Нæ Республикæйы рæсугъд къуымтæй иу у Дзауы район. Йæ равзæрд, йæ историон фæндæгтæм гæсгæ, уый у иууыл рагондæр район Хуссар Иры. Хуссар Ир хæххон адæмыл нымад сты, фæлæ зæгъын хъæуы, уый сæйраджыдæр кæй хауы Дзауы районмæ. Дзауы районмæ ма ис иу миниуæг – йæ æрдзон скондæн æмбал нæй. Йæ диссаджы нæзыджын хæхтæ, йæ хъуытазхъуыр суадæттæ, йе ‘нхъизгæ суæрттæ, гауызау рæсугъд равæрд уыгæрдæнтæ, йæ сойджын сæрвæттæ æмæ йæ хъæддаг цæрæгойтæн æмбал кæм ис.

«Рæсугъд мит дæр у, фæлæ дзы  къæхтæ сийынц», – зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд. Адæмæн зæххæй у сæ цард, уымæй Ирыстон хъуаг уыд, фæлæ дзы Дзауы районы хъæутæ куыд цыбыр къух уыдысты революцийы агъоммæ, афтæ никæцы районтæ. Æнæхъуаджы нæ фыста революцийы солдат, Едысаг, Беджызаты Чермен: «Гал кæм æрхуыссыдаид, уый уыд галы аргъмæ, хъуг кæм æрхуыссыдаид, уый та – хъуджы аргъмæ».

Хуссар Ирыстоны алы районæн дæр ис йæхи истори, ном ын чи скодта, ахæм фæлтæр. Дзауы район сæрбæрзонд у уыцы хъуыддаджы. Куыд революцийы агъоммæ, афтæ Советон дуджы дæр, стæй уæд абоныбон дæр царды размæцыды фæлтæрæй хъуаг нæу. Царды ахæм фадыг нæ баззад, Дзауы районæй чи нæ рацыд.

Ирондзинадыл тох дæр фылдæр Дзауы районы уыд. Национ культурæйы рæзты фæндæгтæ дæр ацы районæй райдыдтой. Культурон артдзæсты кусджытæй иу у, Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артист, Цæгат Ирыстоны Автономон Советон Социалистон Республикæйы сгуыхт артист, Хъæрæсе-Черкесты Республикæйы сгуыхт артист Уанеты Æхсар.

Æхсар райгуырд Дзауы районы Хуыцъейы зылды Стыр Фæзы (фылдæр æй хонынц Фæзыхуыцъе) 1949 азы.

Ам арвыстой сæ царды бонтæ Æхсары ныййарджытæ Димитр æмæ Кокойты Оленкæ.

«Мæгуыр лæг – уæрдонджын», – дзырдтой нæ фыдæлтæ. Бинонтæ кæд царды рахæцæнтæй ифтонг нæ уыдысты, уæддæр сæ фидæны ныфсæй зæрдæйы дзæбæх æмæ хъæлдзæгдзинадæй хайджын уыдысты. Уый зæгъын уымæн, æмæ Æхсары фыд Димитр уыд ирон аив дзырды дæсны, фынджы фидауц. Цы фынг уыдаид Хуыцъейы зылды, Дзауы дзыхъхъы æмæ дзы Димитр кувæг ма уыдаит. Алы фынг дæр рæсугъдæй æрвыста йæ диссаджы зарджытимæ. Æр-хаудта йæм хъæуы хистæры бынат дæр æмæ йæ кадимæ фæдардта. Гуфтайæ Рукъмæ алы вазыгджын хъуыддæгты дæр уыд хайадисæг. Хъахъхъæдта фыдæлты фарн йæ цæхх æмæ йæ къæбæримæ.

Æхсары мад Оленкæ – нæртон æфсин уыд. Йæ удыхаимæ фæцардысты æмзондæй, Нæртон хæдзарвæндаг уыдысты, сæ уазæджы æгадæй никуы арвыстой. Зараг лæгæн йæ къухмæ бахауд кафаг ус. Оленкæйы кафт, йæ дайрайыл цагъд – адæмæн уыд цæстæвæрæн.

Зæнæгæй – æфсæст, хæдзары – хъæрмуддзинад, адæмы хорзæхæй хайджын – нæ уыдысты хъæстаг сæ цардæй, кæд Димитр фыццаг къæпхæны инвалид уыд, уæддæр.

Димитр æмæ Оленкæ схъомыл кодтой æмæ мыггаг æмæ Ирыстонæн радтой 3 лæппуйы æмæ дыууæ чызджы. «Сæгъæй сæгъ цæуы, фысæй – фыс», зæгъы ирон æмбисонд. Зæнæг рацыдысты ныййарджыты фæндиаг æгъдауæй дæр æмæ аивады дæр, ахуырмæ разындысты рæвдз. Хæдзарон куыстыты æм-рæнхъ сæ къухæй нæ хауд чиныг дæр. Æхсар нырма ахуыр кодта Хуыцъейы 8-азон скъолайы (астæуккаг скъола дзы нæма уыд), уый фæстæ та Дзауы ас-тæуккаг скъолайы. Дыууæ скъолайы дæр сæ тыхы уыдысты зард æмæ кафты къордтæ. Æхсар абон дæр хорзæн мысы йæ къухдариуæггæнджыты Дзаттиаты Таймураз æмæ Пæррæстаты Остинейы. Хуыцъейы уыд адæмон театр. Йæхæдæг афтæ зæгъы: – «Æз æнæнхъæлæджы не сдæн актер. Ме ‘взонджы бонты бирæ уарзтон зарын, кафын, адæмы ‘хсæнмæ рахизын. Хуыцъейы клубы цы коллектив уыд, уыдоны ‘хсæн уыдысты мæ хистæр хотæ æмæ æфсымæртæ, уыдон мæ бафтыдтой сценæйы куыстыл, аивады фæндагыл».

1967 азы йе скъола каст куы фæци, уæд райдыдта кусын Хуыцъейы культурæйы хæдзары аивадон къухдариуæггæнæгæй.

Рæстмæ дзы йе уæнгтæ нæ аивæзта, афтæмæй конд æрцыд æфсæддон службæмæ. Æнхъæл уыд, мæ аивадон фæндагæй фæиппæрд дæн, зæгъгæ, фæлæ та ам дæр йæ тæлфаг уæнгтæ сæхицæн ссардтой куыст. Зард æмæ кафтыл æнувыд чи уыд, æртымбыл кодта ахæмты, слæууыд сын разамонæгæй æмæ та ам дæр цæстæвæрæн фæци йе ‘фсæддон къухдариуæггæнджыты цæсты, æгæрыстæмæй сæ сахуыр кодта ирон кæфтытыл дæр. Æхсар йе ‘фсæддон хæс ахицæн кодта 1970 азы. Уырдыгæй æрыздæхгæйæ, бацыд ахуырмæ Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндонмæ. Ацахуыр дзы кодта 2 азы, стæй йæ ахуыр адарддæр кодта Мæскуыйы театралон институты. Хуыдтой йæ М.Щепкины номыл чысыл театр. Уæрæсейы сæйраг горæт ног базыртæ басагъта æрыгон хæххон лæппуйыл. Æхсар æнæхъæнæй аныгъуылд театралон уылæнты.

Ахуыры фæстæ æрыздæхт йæ Ирыстонмæ æмæ райдыдта кусын нæ театры актерæй. Уый уыд 1979 азы. Зæрдылдаринаг аз у уый Æх-сарæн, уæд байгом сты æвзонг лæппуйæн театры къулдуæрттæ, уæд ныхъхъуыды кодта бæстон Цхуырбаты Барис, Таугазты Гаврил, Гæбæраты Дауыты сæрзилæджджын, кæлæнгæнæг хъазтытыл.

Актерæн йæ тырнындзинæдты бæрзонд къæпхæнтæй иу у режиссеры куыст. Мæскуыйы дæр æмæ ирон сценæйыл дæр Æхсар бамбæрста, режиссер актертæн æмæ сценæйæн сæ мад кæй у, уый, цъиуджын каркау иууыл сæ уæлхъус кæй лæууы.

Балæууыд та Уанеты лæппу ногæй Мæскуыйы. Ныр та йæ ных сарæзта Мæскуыйы культурæйы паддзахадон институты режиссурæйы факультетмæ.

Фæци Æхсар йæ режиссерон факультет хорз бæрæггæнæнтимæ 1979 азы. Ныр уæхскуæзæй бавнæлдта театры къæбицы æвæрæнтæм, сценæйы вазыгджын къуымтæм, режиссеры куырыхон хъуыдытæ рафæлгъауынмæ. Уæдæй фæстæмæ æндæр цæстæй акаст, куыд национ, афтæ æндæр адæмты драматургимæ.

«Лæгæн æрдзæй йе рагъмæ бахауы цыдæр уаргъ», – дзырдтой нæ фыдæлтæ. Уыцы уаргъ Æхсар рахаста сæ хæдзарæй, йæ ныййарджытæй. Уыцы уаргъы схонæн ис комедион дзæкъул. Уыцы дзæкъулимæ цæуы фæндагыл, куыстмæ, сæ хæдзармæ æмæ… æмæ алы æмбæлæджы дæр бахъæлдзæг кæны, фæивы йын йæ зæрдæйы хатт, бафтауы йæ рæсугъд хъуыдытыл.

Нæ театры сценæйыл бирæ фæлгæндзтæ сарæзта Æхсар, раджы ссардта фæндаг театрдзауты зæрдæмæ, бирæ сты, сценæмæ йæм чи каст æмæ фæкæсы, уыцы адæм. Цæстæвæрæн фæци куыд Хуссары сценæмæкæсджыты-театрдзауты, афтæ Цæгат  Иры театрдзауты цæсты дæр.

Актеры рацæугæ фæндæгтæн кæддæрты аргъ æрцæуы. Аргъгæ-нæг та вæййынц, культурон фрон-тæн разамынд чи дæтты, уыдон, сæйраджы сæйраг та – сценæмæкæсджытæ, театралон критиктæ.

Ахæм рæстæ-джы сæ фыццаг домæн вæййы: цал фæлгондзы ролы ахъазыд, дыккаг та  – æмæ сæ куыд ахъазыд. Куыд ахъазыд, цахæм уыд æмæ у йæ арæхстдзинад. Уый йæ раны куы вæййы, уæд уыцы актер нырма æрлæууы сгуыхт актеры къæсæрыл, стæй та бахизы адæмон ар-тисты дуарыл.

Уыцы тырнындзинæдтæ йæ туджы сты Æхса-рæн, дзæвгар сты йæ саразгæ фæлгæндзтæ. Уыдон канд ирæттæ не сты, ис дзы æндæр æмæ æндæр нациты минæвæрттæ дæр.

Лæгæн йæ бæллицтæ дардыл вæййынц, сæ сæххæст кæнын та алы хатт къухы нæ бафты. Бирæ фæлгæндзтæм ивазы йæхи Æхсар, фæлæ йæ къухы не ‘фтынц, фадæттæ кæй нæй, уый тыххæй. Рæхджы йын ног сценæйыл бантысæд Кассияйы адæмы размæ рахонын (Шекспиры «Отелло»), уый йæ рагон бæллиц у, кæд æппæрццаг фæлгондз у, уæддæр.

Цы сарæзта, цы йын бантыст рæгъмæ рахæссын, уыдон та йæ адæмы, театрдзауты цæсты систой бæрзонд. Æргомæй йæ зæгъæм – Æхсары сæйраг рахæ-цæнтæ сты комедион рольтæ. Сылгоймæгтæй Цæбиты Нинæ-Мысырхан, нæлгоймæгтæй Гæбæраты Дауыт æмæ Æхсар цы пьесæты хъазыдысты æмæ хъазынц, уырдæм адæм ивылдысты знæт донау.

Æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, Æхсарыл сæ цæст æрæвæрдтой Цæгат Иры театрдзаутæ дæр. Иу æмæ дыууæ хатты нæ ралæууыд Тæбæхсауты Балойы номыл театры сценæйы. 1990 азы Цæгат Ирыстоны Уæлдæр Советы президиум Æхсарæн саккаг кодта сгуыхт артисты ном.

Тынг бахъардта сæ зæрдæтæм Æхсары архайд, йæ арæхстдзинад, сценæйы къуымты змæлд Хъæрæсе-Черкесийы театрдзаутæн дæр. 2007 азы сæ президенты Уынаффæмæ гæсгæ Æхсарæн лæвæрд æрцыд сæ Республикæйы сгуыхт артисты ном.

«Лæг фыдæбонæн райгуырд», – зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд.

«Куыст цардæн – фæрæз»,-уый та нын Къоста загъта. Куыст æмæ фыдæбæттæй цух нæу Æхсар, æппары сæм йæхи, уымæн æмæ уыны йæ фыдæбæттæн ис ар-гъгæнджытæ. Фыццаг аргъгæн-джытæ сты театрдзаутæ-сценæмæкæсджытæ, дыккæгтæ та сты республикæты разамонджытæ.

Æхсар сæ рæвдыд у. 2006 азы йын лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисты ном. Культурон фронты уымæй егъаудæр хорзæх нæй. Уыцы хор-зæх та рæсугъд цæстыты тыххæй нæ дæттынц. Дæттынц æй егъау бакæнгæ хъуыддæгты тыххæй. Уыдон та дзæвгар сты Æхсары царды. Афтæ куынæ уаид, уæд дзæвгар азты фæд-фæдыл куыд фæиста бирæнымæц Кады гæххæттытæ.

Ской дзы кæнæм цалдæры: 1976 азы – Гуырдзыстоны культурæйы министрад, 2001 азы – Аланты конгресс, РХИ 10 азы юбилейы тыххæй, цыппар хатты Цæгат Ирыстоны Автономон ССР-йæ.

Театр – йæ хæдзар, сценæ – йæ мад. Уый Æхсарæй рох никуы уыд. Бирæ мæгуыры бонтæ арвыста Æхсар театры кусгæйæ, уый тыххæй йæ нæ фæндыд йæ фырт Эдуард йæ фыды фæндаг равзæрстаид. Фæлæ уæддæр йæ фырт ныр 15 азы бæрц æнувыдæй, ра-зæнгардæй кусы нæ театры сценæйыл. Ис æм сценæйон арæхст-дзинæдтæ. Уарзы йæ равзæрст фæндаг.

Театр у царды айдæн. Уый дæр рох нæу Æхсарæй. Сценæ уарзы фых, хæрзгъæд, нуарджын куыст. Кæддæриддæр ууыл хъары йæ уд Уанейы фырт дæр.

Дзæнæты бадæд Цоциты Къæдзæх. Уый-иу арæх дзырдта Æхсарæй: «Йæ гыццылмæ йын ма кæсут». Фысгæ та афтæ ныккодта: «Æхсары сфæлдыстадмæ куы æркæсæм, йæ актерон дæсныйадæн ын анализ куы скæнæм, уæд ын рахонæн ис рог жанры характерон актер лирикон миниуджытимæ. Ацы фæндагыл актер аразы йæ фæлгæндзты, бацæуы се ‘муд, се ‘мбуар, батайы сæ, йæхи сæ бакæны, æмæ ууыл уæд театрдзаутæ дæр феууæн-дынц».

Æхсар ис йе сфæлдыстады тæмæны, йæ хосгæрсты фæтæны æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы, нæ ног театры сценæйыл ногæй цы айваза йæ фæлтæрд уæнгты, дарддæр дæр нæ зæрдæрыст адæмы зæрдæтæм хуры тынтæ бауадзын йæ бон цы бауа.

Де ‘нус дзæбæхæй батон, Æхсар, бирæ цы Ирыстоны уарзыс, уый дæ фæндиаг уæд, Дæхæдæг та – Ирыстоны фæндиаг.

Плиты Гацыр,

Республикæйы зонæдты

къабазы сгуыхт кусæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.