ хайы иууыл хуыздæр æвзонг самбисттæ, æдæппæтæй – 100 спортсменæй фылдæр. Турнир официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. Президенты номæй раныхас кодта спорты фарстаты фæдыл президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин. Уыдон ма бузныг загътой ерысты организатор, районы хъæбысхæсты скъолайы директор Хъоцыты Тамерланæн, алы хатт дæр турнир бæрзонд æмвæзадыл организацигонд кæй æрцæуы, уый тыххæй.

Турнирмæ æрцыд æвзæнгты ‘хсæн РЦИ-Аланийы æмбырдгонд командæйы хистæр тренер Козаты Алан. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй сывæллæттæн тынг æхсызгон вæййы Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын.

«Алы хатт дæр ерыстæ ацæуынц бæрзонд æмвæзадыл. Фыццаг азты нын ацы ерысты цы сывæллæттæ хайад райстой, уыдонæн фæстæдæр азты тынг хорз бæрæггæнæнтæ уыд уæрæсейаг ерысты дæр», – банысан кодта Козаты Алан.

Турниры фæстиуджытæм гæсгæ фæуæлахиз сты: 2011-2012 азты гуырд спортсментæ – Уалыты Александр (24 кг), Козаты Руслан (28 кг), Тедеты Марк (33 кг), Хъоцыты Давид (36 кг), Елдзарты Аргон (40 кг), Дзæгъиаты Владимир (+40 кг);  2009-2010 азты гуырд спортсментæ – Джиоты Артур (36 кг), Хацырты Тимур (39 кг), Зæгъойты Артур (42 кг), Гаглойты Аслан (46 кг), Габеты Артур (50 кг), Бызыккоты Давид (55 кг), Исахъты Давид (+55 кг);

2007-2008 азты гуырд спортсментæ – Дзусаты Альберт (44 кг), Гаглойты Алан (48 кг), Артеми Васильченко (53 кг), Бикойты Георгий (57 кг), Хъоцыты Дмитри (61 кг), Хъуылымбегты Феликс (70 кг) æмæ Уалыты Герман (+70 кг).

«Иууыл хуыздæр техникæ»-йы тыххæй призæй хорзæхджын æрцыд Джиоты Артур. Турниры сæрмагонд призæй та, кæцыйы спонсор уыд Магкоты Уырызмæг, хорзæхджын æрцыд Хъоцыты Дмитри.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ, майдантæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

                   ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.