Æппæт мархотæй иууыл рагондæр у Стыр мархо. Цалдæр дæс азы дæргъы чырыстон диныл хæст адæм мархо дардтой Куадзæны бæрæгбоны онг. Æцæг, алы общинæ дæр йæхирдыгонау æххæст кодта марходарды домæнтæ. Иутæ  иу суткæйы дæргъы нæдæр хæргæ кодтой æмæ нæдæр дон нуæзтой, иннæтæ æртæ боны нæ хордтой фыдызгъæл æмæ æхсыры продукттæ, æндæртæ та Куадзыны размæ къуырийы дæргъы нæ арæзтой хихъæлдзæггæнæн  мадзæлттæ. Фæлæ цыппæрæм æнусы марходарды æмгъуыд фæфылдæр ис, чырыстæттæ мархо дарын райдыдтой цыппор боны.

Нымæц цыппорæн Библийы йæхи нысаниуæг ис. Цыппор боны Моисей уыд хох Синайыл, цыран райста дурын фæйнæджытыл фыст дæс монон фæткойы (заповедь). Евангелийы фыст куыд у, афтæмæй Дунескæнæг дæр 40 боны (Библийы йæ хонынц Сыгъдæг Цыппардæсæмоны) мархо дардта æдзæрæг тыгъд быдыры.

Цыппæрæм æнусы кæрон уæды рæстæджы дины зынгæ публицисттæ  фыстой, зæгъгæ, цæмæй адæймаджы монон миддуне фæхуыздæр уа, уый тыххæй йæ хъæуы цыппор боны.

Уый фæстæ адæймаг аккагæй æмбæлы Хъизæмайраджы къуырийыл, уæд Аргъуан фæмысы Ирвæзынгæнæджы зæххон царды фæстаг бонтæ. Уымæ гæсгæ Хъизæмайраджы авдбонон нæ хауы Стыр мархомæ, кæд хиуылхæцындзинадмæ гæсгæ иууыл карздæр у, уæддæр.

***

Стыр мархо у чырыстон дины иууыл сæйрагдæр хиуылхæцындзинады рæстæг. Вæййы авд къуырийы дæргъы, кæцыйы рæстæджы уырнонтæн нæй гæнæн хæрой дзидзайы æмæ урсаджы хæринæгтæ, уыимæ иумæ хъуамæ ныууадзой зианхæссæг цай-дагъдзинæдты æмæ алыгъуызон хъæлдзæгдзинæдты тыххæй сæхиуыл фæхæцой.

Ацы аз чырыстон диныл хæст адæмæн Стыр мархо райдыдта 15-æм марты æмæ фæуыдзæн 1-æм майы.

Стыр мархойы рæстæджы уырнонтæ сæ рæстæджы фылдæр хай фæкувынц аргъуаны, цыран уагъд фæцæуы сæрмагонд службæ. Уый тыххæй дины службæгæнджытæ амонынц, цæмæй уырнонтæ фылдæр рæстæг хардз кæной Библи æмæ дины чынгуыты кæсыныл, уымæй дарддæр фылдæр кувой сæ хæдзæртты дæр. Сæ хъус лæмбынæгдæр хъуамæ дарой сæ хæстæджытæм, уыцы рæстæджы нæй хылгæнæн, хъыггæнæн. Мархо дарыны рæстæджы тамако дымæн дæр нæй, нæй чындзæхсæвтæ аразæн дæр, фæлæ ис гæнæн гуырæн бон банысан кæнын, æрмæстдæр хуымæтæджы, ома, цæл кæныны тыххæй нæ, фæлæ кæрæдзиимæ аныхас кæныны тыххæй. Хъизæмайраджы цыппæ-рæм æмæ майрæмбонæй дарддæр Сыгъдæг цыппардæсоны рæстæджы гæнæн ис донаргъуыд райсын.

Аргъуаны уставмæ гæсгæ чырыстон диныл хæст адæм иууылдæр хъуамæ дарой мархо. Фæлæ уыцы уставмæ гæсгæ гæнæн ис  мархо ма дарой, авд азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттæ, сывæрджын сылгоймæгтæ, дзидзидарæг мæдтæ æмæ уæззау хроникон низтæй рынчынтæ.

О, фæлæ дины службæгæнджыты ныхæс-тæм гæсгæ алкæцы цауыл дæр хъæуы индивидуалонæй æруынаффæ кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.