ХИПУ-йы 85 азы юбилейы фæдыл

 

Æвæццæгæн, алы адæймаг дæр цæрæнбонтæм бахъуыды кæны йе скъолайон æмæ студентон æвæлмас азты цард. Бахъуыды сæ кодтон æз дæр, уымæн æмæ мæ царды иууыл хуыздæр æмæ æвæлмас азтæ уыдысты. Фæлæ азтæ афтæ тагъд лидзынц нæ иувæрсты æмæ сæ адæймаг  хатгæ дæр нæ ракæны. Ацы рæнхъыты автор Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты куы ахуыр кодта, уæд ацы ахуырадон уагдон бирæ æвзонгдæр уыд, уæд ыл 42 азы йеддæмæ нæма цыд, ныр та йыл сæххæст 85 азы. Æмæ 85 азы та цъус не сты, уал азы дæргъы ацы уæлдæр ахуырадон уагдон æвзонг фæлтæрæн цы стыр лæггæдтæ бакодта, уыдонæн фæстиуджытæ са-разынæн.

1973 азы Дзауы скъола-интернат хорз нысæнттыл каст фæуыны фæстæ мæ документтæ радтон Тыбылты Алык-сандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон институты  историон-фæсарæйнаг факультетмæ (уæд ацы факультет нымад цыд иууыл хуыздæрыл). Скъолайы мæ уарзондæр предметтæй сæ иу уыд немыцаг æвзаг æмæ мæ тынг фæндыд немыцаг æвзаджы ахуыргæнæг суæвын. Мæ хо Азæимæ немыцаг æвзаг ахуыр кæнынмæ уыдыстæм  тынг æвзыгъд æмæ кæд уый ныр 50 азмæ æввахс немыцаг æвзаджы ахуыргæнæгæй кусы Цхинвалы абоны бирæпрофилон колледжы (раздæры хъæууон-хæдзарадон техникум), уæд мæнæн та  мæ бæллиц сæххæст кæнын мæ къухты нæ бафтыд. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы факу-льтетмæ сæ документтæ радтой иууыл фылдæр абитуриенттæ, уыд дзы стыр конкурс, иу бынат-мæ цыппар адæймаджы æмæ исгæ та кодтой æрмæстдæр 20 студенты.  Уыцы рæстæджы-иу Хуссар Ирыстоны педагогон институтмæ ахуыр кæнынмæ æрбацыдысты Гуырдзыстоны районтæй дæр. Хъыгагæн, уыцы аз, ома, 1973 азы студент не сдæн. Абон дæр æй хорз хъуыды кæнын, мæ мыггаг институтмæ чи бахауд, уыдоны номхыгъды куынæ федтон, уæд мæ зæрдæ фæцæйскъуыд, æнæхъæн цалдæр боны мæ цæстысыг нæ басур. Уыцы рæстæджы, цæмæй дыккаг аз институтмæ бацыдаис, уый тыххæй карзæй домдтой куысты стаж æмæ мæн дæр бахъуыд кусынмæ Цхинвалы хуыйæн фабрикæмæ бацæуын.

Дыккаг аз дæр мæ бæргæ фæндыд ацы факультетмæ ба-цæуын, фæлæ та уæддæр иууыл фылдæр абитуриенттæ ацы факультеты кæй уыд, уымæ гæсгæ аскъуыддзаг кодтон æмæ мæ документтæ радтон ирон-уырыссаг факультетмæ. Фæлварæнтæ радтыны фæстæ мæ мыггаг номхыгъды куы федтон, уæд ма мæхицæй амондджындæр кæй æнхъæлдтон, фырцинæй мыл цыма базыртæ баззад, уыйау мæ тæхын дæр æрфæндыд. Ме ‘мкурсонтимæ базонгæ дæн æмæ æнæхъæн бон фырцинæй Цхинвалы уынгты рацу-бацу кодтам.

Симды куы бацæуай, уæд дзы симын кæй фæхъæуы, уый зонгæйæ, мах дæр тырныдтам хорз ахуыр кæнынмæ æмæ нæ лекторты зæрдæтæ рухс кæ-нынмæ. Фондз азы дæргъы нын сæ зонындзинæдтæ æнæвгъау амыдтой сæ дæсныйады иттæг хорз специалисттæ куыд, Плиты Гацыр, Хуыгаты Илья, Гасситы Эммæ, Джиоты Клавæ, абон дзæнæттæгтæ Пæррæстаты Магрез, Ершов Юри, Гасситы Ильмæ, Мамиты Гига, Бекъойты Димитр, Хъуылымбегты Гигуц, Цхуырбаты Лизæ, Медойты Бо-болкæ, æмæ бирæ æндæртæ.

Тынг арæх мæ зæрдыл æрлæууы Ершов Юри, амыдта нын рагон славяйнаг æвзаг. Уый аф-тæ тынг карз æмæ домаг уыд æмæ чи бауæндыдаид фæлварæнмæ æдзæттæйæ бацыдаид, ницæй тыххæй йын нæ ны-вæрдтаид хорз нысан. Ершовы хуызæн раст адæймæгтыл нæ царды арæх нæ сæмбæлæм. Абоны онг дæр æнæкæсгæйæ хъуыды кæнын йæ лекцитæй скъуыддзæгтæ. Ме мкурсонтимæ стыр аргъ кодтам фæсарæйнаг литературæйы лектор Пæррæстаты Магрезæн. Уый афтæ рæсугъд æмæ фæлмæн æвзагæй каст йæ лекцитæ, æмæ-иу æм хъусынтыл фестæм. Æгæрыстæмæй йын стыр аргъ кодтой Гуырдзыстонæй-иу институтмæ цы минæвæрттæ æрбацыдысты, уыдон дæр, нымадтой йæ тынг хорз лекторыл, йæ дæсныйады иттæг хорз специалистыл.

Абон дæр цыма мæ хъустыл ауайы профессор Медойты Бо-болкæйы хъæлæс, афтæ мæм фæкæсы. Йæ бирæ студенттæй йæ алчидæр бахъуыды кодта уæздан æмæ хæларзæрдæ сылгоймагæй. Уый дæр йæ тыхтыл æнæауæрдгæйæ архайдта ма-хæн йæ зонындзинæдтæ æнæ-вгъау бацамоныныл æмæ йын æнтысгæ дæр кодта, иууылдæр æй уарзтам æмæ йын аргъ  кодтам. Йæ цардæй æнæрæстæджы кæй ахицæн, уый дæр мын уыд тынг зын, уымæн æмæ ирон æвзаджы ахæм специалисттæ тынг хъæуынц нæ хæстæфхæрд Ирыстоны. Йæ амæлæты размæйы азты-иу мыл арæх амбæлд, арæх-иу æрбацыд редакцимæ дæр. Мæ уацтæй-иу мын кæй раппæлыд, уый-иу мын уыд тынг æхсызгон. Æнæскойгæнгæ мын нæй зæрдæхæлар адæймаг Мамиты Гигайы тых-хæй дæр. Йæ лекцитæ нын уыдысты бæрæгбоны хуызæн, æгæрыстæмæй-иу нæ худын дæр фæкодта. Мамийы фырты тыххæй бахъуыды кодтон иу ахæм цау дæр. Цæвиттон, гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды азты нæ республикæ тынг уæззау рæстæджытæ арвыста, алыгъуызон блокадæ бавзæрста. Дæргъвæтин рæстæджы дæргъы-иу Цхинвалы цæрджытæ баззадысты æнæ дон, æнæ электрон рухс æмæ афтæ дарддæр. Иу хатт куыстæй Ленины уынджы фæцæйцæугæйæ Пушкины уынгмæ куы ныххæц-цæ дæн, уæд кæсын æмæ уæр-тæ Мамиты Гига доны бедра фæхæссы йæ хæдзары ‘рдæм, цæргæ та Театралон фæзуаты цы æртæуæладзыгон корпус ис, уым кодта. Æз атагъд кодтон, баййæфтон æй æмæ йын йæ донæй йедзаг бедра йæ фатеры дуары онг схастон кæд мæ нæ уагъта, уæддæр. Кæд стыр хъуыддаг нæ сарæзтон, уæд-дæр мæхицæй фæбузныг дæн, æгайтма йæ койы аккаг дæр чи нæу, ахæм лæггад бакодтон мæ уарзон лекторæн. Æмбисонд афтæ куы у, судзин, дам, зæрдæ ссардта.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ракæндзынæн Плиты Гацыр æмæ Хуыгаты Ильяйы кой дæр. Уыдонæн егъау сты сæ лæггæд-тæ сæ радтæг Ирыстоны раз. Уал азы дæргъы,  цал æвзонг адæймаджы раз æрлæууыды-сты лекцитæ  кæсгæйæ æмæ сын сæ зонындзинæдтæ æнæвгъау амонгæйæ, уыдон тынг зын банымайæн сты, уымæн æмæ сæ нымæц цалдæр минтæй дæр ахызт. Уыдон абон дæр цæсгомджын æмæ æвæллай-гæйæ лæггад кæнынц æвзонг фæлтæртæн. Хуыцау зæгъæд æмæ ма ноджыдæр бирæ азты дæргъы цы лæггад кæной сæ радтæг Ирыстоны фæрныгадæн. Плиты Гацыр, Хуыгаты Илья æмæ мын мæ иннæ лектортæ  абоны онг дæр сты кады аккаг адæймæгтæ. Абон кæд мæхæдæг нана дæн – æртæ хъæбулы хъæбул мын ис, уæддæр сыл куы амбæлын, уæд фефсæрмы вæййын æмæ сын мæ сæрæй ныллæг акувын. Хуссар Ирыстоны педагогон университет æнтыстджынæй каст фесты мæ дыууæ хъæбулы дæр æмæ сты куысты лæуд.

Институт каст фæуыны фæстæ кæд мæ дæсныйадыл, ома ахуыргæнæгæй иу бон дæр нæ бакуыстон, ахуыргæнæджы куыст тынг зын ссарæн кæй уыд, уый аххосæй, уæддæр ацы уæлдæр ахуырадон уагдоны цы зонындзинæдтæ райстон, уы-дон мын рабæззыдысты мæ царды æмæ сæ абон дæр пайда кæнын.

Ме ‘мкурсонтæ цалдæрæй абон дæр кусынц сæ райсгæ дæсныйады фæдыл нæ республикæйы районты. Уыдонæй сæ иу Бететы Женя  та кусы Дзæуджыхъæуы астæуккаг скъолатæй сæ иуы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Куыд зонын, афтæмæй йын лæвæрд æрцыд РЦИ-Аланийы сгуыхт ахуыргæнæджы кадджын ном дæр. Æрæджы РЦИ-Аланийы паддзахадон телерадиокомпанийы алæвæрдтæй сæ иуы æвдыст цыд скъолайон цард, алæвæрдмæ куыд хорз ахуыргæнæг, афтæ фæхуыдтой Бететы чызджы дæр. Йæ уынд мын уыд æнахуыр æхсызгон, æгайтма ХИПИ-йы рауагъдонæн ахæм хорз  æнтыстытæ ис йæ куысты. Мæ иннæ æмкъурсон Гобозты Гуло та дæргъвæтин азты бакуыста Цхинвалы районы Дампъалеты хъæуы скъолайы директорæй.

2008 азы гуырдзиаг тыхæй-исджытæ фынæй Цхинвалмæ куы æрбабырстой æмæ йыл арт куы бафтыдтой, уæд зынджы хай бацис нæ уарзон институты, абон университеты бæстыхай дæр. Фондзбонон хæсты фæстæ адæм ныккæндтæй уынгтæм куы рахызтысты æмæ сæ уарзон хъайтар горæты уынгты куы азылдысты, уæд сæ цæстытыл æууæндгæ дæр нæ бакодтой, ахæм æгъатыр фæд ныууагътой сæ фæстæ нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгтæ Хуссар Ирыстоны зæххæй сæ куы фæсырдтой, уæд. Кæй зæгъын æй хъæуы,  нæ зонындзинæдты куырдадз сыгъдæй куы федтам, уæд нын уæлдай зындæр уыд. Фæлæ, абон Стыр Уæрæсейы æххуысæй арæзт æрцыд университеты ног бæстыхай. Университеты комлекс арæзт цыд æмæ ныр дæр цæуы нæ цæстыты раз, цин ын кодтам йæ алы æнтыстыл дæр. Мæнæ аргъæутты куыд вæййы, афтæ университеты ног комплекс авд ахæм хуыздæр фестад. Бæстыхай æввахс рæстæджы лæвæрд æрцæудзæн эксплуатацимæ æмæ дзы райхъуысдзæн студентты хъæлдзæг худт. Мæхинымæры тæхуды дæр бакæнын нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм ног университеты бæстыхайы цы студенттæ ахуыр кæндзысты, уыдонмæ. Æгайтма, нæ хæстæфхæрд Ирыстоны ахæм объекттæ рæзы, æгайтма нæ цард размæ цæуы. Хуыцау зæгъæд æмæ ног университеты бæстыхайы къæсæрæй бирæ æвзонг адæймæгтæ цы бахизой æмæ фæстæмæ та иттæг хорз специалисттæйцы рацæуой. Фæстаг рæстæджы Хуссар Ирыстоны фæкъаддæр зонæдты докторты нымæц, Хуыцау зæгъæд æмæ ног университеты бæстыхайæ цы рахизой фидæны зонæдты кандидаттæ æмæ доктортæ!

Газет «Хурзæрин»-ы коллектив дæр мемæ иумæ арфæ кæны ХИПУ-йы коллективæн сæ юбилейон бæрæгбоны цытæн!

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.