24-æм октябры Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты æмбырдгæнæн залы уагъд æрцыд æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры стыр ныхас»-ы IX æнæрадон республикон конференци.

Конференцийы куысты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Хицауады сæрдар Пухаты Эрик, æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры стыр ныхас»-ы делегаттæ сæ сæргъ историон зонæдты доктор, Уанеты Захары номыл зонадон-иртасæн институты директор Гаглойты Роберт, нæ республикæйы зонадон интеллигенцийы минæвæрттæ, афтæ ма Цæгат Ирыстон-Аланийы æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры стыр ныхас»-ы президиумы координацион советы уæнг Санахъоты Игорь. Конференцийы райдианы айзæлыд Республикæ Хуссар Ирыстоны гимн æмæ конференцийы нысаниуæджы тыххæй бацæуæн ныхас сарæзта «Иры стыр ныхас»-ы сæрдар Гаглойты Роберт. Уый æрæмбырдуæвджытæн радзырдта конференци ауадзыны нысаны тыххæй, рæхджы 27-28-æм октябры Цæгат Ирыстоны горæт Дзæуджыхъæуы уагъд кæй цæудзæн æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры стыр ныхас»-ы IX-æм æнæрадон съезд æмæ сæ уый фæдыл та бакусын кæй хъæуы.

«Зынаргъ адæм. Æрæджы мах, Хуссар Ирыстоны «Иры стыр ныхас»-ы уæнгтæ ауагътам районты конференцитæ æмæ дзы æвзæрст æрцыдысты абоны конференцимæ делегаттæ. Уыдон номхыгъдмæ ма мах бахастам ноджы цалдæр делегаты, се ‘хсæн дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ дæр. Æдæппæтæй сты 77 делегаты æмæ уыдон се ‘ппæт дæр хайад райсдзысты Дзæуджыхъæуы æнæрадон IX-æм уанелы», – загъта Гаглойты Роберт. Уый ма информацийы хуызы делегаттæн фехъусын кодта нæ хицауады къухдариуæгады æххуысы руаджы рахицæнгонд кæй æрцæудзысты дыууæ автобусы æмæ бонраздæр кæй абалц кæндзысты сæ хъуыддаджы фæдыл, уый.

Конференцийы  æвзæрст æрцыд президиум. Йе сконды сты: Президент Бибылты Анатоли, РХИ-йы Хицауады сæрдар Пухаты Эрик, «Иры стыр ныхас»-ы сæрдар Гаглойты Роберт æмæ йæ хæдивæг Хъоцыты Алвери, Цæгат Ирыстоны «Иры стыр ныхас»-ы координацион советы уæнг Санахъоты Игорь. Гаглойты Роберт сфидар кодта конференцийы регламент æмæ уый фæстæ боны фæткмæ хаст æрцыдысты æртæ фарсты: национ хиæмбарынад куыд нæ адæмы монон хай, «Иры стыр ныхас»-ы съездмæ делегаттæ сæвзарын æмæ ма координацион советмæ кандидаттæ раразмæ кæнын.

Гаглойты Роберт конференцийы бакаст доклад, цыран æрдзырдта ирæтты монон хъомылад æмæ ирон æвзаджы бахъахъхъæнын  æмæ йæ райрæзты фарстытыл. Уый æрсидт конференцийы хайадисджытæм, цæмæй докладмæ байхъусгæйæ, уыдон дæр зæгъой сæ фиппаинæгтæ æмæ сæ бахæссой докладмæ. Уымæн æмæ доклад хаст æрцæудзæн Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг съездмæ, куыд официалон раныхас, афтæ. Гаглойты Роберт йæ докладмæ бахаста нæ республикæйы, æмткæй ирон адæмы риссагдæр æмæ ахсджиагдæр скъуыддзагкæнинаг фарстытæ æмæ конференцийы хайадисджытæ дæр æмхуызонæй сразы сты уыцы хъуыддагимæ. Докладгæнæг рæгъмæ рахаста демографион фарст, уый бындурыл æнæниздзинад æмæ медицинон лæггæдтæ фæхуыздæр кæныны хъуыддаг. Уый ма карзæй æвæры арæнгæрон пункт дæллаг Зæрæмæджы автомобилтæ сгарыны фарсты тыххæй. Сæрмагондæй дзуры автомобилтæ рентгены уагъд кæй цæуынц æмæ уый та адæймаджы æнæниздзинадæн бынтон хорз кæй нæу, уый фæдыл.

Гаглойты Роберт нæ ахызт ахуырад, зонад, культурæ, истори æмæ спорты иувæрсты дæр, цæмæй Хуссар Ирыстоны базоной æнæхъæн дунейы, уый тыххæй ноджыдæр бирæ саразын кæй хъæуы. «Ацы æппæт хæстæ махæн нæ бон у сæххæст кæнын, цæмæй фидæны фæлтæрты раз мах зылынджын ма уæм æмæ сæ разы уæм сыгъдæг», – загъта докладгæнæг.

Гаглойты Роберты доклад æмæ съезды тыххæй йæ хъуыдытæ загъта профессор Плиты Гацыр. Уый, фыццаджыдæр, арфæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн кæй æрбатымбыл сты æмæ конференцийы ахсджиаг фарстытыл кæй ныхас кæнынц, уый тыххæй. «Ацы æхсæнад хуымæтæджы æхсæнад нæу. Лæмбынæг байхъуыстон Гаглойы фырты докладмæ æмæ дзы цы æрмæджытæ хæссы, уыдон æнæмæнг зæгъинаг сты уыцы съезды. Уыдон Хуссар Ирыстоны куыд хъæуынц, афтæ Цæгат Иры дæр хъæуынц.

Ацы ран дзырд цæуы ирон æвзаджы фарстыл. Конференцийы хайад исы Тыбылты Леонид дæр. Æмæ мæ зæгъын фæнды , кæддæриддæр нæ фарсмæ кæй уыд ирондзинад райрæзыны хъуыддаджы, уый. Бирæ ахсджиаг фарстытæ ис ацы доклады. Мыггагон куывдтæ хæрын æмæ нуазынæн арæзт хъуамæ ма цæуой, фæлæ мæнæ, «Стыр ныхас» цæй бындурыл фæзынд  мадæлон æвзаг æмæ не ‘гъдæуттæ, нæ истори æрбиноныг кæныны тыххæй, уыдоныл нæ адæмы, фæсивæды цæмæй ахуыр кæнæм. Алчидæр уыцы фарстыл куы дзура, уæд сын уыдзæнис хуыздæр фæстиуджытæ. Архайын нæ хъæуы ууыл, цæмæй не ‘гъдæуттæ ма сафæм, цæмæй нæ ирон æвзаг размæ кæнæм.  Лыгкæнинаг фарстытæ нын ис цæгатимæ æмæ сæ скъуыддзаг кæнын хъæуы», – загъта Плиты Гацыр.

Плиты Гацыр ма диссагæн загъта æрæджы Цæгат Ирыстоны цы æрфарст сарæзтой ныййарджыты ‘хсæн, уыдонæй 64 % бæрц разы кæй не сты, цæмæй сæ сывæллæттæ ахуыр кæной мадæлон æвзаг, уый.

Конференцийы ма раныхас кодта Президент Бибылты Анатоли дæр. «Фæнды мæ, цæмæй мæнæ, цы æмбырд уадзæм, уыцы æмбырдæн йæ фарстатæ скъуыддзаг æр-цæуой Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг съезды. Вазыгджын  фарстатæ  бирæ  ис,  кæцыты скъуыддзаг  кæнын хъæуы æвæрццагæй. Скъуыддзаг кæнын хъæуы æвзаджы проблемæ. Скъуыддзаг кæнын хъæуы Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастытæ. Æз куыд байхъуыстон, афтæмæй мах фæнды, цæмæй кæмæйдæр домæм, фæлæ нæхæдæг та мацы аразæм. Нæхæдæг цы аразæм? «Стыр ныхас» цы аразы, цæмæй цы фарстытæ æвæрæм, уыдон уавæр фæхуыздæр уа, уый тыххæй?

Цæуыл дзурæм кæд æмæ  нæхицæн абон æгъдауы фæтк æвæрын нæ бон нæу, уæд? Дзæуджыхъæуы ацы хъуыддæгтæ сты хуыздæр.

Æвзаджы проблемæ дæр ахсджиаг у. Махмæ дæр бирæ ахæм бинонтæ ис, кæцытæ сæ сывæллæттæм иронау нæ дзурынц. Цы аразæм уый тыххæй, цæмæй нæм афтæ  ма уа? Хæдзары бинонтæй цæуы алцыдæр æмæ ацы фарст иунæг ахуыргæнæджы бæрны куы бакæнæм, уæд раст нæ уыдзæнис. Мах уыцы ахуыргæнджытæн хъуамæ уæм æххуысгæнджытæ, цæмæй æвзаджы размæцыдæн хорз фæстиуджытæ уа. Нæхимæ бирæ азымдзинæдтæ ис æмæ сыл хъæуы кусын», – загъта Бибылты Анатоли. Уый ма йæ хъуыдытæ загъта абон нæ дины хъуыддаджы дæр адæм иумæ кæй не сты æмæ нын иудзинад кæй нæй.  Дихтæ кæй кæнынц æмæ уый фæдыл дæр кусын кæй хъæуы, цæмæй дарддæр афтæ ма уа.

Бибылты Анатоли дæр йе ‘нæразыдзинад равдыста Цæгат Ирыстоны гуырдзиаг сфæлдыстадон коллективтæн концертон программæты кæй сорганизаци кæнынц, æмæ сæ Дзæуджыхъæуы кæй ауадзынц, уый фæдыл. Æмæ ма фехъусын кодта «Иры стыр ныхас»-ы радон съезд уагъд кæй æрцæудзæн иннæ аз Хуссар Ирыстоны.

Президент ма карзæй дзырдта раздæр дæр æмæ абон дæр худинаг чи сты, уыцы хъуыддæгты ныхмæ. Æмæ нæм фыдæлтæй та цы хорз æгъдæуттæ æмæ традицитæ æрхæццæ сты, уыдоныл та хæцын кæй хъæуы, æмæ сæ нæ сомбоны фæлтæрæн æмбæлонæй адæттын.

Бибылты Анатоли ма арфæйы ныхæстæ загъта съезды æппæт делегаттæн æмæ сын йæ цæст бауарзта стыр æнтыстытæ сæ куысты. Уый ма загъта, 28-æм октябры съезд хайад кæй райсдзæн.

Конференцийы ахсджиаг фарстыты фæдыл ма сæ хъуыдытæ загътой æндæр раныхасгæнджытæ дæр.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.