Уæрæсейы Федерацийы Дипломатон кусæджы бон Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы минæварады номæй Цхинвалы уагъд æрцыд цытджын мадзал. Уырдæм хуынд æрцыдысты республикæйы къухдариуæгад Тыбылты Леониды сæргълæудæй.

Мадзал байгом кодта Уæрæсейы Федерацийы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Къар-джиаты Эльбрус. Уый æгасцуай загъта уазджытæн æмæ минæварады коллективы номæй бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн ацы нысаниуæгджын бон нысан кæныны сæ хайадисты тыххæй.

«Уæрæсейæн ис бирææнусон истори. Æмæ мах, дипломатты ныртæккæйы фæлтæр, сæрыстыр стæм, нæ хистæр фæлтæрæй нын чи баззад, уыцы æнтыстытæ, фæлтæрддзинад æмæ традицитæй. Мах сымахимæ стæм æвдисæн, фæстаг дæсгай азты дæргъы дунеон политикæйы сæвзæргæ Уæрæсейы ныхмæ здæхт стереотиптæ куыд пырх кæнынц, уымæн», – загъта уый.

Дипломаты хъуыдымæ гæсгæ, раззагондæр ныгуылæйнаг бæстæты хицауады сæргъ слæууыдысты ног адæймæгтæ, уыдон Уæрæсемæ, йæ  æддагон политикæмæ кæсынц ног, бирæ æвæрццагдæр цæстæнгасæй, æмæ уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, зæрдæйы гуырын кæны ныфс.

«Уæрæсейæн ис йæхи рæстдзинад, махмæ, дипломаттæм та ис уыцы рæстдзинадыл æууæнк, æмæ уый фæрцы стæм æнувыд нæ куыстыл. Уæрæсейаг æддагон политикæйæн цы æнтыстытæ ис, уыдон адæмæн дæр цæстуынгæ сты», – банысан кодта уый.

Къарджиаты Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ, апрелы сæххæст уыдзæн аст азы, Уæрæсейы диплматон мисси Хуссар Ирыстоны кусын куы райдыдта, уыцы боныл. «Мах ам нæхи æнкъарæм хорз. Мах кусæм æргом æмæ цæстуынгæйæ. Æппæт уыдæттæ арæзт цæуынц Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы адæмты хæлардзинады сæраппонд», – банысан кодта минæвар, æмæ бузныг загъта республикæйы къухдариуæгадæн Тыбылты Леониды сæргълæудæй.

Хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæг йæхи ‘рдыгæй арфæйы ныхæстæ загъта уæрæсейаг дипломатон ведомствойы æппæт кусджыты номыл æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон йæхи сæрибарæй æнкъары Стыр Уæрæсейы фæрцы.

«Абон мах æрæмбырд стæм, цæмæй та ногæй банысан кæнæм Хуссар Ирыстоны Уæ-рæсейы дипломатон ведомствойы хайбавæрд нæ бæстæйы арæзтад æмæ хорз размæцыды фарстытæм. Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварадæн схонæн ис æппæты æрыгондæр, уый йæ куыстмæ æрæвнæлдта 2008 азы, нæ бæстæйы хæдбардзинад нымад куы æрцыд, уый фæстæ. Уымæн стыр аргъ ис», – загъта уый.

Тыбылты Леонид ма банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы æхсæн ахастытæн схонæн ис, æмбал кæмæн нæй, ахæм, уымæн æмæ не ‘хсæн æрцыд арæзт 90 сразыдзинад æмæ бадзырдæй фылдæр, æмæ уыдон бонæй бонмæ дзаг кæнынц ног мидисæй. Уыцы хъуыддаджы та ис, Президенты ныхæстæм гæсгæ, сæрмагондæй, Эльбрус Хъаныхъойы фырты хайбавæрд.

«Мах бæстон кусæм ууыл, цæмæй ног, раззагон æмвæзадмæ чи рахызт, нæ уыцы ахастытæ рæзой. Стыр Уæрæсе дæ хæлар уа, уый стыр амонд у», – загъта кæронбæттæны уый.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.