Хуызфыссынады арф æмæ тынг хорз чи æмбæрста, æгæронæй йын чи балæггад кодта, уыцы диссаджы нывгæнæг Карл Брюлловæн йæ ном дардыл ныхъхъæр 19-æм æнусы. Третьяковы галерейы коллекцимæ йын цы бирæ уацмыстæ хаст æрцыдис, уыдон сты 50 нывæй фылдæр æмæ адæймагæн дæттынц йе сфæлдыстадæн ын аргъ скæныны фадат.

Уырыссаг нывгæнæджы курдиатæн кæддæриддæр аргъгæнæг уыдысты Императорон Аивæдты академийы домаг ахуыргæнджытæ. 1822 азы ацы академийы рауагъдон уæвгæйæ, уымæн бар радтой, æртæ азы æмгъуыд-мæ Италийы стажировкæ рацæуын. Фыццаг азты Брюллов йæ хъус дардта рагисторийы мифологон темæтæм. Уыдонмæ хауы, зæгъæм, кæронмæ чи нæ фæцис, уыцы ныв «Эрминия у пастухов», кæцы фыст æрцыд Т.Тассойы поэмæ «Освобожденный Иерусалим»-мæ гæсгæ.

Италийы цы азтæ арвыста нывгæнæг, уыдон ын уы-дысты æнтыстджын. Ныффыста дзы цалдæр цымыдисон нывы, кæцытæ хуызфыссынады жанры уыдысты эффективон, сæ хъуыдымæ гæсгæ та романтикон, фæлæ хъахъхъæдтой классицизмы бындур.

К. Брюлловæн иттæг стыр кад скодта йæ гуырахстджын ныв «Последний день Помпеи». Уый уæд уыд æцæг триумф.  Карл Брюлловы адæм хастой сæ къухтыл, калдтой йыл дидинджытæ, куыд фæсарæнты, афтæ Уæрæсейы дæр.

А. Пушкин лæгæй лæгмæ Карл Брюлловимæ куы базонгæ ис, уæд дзы куырдта, йæ зæрдæмæ тынг чи фæцыдис, уыцы нывы æмæ, æгæрыстæмæй, йæ зоныгуылтыл дæр слæууыд йæ разы. Уый уыдис йæ фæстаг дуэлæй цыппар боны раздæр.

Уæды критиктæ куыд фыстой, уымæ гæсгæ ныв «Последний день Помпеи» ссис уырыссаг аивады ахсджиагдæр куыстытæй сæ иу.

Фæстæдæр Брюллов куыд загъта, афтæмæй уый ацы ныв ныффыссынмæ йæ ныфс бахаста «Афинты скъола» кæй рацыд, уый руаджы. Хъуыддаг та уый мидæг ис æмæ Карл Брюллов 1827 азы æрцыд æмæ йæхи цæстæй федта археологон къæхтытæ дзы куы цыдис пырх æмæ ныгæд рагон горæт Помпеяйы, уый. 1828 азы нывгæнæг æрæвнæлдта йæ куыстмæ. Дыууæ азæй фылдæр Брюллов ахуыр кодта сыгъд зæххы бынæй кæй къахтой, уыцы мæрдты, ома, сæ чи куыдæй баззад, сæ бæстæ сыл куы батары æмæ ма сæхи атоныныл куы архайдтой. Бынаты ма Брюллов ныв кодта алыгъуызон цардуагон мигæнæтæ – браслеттæ, амфорæтæ, бæхуæрдæттæ æмæ бирæ æндæртæ. Нывгæнæг цалдæр хатты бакаст римаг историк Кæстæр Плинийы фыстытæ дæр æмæ афтæмæй хуыздæр зонгæ кодта ацы æвирхъау трагедиимæ. Нывыл Брюллов афтæ куыста, æмæ-иу ын æхсæв æмæ бон нал уыдис, æппынæдзух лæууыд йæ куысты уæлхъус. Иу-хатт дзы афтæ бафæллад æмæ йæ нывы раз бавзæр ис. Кæй зæгъын æй хъæуы, Брюлловæн æнцон нæ уыдис ацы шедевр сфæлдисын, фæлæ абон дæр цæстæвæ-рæнæн баззад дунейы æппæт адæмтæн дæр.

Уый ацы историон сюжеты фæндыд, куыд гæнæн ис, афтæ арфдæр æнкъарæнтимæ адæмы тыхстдзинад æмæ хъизæмæрттæ равдисын сæ амæлæты размæ. Куыд романтик, афтæ аивадуарзджытæн æмбарын кæны уый æмæ адæймаг æдых кæй у æрдзон хъаймæтæн. Фæлæ ма уыимæ иумæ æвдисы адæймаг мæлæты раз дæр йæ хорз миниуджытæ æвдисæг кæй у. Адæймагдзинад дзы ирдæй зыны. Зæгъæм, нывы нæлгоймаг йæ бинонты куыд æмбæхсы мæлæты дзæмбытæй, кæд æмæ йæ зоны се ʻппæтæн дæр аирвæзæн нæй, уæддæр. Æрыгон нывгæнæг та дзы архайы, иуыл зынаргъдæр ын чи сты, йæ уыцы кусæнгæрзтæ æмæ ахорæнтæ аирвæзын кæныныл. Ис ахæм зонæнтæ, зæгъгæ, Везувий куы ратыдта, уæд мæргътæ дæр уæларвæй мардæй хаудысты. Нывы хъайтартæн æнæ-хъуаджы сæ цæсгæмттæ, чи сæм кæсы, уыдонмæ здæхт нæ цæуынц. Нывгæнæг хуымæтæджы нæ фыссы уыдонæн сæ портреттæ, фæлæ ма сын æвдисы сæ фæдисон æмæ тарст хуызтæ. Абырæг та дзы зыдæй архайы, зæхмæ чи ракалдысты, уыцы хæзнатæ ‘рцахсынмæ. Мад æмæ йæ сывæллæттæ та алæууыдысты æмæ кувынц хуыцаумæ. Чидæр та дзы аирвæзыны тыххæй лидзынмæ фæцис. Адæмы къухтæ агурынц æххуыс, хъахъхъæнынц се ʻввахс адæмы, чи дзы арвмæ стахт, бирæтæ та æдыхæй зæхмæ кæлæгау кæнынц.

Помпеяйы сæфт Брюлловы æмбарынадмæ гæсгæ у æппæт рагдунейы сæфты  хъуыддаг æмæ йæ символ та у нывы астæу бæхуæрдонæй рахаугæ мард сылгоймаг. Ахæм æнгæс темæ ма, ома, адæм кæм цагъды кæнынц, уый æвдыст æрцыд æндæр историон кæттаг – «Нашествие Гензериха на Рим»-ы.

Брюллов сылгоймагæн стыр аргъ кодта. Уый уарзта уæздан рæсугъд чызг Юлия Самойловайы, фæлæ дзы уый та кодта æрмæстдæр пайда. Брюллов æй тынг арæх ныв кодта, уымæн æмæ чызджы зæрдæмæ цыдысты йæ куыстытæ. Нывгæнæг йæ цард баиу кодта æндæр сылгоймагимæ, фæлæ йæ бинонты цард уыдис тынг æнамонд æмæ дзы ахицæн ис. Уæздан æхсæнад сæ чъылдымтæ фæзылдтой, æрæджыдæр ма тынг кæмæн аргъ кодтой, уыцы курдиатджын нывгæнæгмæ.

1836 азы Брюллов æрæздæхт Санкт-Петербургмæ. Цæмæй йын хистæр профессоры цин радтаиккой, уый тыххæй нывгæнæгæн Императорон Аивæдты академийы бахæс кодтой фыдыбæстæйон историйы про-граммæйыл бакусын. Адæмы героикон тох хæдбардзинады сæраппонд ссис уырыссаг историон хуызфыссынады ног темæ. 1839-1843 азты нывгæнæг активонæй куыста ныв «Осада Пскова польским королем Стефаном Баторием в 1581 году»-йы. Фыста зынгæ адæймæгты портреттæ æмæ сын сæ цæсгæмттыл æвдыста уæды рæстæджы уæззау цард.

Æрмæг бацæттæ кодта Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.