Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианмæ Герман йæхи развæлгъау цæттæ кодта. Уый тыххæй бакуыстæуыд афтæхуыйнæг «Барбароссы план» дæр. «Барбароссы планмæ» гæсгæ немыцаг гарзджын тыхтæ Советон Цæдисыл хъуамæ фæуæлахиз уыдаиккой цыбыррæстæгон хæстон операци – блицкригы фæстиуæгæн.

1940 азы 18 декабры фидар æрцыд ССР Цæдисы ныхмæ «Барбароссы план». Йæ сæххæст кæныны тыххæй Герман, Европæйы йæ цæдисонтæ – Финлянди, Румын æмæ Венгриимæ – сарæзтой хъомысджын æфсад: 182 дивизийы æмæ 20 бригадæйы (5 милуан адæймаджы бæрц), 47,2 мин хæцæнгарз æмæ минæзгъалæджы, 4,4 мин хæстон хæдтæхæджы, 4,4 мин танк æмæ размæбырсæн хæцæнгарзы æмæ 250 науы.

Советон хæстонты къорды, кæцытæ лæууыдысты агрессоры ныхмæ, уыд 186 дивизийы (3 милуан адæймаджы), 39,4 мин хæцæнгарз æмæ минæзгъалæджы, 11 мин танк æмæ 9,1 мины бæрц хæстон хæдтæхæджы. Ацы тыхтæ дæр развæлгъау æрконд нæ уыдысты хæстон цæттæдзинадмæ. 22-23 июны Германы гæнæнуæвæг æрбабырсты тыххæй Сырх Æфса-ды Генералон штабы директивæ дæр Ныгуылæн арæнгæрон зылдæн фехъусын чындæуыд æрмæстдæр 21 июнæй 22 июнмæ  æхсæвы, фашистон Герман та æрбабырста 22 июны райсом раджы  4 сахатыл æмæ советон хæстонты æрæййæфта æдзæттæйæ. Советон хæстонтæ æппæт арæныл дихгонд кæй уыдысты, уый фæстиуæгæн æвæстиатæй нæ уыд сæ бон агрессорæн хъомысджын ныхкъуырд раттын.

1941 азы 22 июны райсомы 10 сахатыл Генералон штабы хистæр, Армийы инæлар Георги Жуков сарæзта оперативон хæстон æмбырд-уац, цыран хъусын кодта:

1941 азы 22 июны 4.00 сахатыл Герман æрбабырста Советон Цæдисмæ æмæ бом-бæтæ æрызгъæлста нæ аэродромтыл æмæ горæттыл, йæ сурзæххон хæстонтæ æрба-хызтысты нæ арæнтæй…

  1. Цæгаттаг фронт: агрессоры хæдтæхджытæ-бомбæзгъалджытæ арæнтæ фехалгæ-йæ, æрбатахтысты Ленинград æмæ Кронштадты районтæм…
  2. Цæгат-Ныгуылæн фронт: ныхмæлæууæг артиллерийæ æхсын райдыдта æмæ уыцы иурæстæджы бомбæтæ æркалдта аэродромтæ æмæ горæттæ Виндава, Либава, Ковно, Вильно æмæ Шуляйыл…
  3. Ныгуылæн фронт: 4.20 сахатыл знаджы 60 хæдтæхæджы бæрц бомбæтæ æрызгъæлстой Гродно æмæ Брестыл. Уыцы иу рæстæджы Ныгуылæн фронты æппæт арæныл агрессор артиллерийæ райдыдта æхсын… Ныхмæлæууæджы сурзæххон тыхтæ Сувалкийы районæй цæуынц Голынкайы, Домбровайы ‘рдæм, Стоколувы районæй æфсæнвæндаджы фæрсты цæуынц Волковыскмæ. Знаджы тыхтæ куынæг цæуынц…
  4. Хуссар-Ныгуылæн фронт: 4.20 сахатыл знаг нæмыгзгъалæй æхсын райдыдта нæ арæнты. 4.30 сахатæй знаджы хæдтæхджытæ бомбæтæ згъалынц горæттæ Любомль, Ковель, Луцк, Владимир-Волынскийыл… 4.35 сахатыл Владимир-Волынский, Любомлы районы артиллерион æхсты фæстæ знаджы сурзæххон хæстонтæ арæны сæрты рахызтысты æмæ абырстой Владимир-Волынский, Любомль æмæ Крыстынополы здæхты…

Фронтты командæгæнджытæ тырнынц арæ-ныл рахизæг знаджы хæйтты скуынæг кæнынмæ…

… Иуæй-иу здæхтыты знаджы къухы бафтыд æнтыст…

1941 азы 22 июны радиойы раныхас кодта ССР Цæдисы адæмон къамисарты Советы Сæрдары хæдивæг, ССР Цæдисы Фæсарæйнаг хъуыддæгты къамисар В. М. Молотов дæр.

Уый фехъусын кодта, зæгъгæ йын Советон хицауад æмæ йæ сæргълæууæг æмбал Сталин бахæс кодтой, цæмæй фехъусын кæна: 22 июны 4.00 сахатыл Германы æфсад, хæст нæ расидгæйæ, кæй æрбабырста Советон Цæдисмæ, бомбæтæ æрызгълæста Житомир, Киев, Севастополь, Каунас æмæ æндæр горæттыл, уыимæ цæфтæ æмæ фæмардуæвджыты нымæц у дыууæ сæдæ адæймагæй фылдæр. Знаг æхста æмæ йæ хæдтæхджытæ æрбатах-тысты Румын æмæ Финляндийы территоритæй дæр.

«Кæрæдзимæ нæ бабырсыны тыххæй кæд Советон Цæдисæн Германимæ бадзырд арæзт уыд, æмæ кæд Советон Цæдис уыцы бадзырды домæнтæ æххæст кодта цæсгомджынæй, уæддæр уыцы бадзырд фехалгæйæ, Герман æрбабырста нæ бæстæмæ. Ацы абырæгон æрбабырсты тыххæй æппæт бæрндзинад дæр ис Германы фашистон къухдариуæгадыл», – дзырдта Молотов.

Уый æрсидт Советон Цæдисы æмбæстæг-тæм, цæмæй ноджы æнгомдæрæй æрбалæууой большевикон парти, Советон хицауад æмæ стыр фæтæг, æмбал Сталины фарсмæ.

«Нæ хъуыддаг у раст. Знаг пырх æрцæу-дзæн. Мах фæуæлахиз уыдзыстæм», – фехъусын кодта Молотов.

1941 азы 23 июны арæзт æрцыд Уæлдæр Сæйрагкомандæкæнынады Ставка. 30 июны та арæзт æрцыд Хъахъхъæнынады Паддзахадон Комитет. Сæрдарæй æмæ йын Уæлдæр Сæйраг командæгæнæгæй нысан æрцыд Иосиф Сталин. Советон Цæдисы æрбиноныг уæлвæткон мадзæлтты программæ ахæм девизимæ «Æппæт дæр – фронтæн! Æппæт дæр – уæлахизæн!» Уымæ нæ кæсгæйæ,  Сырх Æфсад фæстæмæ лæууын райдыдта æмæ июлы æмбисмæ  немыцаг æфсæддонтæ бацахстой Литвайы, Латви, нысаниуæгджын хæйттæ бацахста Белоруссийы, Эстони, Украина æмæ Молдавийы территоритæй, тæссаг уыд Ленинград, Смоленск æмæ Киевæн дæр.

Иуæй-иу историктæ куыд фыссынц, афтæмæй Иосиф Виссарионы фырт Сталин 3 июлмæ бадт йæ кабинеты, æппындæр никæимæ ныхас кодта, афтæмæй. 3 июлы уый раныхас кодта радиойы.

Уый дзырдта:

«Æмбæлттæ, æмбæстæгтæ!

Æфсымæртæ æмæ хотæ!

Не ‘фсад æмæ флоты хæстонтæ!

Сидын уæм æз, мæ хæлæрттæ!

22 июны нæ бæстæмæ гитлерон Германы гадзрахатæй æрбабырст дарддæр кæны. Кæд Сырх Æфсад хъæбатырæй йæ ныхмæ лæууы, кæд знаджы хуыздæр дивизитæ, йæ авиацийы хуыздæр хæйттæ пырх æрцыдысты æмæ сæ ингæн ссардтой тохы быдыры, уæддæр знаг размæ лæсы, фронтмæ ног тыхтæ æппаргæйæ.

Истори куыд уынын кæны, афтæмæй нæй æмæ нæ вæййы æнæбасæтгæ æфсæдтæ. Наполеоны æфсады дæр æнæбасæтгæ хуыдтой, фæлæ йæ ныппырх кодтой уырыссаг, англисаг æмæ немыцаг хæстонтæ. Фыццаг империалистон хæсты рæстæджы Вильгельмы немыцаг æфсады дæр æнæбасæтгæ хуыдтой, фæлæ йæ цалдæр хатты ныддæрæн кодтой уырыссаг æмæ англисаг-французаг æфсæдтæ. Ныр дæр афтæ зæгъын хъæуы немыцаг фашистон æфсадæй. Европæйы континенты ацы æфсад нæма фембæлд серьезон ныхмæлæудыл. Æрмæстдæр нæ территорийыл райста серьезон ныхкъуырд.

Бирæтæн сæ бон у бафæрсой: куыд æрцыд афтæ, æмæ Советон хицауиуæгад нæ бабырсыны тыххæй пакт сарæзта ахæм мæнгард адæймæгтимæ, куыд Гитлер æмæ Риббентроп? Советон хицауиуæгады æрдыгæй ницы рæдыд æруагъдæуыд? Кæй зæгъын æй хъæуы, ницы. Нæ бабырсыны тыххæй пакт у дыууæ паддзахады ‘хсæн сабырдзинады пакт. Ахæм пакт нын нæ разы æрæвæрдта Герман 1939 азы. Гæнæн уыдис, æмæ Советон хицауад ма сразы уыдаид ацы фæндоныл? Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ иунæг сабыруарзаг паддзахадæн дæр йæ бон нæу сыхаг бæстæимæ сабырадон сразыдзинадыл «нæ» зæгъа, æгæрыстæмæй уыцы бæстæйы сæргъ Гитлер æмæ Риббентроп куы лæууой, уæддæр. Уымæй дæр сабырадон сразыдзинад куы нæ бахъыгдара сабыруарзаг паддзахады территориалон æнæхъæндзинад, хæдбардзинад æмæ цыт. Бæрæг куыд у, афтæмæй Герман æмæ ССР Цæдисы ‘хсæн пакт уыд ахæм.

Сырх Æфсады фæстæмæ алæудæй иунæг поезды, иунæг вагоны дæр, иунæг килограммы дзул, иунæг литр æртаджы дæр нæ хъæуы ныууадзын знагæн. Знаджы æфсады ныхмæ тох кæныны нысанæн, знаг цы районты бацахста, уымыты саразын хъæуы партизанон къордтæ партизанон хæстытæ сцырын кæныны тыххæй, саразын хъæуы диверсион къордтæ хидтæ, фæндæгтæ пырх кæныны, телефонон æмæ телеграфон бастдзинæдтæ халыны тыххæй. Оккупацигонд районты знагæн саразын хъæуы æнæадæймагон уавæртæ, алы къахдзæфы дæр сæ хъæуы куынæг кæнын.

Ацы стыр хæсты махæн иузæрдион цæдисонтæ уыдзæн Европæ æмæ Америкæйы адæмты ‘хсæн, уыцы нымæцы немыцæгты ‘хсæн дæр, кæцытæ гитлеронтæн сты цагъайраджы бынаты. Нæ Фыдыбæстæйы сæрибары тыххæй тох баиу уыдзæн Европæ æмæ Америкæйы адæмты хæдбардзинады, демократон сæрибардзинады сæрыл тохимæ.

ССР Цæдисы адæмты æппæт тыхты цырд мобилизацийы нысанæн, знагæн аккаг ныхкъуырд радтыны тыххæй арæзт æрцыд Хъахъхъæнынады Паддзахадон Комитет, кæцыйы къухы ис паддзахады æппæт хицауиуæгад. Хъахъхъæнынады Паддзахадон Комитет æрæвнæлдта йæ куыстмæ æмæ сиды æппæт адæммæ, цæмæй ноджыдæр æрбангом уой Сырх Æфсады æмæ Флоты алыварс, цæмæй знаг дæрæн æрцæуа.

Æппæт нæ тыхтæ аздахæм нæ хъæбатыр Сырх Æфсады, нæ  цытджын денджызон  Сырх флоты фарс рахæцынмæ!

Адæмы æппæт тыхтæ – знаджы ныддæрæн кæнынмæ.

Размæ – нæ уæлахизмæ!»

Æрмæг бацæттæ кодта ОСИАТЫ И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.