Хуссар Ирыстонмæ «Стыр гастролты» программæйы фæлгæтты æрцыд  Уæрæсейаг фæсивæды академион театры труппæ. Ахæм Ӕппæтуæрæсейон гастролон-концертон план арæзт æрцыд фыццаг хатт 30 азы дæргъы УФ-йы культурæйы министрады æмæ йæм, раздæры азтæм абаргæйæ, бахастой ивындзинæдтæ, цæмæй программæйы фæлгæтты артисттæ фæсарæнтæм дæр цæуой. Фыццаг хатт нæ республикæмæ ацы проект сæххæст кæныны фæдыл æрцыдысты Уæрæсейæ 2019 азы – Бурятийы куклæты театр, фæлæ нæм РАМТ-ы артисттæ та сты фыццаг хатт. Семæ æрхастой дыууæ спектаклы – “Чехов-Gala” æмæ “Денискины рассказы”.

Ацы балцы фæдыл бæстонæй радзырдтой Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты бæстыхайы РАМТ-ы æмæ нæ Паддзахадон драмон театры минæвæрттæ. Пресс-конференцимæ æрбацыдысты  РАМТ-ы директоры хæдивджытæ Виталий Галич æмæ Кирилл Рыбкин, РХИ-йы паддзахадон драмон театры директор Уалыты Мæдинæ æмæ аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан. Йæ раныхасы Дзуццаты Тамерлан банысан кодта, зæгъгæ, ахæм культурон хъуыддаг саразынæн стыр нысаниуæг ис, уæлдайдæр та ацы аз нæ театрыл æххæст кæны 90 азы æмæ РАМТ-ыл  та – 100 азы.

«Ацы аз дæр та Хуссар Ирыстон бахаудта «Стыр гастролты» программæмæ æмæ ма уымæй уæлдай нæ драмон театр дæр хайад райсдзæн проекты, ома махæн дæр уыдзæн гастролты ацæуыны фадат æндæр рæттæм. Ахæм балцтæ стыр ахъаз сты нæ артистты фæлтæрддзинадæн, нæ иумæйаг профессионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн. Уымæй уæлдай ма æнгомдæр кæнынц дыууæ бæстæйы цæрджыты, зонгæ кæнынц сæ кæрæдзийы культурæтимæ. Искуыдæм ацæуынæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æхцайы фæрæзтæ фæхъæуы, фæлæ ахæм гастролты хæрдзтæ паддзахад йæхимæ исы æмæ махæн дæр уæд æнцондæр у спектакль ахæссынæн. Уый фæдыл мах стыр бузныг стæм нæ президент Бибылты Анатолийæ, кæцы нын кæны алыварсон æххуыс æмæ ныры онг æнтыстджын стæм йæ фæрцы. Нæ уæрæсейаг коллегæтæ ма ауадздзысты мастер-класстæ ХИПУ-йы актерон факультеты студенттæн, æмæ нын ацы хъуыддаг саразын дæр у стыр æнтыст, уымæн æмæ РАМТ-æн йæ расписани развæлгъау цалдæр азæн арæзт у æмæ ма уæддæр махæн дæр рæстæг ссардтой.

«Стыр гастролты» фæлгæтты мах дæр ахæсдзыстæм цалдæр спектаклы. Иу дзы æнæмæнг уыдзæнис «Къоста», фæлæ иннæ дыууæйыл нырма хъуыды кæнæм, уымæн æмæ алкæцы сценæ дзуапп нæ дæтты нæ спектаклты фылдæр хай равди-сынæн. Цы бынæттæм цæудзыстæм, уый бæстон куы базонæм, уæд аскъуыддзаг кæндзыстæм ацы фарст дæр», – банысан кодта нæ театры аивадон къухдариуæггæнæг.

Уæрæсейаг уазджытæ æдæппæт сты 72 адæймаджы æмæ иууылдæр фыццаг хатт сты Хуссар Ирыстоны. Ардæм цæугæйæ стыр æхцондзинад райстой нæ диссаджы æрдзæй, æмæ ахæм ног арæзт театрæй.

«Ахæм рæсугъд бæстыхай фенгæйæ, стæй ма артисттæн дæр иттæг хорз уавæртæ кæй ис кусынæн, уый нын æхсызгон у. Уæрæсейы тынг бирæ театртæн нæй ахæм уавæртæ, стæй ма уæ артисттæ дæр сты курдиатджын. Ныфс мæ ис, дарддæр дæр кæй цæудзыстæм кæрæдзимæ уазæгуаты», – загъта Витали Галич.

Нæ театры директор Уалыты Мæдинæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй нæ драмон театры бæстыхай цæттæ у кæцыфæнды театралон труппæ райсынмæ дæр, ис нын æппæт уавæртæ дæр.

«Хуссар Ирыстонæн ацы гастролты фæрцы фадат ис æхсæнадæмон бастдзинæдтæ сфидар кæнынæн, æндæр аренæтæм ахизын кæн æмæ æмгуысткæнынады гаризонттæ ауæрæх кæнынæн. 29 майы  Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады Акт расидæн бон æмæ 1 июны та – Сывæллæтты хъахъхъæнæн бон кæй у, уый фæдыл Культурæйы минстрады фæндон рахастой, цæмæй нæ цытджын уазджыты спектакль «Денискины рассказы» уагъд æрцæуа æнæаргъæй. Ахæм фæндоныл нæ уæрæсейаг коллегæтæ дæр сразы сты. Стыр бузныг ма фæнды зæгъын Бибылты Анатолийæн ахæм лæвары тыххæй, – уый фæрцы нæ бон у РАМТ-ы коллектив райсын æмæ ма искуыдæм гастролты ацæуын дæр. Бузныг стæм РАМТ-ы къухдариуæгадæй дæр, кæй нæм саккаг кодтой æрцæуын æмæ мæ фидарæй уырны, дарддæр дæр нæ хъарм ахастытæ кæй тыхджындæр кæндзысты», – загъта Уалыты Мæдинæ.

28 майы РАМТ-ы актертæ нæ театры сценæйыл равдыстой спектакль «Чехов – GALA». Ацы спектакль фыццаг хатт æвдыст æрцыд 2010 азы æмæ конд у Чеховы пьесæты композицитæй цалдæрæй – «Медведь», «Предложение», «Свадьба», «Юбилей», «О вреде табака». Ӕвæргæ та йæ скодта аивадон къухдариуæггæнæг Алексей Бородин. 29 майы та æвдыст æрцыд «Денискины рассказы». Ардæм та хуынд æрцыдысты нæ республикæйы скъоладзаутæ куыд горæтæй, афтæ районтæй дæр. Билеттæ уыдысты æнæаргъæй.

ДЖИОТЫ Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.