Библиотекæтæн сæ нысаниуæгмæ гæсгæ алыгъуызон нæмттæ вæййы. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты библиотекæ та хуыйны зонадон. Уый уымæн, æмæ дзы чи пайда  кæны,  уыцы фидæны специалисттæ сæ дарддæры куыст æмæ архайд фылдæр бæттынц зонадимæ. Чиныг зонды суадон кæй хонынц, уый зæрдыл даргæйæ, студенттæ ардæм цæуынц æнæзивæгæй, сæхи фæцæттæ кæнынц фæлварæнтæм, кæнынц курсон куыстытæ, семинарон ахуыртæ. Уымæн та сын ам ис æппæт уавæртæ дæр. Фыццаг уый, æмæ библиотекæйы фонд у тынг хъæздыг, йæ чингуытæ ахызтысты 400 минæй. Ацы рухсадон уагдоны æдæппæт фæллой кæны 16 адæймаджы, се ‘ппæт дæр сæ куыст уарзынц, сты йыл æнувыд æмæ æдзухдæр сæ чиныгкæсджыты зæрдæтæм ссарынц фæндаг, барухс сын кæнынц сæ зæрдæтæ. Чингуытæ тæрхджытыл æвæрд сты фæткмæ æмæ хайадтæм гæсгæ. Ис дзы куыд ахуыргæнæн, афтæ нывæфтыд литературæ дæр. Библиотекæйы 1979 азæй фæстæмæ кусы Цхуырбаты Фатимæ, уый раздæр уыд рæнхъон кусæг, стæй хистæр библиограф æмæ цалдæр азы размæ та коллективы фæндонмæ гæсгæ сси йæ сæргълæууæг. Цхуырбиан хъæрмудæй кусы йе ‘мкусджытимæ, æмæ æмзондæй сæ хæстæ æххæст кæнынмæ кæсынц бæрндзинады цæстæй. Ис дзы ахæм хайадтæ, куыд ирон хайад, философи, юриспруденци æмæ экономикæ (йæ сæргълæууæг Тедеты Зæлинæ); Уырыссаг æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæ, педагогикæ æмæ психологи (йæ сæргъы Багаты Виленæ); Биологи, хими, æрдззонæн, хъæууон хæдзарад, информатикæ, техникон литературæ (йæ сæргълæууæг Гаглойты Нинæ); Аивад, физкультурæ, спорт (йæ сæргъы Цæбиты Маринæ); фæсарæйнаг æмæ уырыссаг литературæ (йæ сæргълæууæг у Баганян Светæ); Уырыссаг нывæфтыд литературæ (йæ сæргълæууæг у Уанеты Любæ); фæсарæйнаг æмæ Хæдбар Паддзахадты литературæ (йæ сæргъы Къахниашвили Циалæ), физикæ (йæ сæргъы Лохты Мадинæ).

Цхуырбаты чызг куыд радзырдта, афтæмæй библиотекæйы фонд æдзухдæр фылдæр кæны. Уæрæсейы бирæ æндæр ахуыргæнæндæттæ сын æрæрвыстой алыгъуызон литературæ, афтæ ма хъæздыгдæр кæны бынæттон авторты чингуытæй дæр. Æрæджы та 15 экземпляры райстой А. Шегрены «Ирон грамматикæ». Цы литературæ сæм нæ вæййы, уый самал кæныны тыххæй бахатынц университеты ректор Тедеты Вадиммæ. Уый фæстиуæгæн æмбæлон литературæйæ баххæст кæнынц сæ фонд.

Студенттæ æрвылбон дæр кæмæй пайда кæнынц, уый у кæсæндон æмæ сын цæстуарзон лæггад радгай кæнынц цыппар адæйма-джы. Зæгъын хъæуы, ам ныр дыккаг аз Тъотъоты Беллæ æмæ Тыбылты Маринæ сæ хуыз исынц (сканировкæ) библиотекæйы чингуытæн. Абоны бонмæ уал сын бантыст 500 чиныгыл бакусын. Уыдон нымæцмæ уал бахаудтой ирон литературæ æххæстæй, стæй ма раджы рауагъдгонд чингуытæ. Ацы куыст дарддæр цæуы æмæ йыл архайдзысты, цалынмæ сæ ахæм хуызы æмбæлон уагмæ æркæной, уæдмæ. Ныр, табуафси, алы студент, аспирантæн дæр йæ бон у, йæ флеш-картæмæ баппара, цахæм литературæ йæ хъæуы, уый текст æмæ дзы пайда кæна æвæлмæцгæйæ. Кæсæндоны уый тыххæй ис 5 компьютеры. Уый у æнцонвадат, уымæн æмæ библиотекæйы иуæй-иу чингуытæй 2-3 экземпляры йедтæмæ нæй, чи сæ хъуамæ спайда, кæнæ уыцы студенттæ та фылдæр сты. Ныр компьютеры фæрцы фенцондæр уыдзæн сæ уавæр. Библиотекæйы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй ма сæм уæвы чингуытыл бакусыны хайад дæр, уыцы куыст та æххæст кæны Гæбæраты Дианæ. Уымæн йæ куысты хæс у ахæм, ома, ног чиныг библиотекæ куы райса, уæд æй ауадзы сæрмагонд журналы, стæй ныффыссы, цы хайадмæ хауы, уый æмæ каталог.

Кæй зæгъын æй хъæуы, университеты библиотекæ абон афтæ хъæздыг нæ уаид, 2008-æм азы размæ йæ гуырдзиаг хотыхджынтæй куынæ бахъахъхъæдтаиккой, уæд. Алы кусæг дæр хъазуатонæй бацархайдта, цæмæй чингуытæ ахастаиккой æндæр бынатмæ æмæ сæ уый фæстиуæгæн бахъахъхъæдтой. Иугæр Хуссар Ирыстоны сабырад куы æрфидар, уæд та сæ ацы хъазуатон сылгоймæгтæ ногæй сæмбæлын кодтой сæ бынатыл. Дзыхы ныхасæй æнцон зæгъæн у, фæлæ ма нæ цæст ахæссæм, рыгæйдзаг чингуытыл цъутта скæнгæйæ, цас фыдæбон хъуыд. Кæд æндыгъд рæстæджы зын уавæрты куыстой, уыд дзы уазал, уæддæр фæстæдæр уавæр раивта хуыздæрæрдæм  цалцæг æрцыд, самал сын кодтой стъолтæ, бандæттæ æмæ æндæр ахæмтæ.

Библиотекæйы кусджытæ зæрдиагæй сæхи бацæттæ кæнынц æндæр æмæ æндæр зæрдылдарæн бонтæм, стæй юбилейтæм. Цæвиттон, Ирыстоны номдзыд фыссæг Джусойты Нафийы юбилеймæ сæхи бацæттæ кодтой зæрдиагæй, æмæ йын сарæзтой равдыст, равдыстытæ ма бацæттæ кодтой Сылгоймæгты Дунеон бон – 8-æм март, Уæлахизы боны цытæн æмæ æндæр ахæмтæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.