Æвæццæгæн, Ирыстоны ахæм   къуым нæ баззайы Стыр Уæлахизы бæрæгбон алыгъуызон мадзæлттæй кæм нæ банысан кæнынц.  Æмæ уый афтæ дæр хъуамæ, уымæн æмæ ацы Стыр Уæлахизы тыххæй сæ сæртæ нывондæн æрхастой милуангай адæймæгтæ, уыцы нымæцы Ирыстоны фырттæ æмæ чызджытæ дæр. Куыд Уæрæсейы Федерацийы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр ацы бæрæгбон нымайынц иууыл ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иуыл.

Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр бæрæгбоны фæрсты нæ ахызтысты Ленингоры районы Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ æмæ ахуыргæнинæгтæ   скъолайы директор Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй. Уыдон   бæрæгбоны цытæн бацæттæ кодтой уæрæх æмæ цымыдисон программæ.

Бæрæгбонон мадзалы фыццаг хайы уæрæсейаг арæнхъахъхъæнæг къорды минæвæрттæ венок сæвæрдтой Цъинагары хъæууон администрацийы цур Стыр Фыдыбæстæйон хæсты чи фæмард уыдонæн цы цырт æвæрд ис, уым. Цырты цурмæ æрбацыдысты Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ æмæ ацы хъæуы сывæллæтты цæхæрадоны хъомылгæнинæгтæ. Уыдон  æмдзæвгæтæ бакастысты Стыр Уæлахизы цытæн. Уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ æрæмбырдуæвджыты суазæг кодтой быдырон къæбицы хæринæгтæй, уыцы нымæцы кас, цай, адджинæгтæй. Уый фæстæ ацыдысты Цъинагары Культурæйы хæдзармæ.

Уырдæм  æрбамбырд бирæ адæм, уыдон афтæ бирæ уыдысты æмæ залы иунæг сæрибар бынат дæр нал уыд. Бæрæгбонон мадзалмæ æрбацыдысты Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнджытæ, ахуырдзаутæ, уæрæсейаг арæнхъахъхъæнæг къорды минæвæрттæ æмæ хъæубæсты цæрджытæ. Культурон уагдонæй хъуыстысты хæстон музыкæйы зæлтæ, къултыл конд уыдысты хæсты фæдыл алыгъуызон плакаттæ. Мадзал амыдта Цъинагары астæуккаг скъолайы 11-æм къласы ахуыргæнинаг Хъайсынты Иринæ.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Цъинагары астæуккаг скъолайы директор Гуссойты Ласко. Уый æрдзырдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Стыр Уæлахизы тыххæй. «Абон мах цæмæй сабыр арвы бын цæрæм, уый тыххæй 1941-45 азты милуангай адæймæгтæ сæ сæртæ нывондæн æрхастой. Уыдоны нымæцы уыдысты ирыстойнаг хæстонтæ дæр, кæцытæ сæ хъæбатырдзинад æмæ æнувыддзинадæй сæхицæн æмæ сæ Ирыстонæн скодтой стыр ном. Фæстæ нæ фæлæууыдысты Ленингоры районы адæм дæр. Мах уыцы хъæбатыр хæстонты  макуы хъуамæ ферох кæнæм, уымæн æмæ æгæр стыр аргъæй бафтыд сæ къухты ацы Стыр Уæлахиз», – загъта Гуссойты Ласко.

Раныхас кодта уæрæсейаг арæнхъахъхъæнæг къорды минæвар. Уый дæр æрдзырдта Стыр Уæлахизы нысаниуæджы тыххæй. Æрæмбырдуæвджытæн æй бафæндыд сабырдзинад æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ. 1-4 кълæсты ахуыргæнинæгтæн уыд хицæн программæ. Уыдон бакастысты æмдзæвгæтæ, сæххæст кодтой зарджытæ. Хистæркъласонтæ бацæттæ кодтой инсценировкæ хæст куыд райдыдта æмæ адæм фронтмæ куыд цыдысты, уый фæдыл. Райхъуыст Левитаны хъæлæс. Уый адæмæн фехъусын кодта фашистон Герман Советон Цæдисмæ кæй æрбабырста, уый тыххæй. 6-æм къласы ахуыргæнинаг Джиголаты Аннæ сæххæст кодта хæстон зарджытæ. Ахуыргæнинæгтæ сæххæст кодтой национ кæфтытæ дæр. Мадзалы кæрон Æнæмæлгæ  полкы фæлгæтты ахуыргæнинæгтæ сценæмæ ра-хызтысты ветеранты нывтимæ.

Мадзал  сорганизаци  кодтой ахуыргæнджытæ Дудайты Лари-сæ, Уалыты Залинæ, Быценты Аленæ, Дзуццаты Заирæ скъолайы директор Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй.

ХУЫБЫЛТЫ Ленæ,

Цъинагары астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.