Кад æмæ ном скæнын рæстæгæй баргæ нæу, уымæн чысыл рæстæджы дæр ис райсæн. Фæлæ райсгæ дæсныйадыл дæргъвæтин рæстæджы æнæфæцудгæйæ размæ куы цæуай, дæ къухты æнтыстытæ фæд-фæдыл куы æфтой, уæд та уымæн æмбал дæр нæй. Уый у стыр æхсызгон хъуыддаг. Уыцы арфæйаг фæндагыл ныр бирæ азты дæргъы цæуы нæ горæты Колыты Аксойы номыл Аивæдты паддзахадон Лицей. Ацы скъолайы цы сфæлдыстадон хайадтæ уæвынад кæнынц æмæ архайынц, уыдон республикæйæн æддейæ фенын кæнынц сæ цæттæдзинад æмæ стыр курдиат нывкæнынæй, кафын, зарынæй æмткæй музыкæйы фадыджы. Аивæдты лицей схъомыл кæны æмæ рауадзы, ахуырмæ æвзыгъд чи сты, ахæм фæзминаг кæстæрты. Уыдонæй бирæтæ сæ ахуыр адарддæр кæнынц Уæрæсейы Федерацийы горæтты уæлдæр ахуыргæнæндæтты æмæ уым дæр æндæр студентты æмрæнхъ ахуыры вæййынц фыццæгтæ. О, фæлæ лицейы рауагъдонтæ ирон культурæ æмæ аивад Уæрæсейы зæххыл кæй тауынц æмæ сæхимæ кæй æркæсын кæнынц сæ алыварсуæвæг адæмы, уый, фыццаджыдæр, баст у се скъолаимæ. Уымæ та сын фæндаг ссарын кæнынц сæ уарзон ахуыргæнджытæ. Уыдон стыр æмæ æнувыд куыст фæкæнынц лицейы ахуыргæнинæгтимæ, фыццаг къласæй суанг дæр иуæндæсæм къласы онг.

Музыкæйæн ис кæлæнгæнæг тых. Музыкæмæ хъусгæйæ, адæймаг исы, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм æхцондзинад, уый фæрцы хуыздæр бамбарæн ис адæймаджы удварнæн, йæ царды алы фæзындæн, йæ цæстæнгасæн. Музыкæ ма у хорз хосгæнæг дæр, уый адæймаджы зæрдæйыуаг кæны хуыздæр. Æнахуыр æхцонхæссæг хъуыдытæ февзæрынц адæймагмæ, цавæрдæр удæнцойы аленк кæны зæрдæ, куы фенæм нæ райгуырæн зæххыл музыкæуарзаг сывæллæтты, уыдоны тырнындзинад музыкæйы дунемæ, уыдон дæсны архайд æндæр æмæ æндæр хуызты инструменттыл, уæд. Фидарæй нæ бауырны, нæ раттæг Ирыстоны зæххыл кæй хъомыл кæнынц фидæны стыр адæймæгтæ, фидæны Галаты Барис, Гергиты Валери, Плиты Жаннæ, Æлборты Феликс æмæ бирæ æндæрты хуызæн дæсны курдиæттæ.

Адæмæн сомбон аивады æгæрон тых лæвар чи кæндзæн, ахæм суинаг фæлтæр хъомыл кæнынц, Аивæдты лицейы цы музыкалон хайад уæвынад кæны, уым дæр. Ацы ахуырадон уагдоны кружокмæ ахуыры азы дæргъы уагъд фæцæуынц алыгъуызон культурон æмæ хиирхæфсæн мадзæлттæ. Лицейы хъомылгæнинæгтæ сæ иузæрдион куыст æмæ аивадон арæхстдзинадæй стыр æхцондзинад æрхæссынц сце-нæмæкæсджытæн. Уæд фæбæрæг вæййынц сæ иууыл курдиатджындæртæ.

Иу ахæм цымыдисон мадзал та дзы уагъд æрцыд 18-æм майы, цы ран музыкалон хайад æвдыстой афæдзы дæргъы цы сахуыр кодтой, уыцы зонындзинæдтæ алыгъуызон музыкалон инструменттыл. Концерт уыд хыгъдон академион. Ардæм ма фæуазæг сты сывæллæттæн сæ ныййарджытæ дæр æмæ нæ республикæйы Ахуырад æмæ зонады министры хæстæ æххæстгæнæг Гасситы Натали æмæ йæ хæдивæг Гаглойты Элиса, афтæ ма нæ горæты æндæр æмæ æндæр музыкалон ахуыргæнæндæтты ахуыргæнджытæ дæр.

Худгæбыл æмæ фæлмæн дзыхы ныхасимæ æрæмбырдуæвджытæм йе ʻргом аздæхта хыгъдон концерты организатор, лицейы музыкалон скъолайы хайады гæс Цхуырбаты Жаннæ. Уый сценæмæкæсджытæн арфæ ракодта æмæ сын цыбыртæй радзырдта, музыкæйæн нæ царды цы нысаниуæг ис æмæ йын цы стыр тых ис, æппæт уыдæттæ. Сывæллæтты йыл рæвдауæндæттæй кæй хъæуы цайдагъ кæнын, ууыл дæр нæ гуырысхо кæны. «Музыкæйæн ис æгæрон тых æмæ у адæймаджы цард рæсугъдгæнæг. Адæймаг йæхæдæг куы вæййы музыкæаразæг, уæд ыл уый та уæлдай базыртæ басадзы. Дмитрий Кабалевский куыд дзырдта, афтæмæй «музыкæ у ахæм аивад, кæцы æндавы адæймагыл æмæ рæзгæ фæлтæры хъомыладыл», – банысан кодта музыкалон хайады гæс. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æрæджы ма сæ хайады кæй фæзынд эстрадон къорд, кæцыйæн къухдариуæг кæны нæ республикæйы адæмон артист, вокалон-инструменталон ансамбль «Бонвæрнон»-ы солист Гуыцмæзты Георги. Уыдон бацæттæ кодтой цалдæр зарæджы популярон фæсарæйнаг зарæггæнджыты уацмыстæй æмæ сæ инструменттыл цæгъдгæйæ сæххæст кодтой сценæмæкæсджыты раз. Сывæллæттæ аив сæххæст кодтой музыкалон уацмысты интерпретацитæ æмæ уымæй байгом хыгъдон концерт дæр. Дарддæр сценæмæ радгай хуынд цыдысты æрыгон музыканттæ. Уыдон æххæст кодтой фæсарæйнаг, уырыссаг æмæ ирон композиторты уацмыстæ. Сценæйыл айзæлыдысты композитортæ В. Моцарт, Карлос Гардель, С. Туссен, Р. Шуман, Сиукъаты Т, Ф. Шопен, С. Рахманинов, Ю. Весняк, М. Глинка, Æлборты Ф., Плиты М., Магкоты А. æмæ бирæ æндæр зындгонд музыкантты уацмыстæ.

Хыгъдон концерты хорз музыкалон цæттæдзинад равдыстой Колыты Аксойы номыл музыкалон хайады ахуыргæнинæгтæ. Фæндырыл дзы чи цагътой, уыдон дæр стыр цымыдисдзинад здæхтой сæхимæ сæ аив æмæ арæхстджын цагъдæй. Сæ ахуыргæнæг Джыгкайты Барис загъта, зæгъгæ, цухдзинад æййафынц инструменттæй, кæд фылдæр сывæллæтты фæфæнды фæндыры кружокмæ бацæуын æмæ йыл сахуыр кæной, уæддæр. Уый бахатыдис Ахуырады министры хæстæ æххæстгæнæг Гасситы Наталимæ, цæмæй сын баххуысс кæной ацы хъуыддаджы. Фæндыры аргъ 80 мин сомæй кæй хизы, уымæ гæсгæ скъолайæн йæ бон нæу сæ самал кæнын æмæ абон та архайынц æрмæстдæр иу фæндырæй.

Дарддæр мадзалы кæрон Гасситы Натали зæрдæбын арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ загъта концерты æппæт хайадисджытæн дæр, афтæ ма семæ æнувыд куыст чи кодта, уыцы ахуыргæнджытæн. Уый концертæн саргъ кодта æмæ банысан кодта сывæллæттæ тынг хорз кæй æмбарынц музыкæ æмæ йæ цæмæй дарддæр кæной. Сæрмагондæй бузныг загъта скъолайы директор Кæсойты Лаврентæн сæ ахуырæн сын хорз уавæртæ кæй аразы. «Æз стыр æхцондзинад райстон хайады цы ног вокалон-инструменталон къорд фæзынд, уый аивадæй. Уыдон мын æрæмысын кодтой Советон дуджы хорздзинæдтæ, скъолатæ-иу кæрæдзи æхсæн ерыстæ куы кодтой, уæд æмæ нын сымах абон уыцы æхцондзинад балæвар кодтат. Æз æй нæ зонын дарддæр уæм цы пълæнттæ ис, фæлæ хорз уаид æмæ ацы музыкалон номыртæ æххæстгонд куы æрцæуиккой уæрæхдæр аудиторийæн, кæцы, æвæццæгæн, уыдзæнис нæ ног театры сценæйыл. Уымæн æмæ театр фыццаг рады хъуамæ уа сывæллæттæн, цæмæй уыдон се стыр курдиат æвдисой адæмæн», – загъта Гасситы чызг.

Ахæм музыкалон мадзæлттæн сæ нысан у æвзонг курдиатджын музыкантты æргом кæнын, классикон музыкæ парахат кæнын æмæ йæ бауарзын кæнын, афтæ ма музыкалон хъомылад бæрзонддæр кæнын.

Цхуырбаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.