Нæ сыхаг бæстæ нæм æппынæдзух æртхъирæнтæ кæны æрбабырсынæй, нæ зæххытæ нын йæхи бакæнынмæ хъавы, æмæ кæд Уæрæсейы фæрцы абоны бон æвыд стæм, уæд сомбоны цы уыдзæнис, уый ничи зоны. Ныры онг Гуырдзыстоны къухдариуæгадæн йе ‘ргом æрмæстдæр АИШ-ы ‘рдæм здæхт уыд, фæлæ дзы фæзынд ахæм политиктæ, кæцытæ суæндыдысты се «’лдæртты» ныхмæ сдзурын. Æмæ уыдон уымæй сæхи не схъауынц, фæлæ бæлвырдæй уынынц, гуырдзиаг адæмы пайдайæн кæй ницы арæзт цæуы æмæ фидæны æрмæстдæр кæй уыдзысты украинæйаг хæстонтау амæлыны фос Уæрæсейы ныхмæ хæсты.

Æрæджы Гуырдзыстоны хицауиуæггæнæг парти «Грузинская мечта»-йы депутаттæ се ’нæразыдзинад равдыстой америкæйаг минæвар дипломат Келли Дегнаны архайдæй, кæцы, ома, сусæгæй æххуыс кæны оппозицийæн æмæ уый фæстиуæгæн æхсæнады уавæр æндыгъддæр кæны. Ам æмбæрстгонд сты америкæйаг минæвары хъуыдытæ æмæ къахдзæфтæ — Украинæйы цæуæг æфсæддон операциимæ АИШ-ы фæнды дыккаг фронт æрбакæнын Фæскавказы. Ацы стратегион къахдзæф тынг бандавдзæнис Уæрæсейыл — бар-æнæбары йæ бахъæудзæнис Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы бахъахъхъæныны сæр. Уый фæстиуæгæн йе ’фсæддонты хæстхъомдзинад фæкъаддæр уыдзæнис æмæ ма баййафдзæн экономикон зиæнттæ дæр.

Гуырдзыстоны ныры къухдариуæгад кæд æппæт иумæйаг санкцитыл йæ къух æрфыста, цы йын дзырдтой, уыдонæй алцæуылдæр сразы ис, уæддæр хицæнæй Уæрæсейы ныхмæ ницы зианхæссæг къахдзæфтæ сарæзта, уавæр конфликты онг нæ бакодта. Уымæн ис объектовон аххосæгтæ — гуырдзиаг диаспорæ Уæрæсейы бирæнымæц у æмæ Гуырдзыстоны цæуæг поли-тикон процесстыл тынг æндавынц. Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ æрвылаз дæр бирæ фæллой цæуы — æхца, хæлц, хойраг æмæ æндæртæ. Афтæ ма Гуырдзыстон йæ уæййæгты фылдæр хай Уæрæсемæ уæй кæны æмæ йæм уымæй дæр егъау æфтиæгтæ хауы. Стæй Советон Цæдисы саразгæ эко-номикон æмæ ма æндæр бастдзинæдтæ кæронмæ нæ аскъуыдысты, уæрæсейаг ка-питал Гуырдзыстоны егъау гуырахстæй уæвынад кæны æмæ сын ахæм уавæрты æн-дæр гæнæн нæй Гуырдзыстоны къухдариуæгадæн. Кæд сæ тынг разæнгард кодтой сæ хурныгуылæйнаг куратортæ хæст расидынмæ, уæддæр æй бæстæйы разамынад хорз æмбарынц, кæй сæ рæдийын кæнынц, кæй сæ тæрынц сæрсæфæн былмæ.

Гуырдзыстоны ныры къухдариуæгад сæ парти «Грузинская мечта»-имæ схицæуттæ сты АИШ-ы финансон æххуысы фæрцы æмæ сын ныр сæ ныхмæ дзурыны бар нæй. Фæлæ бынтон сæ адæмыл сæ къух сисой æмæ АИШ-ы фæндоныл цæуой, уый дæр растыл нæ нымайынц, се ’взарджытæ дæр сын нал схъæлæс кæндзысты. Уавæр хынцгæйæ сæ партийæ цалдæрæй рахызтысты æмæ сарæзтой ног политикон змæлд «Сила народа», кæцыйæн фæстæдæр ратдзысты политикон партийы ном æмæ радон æвзæрстыты хайад райсдзæнис. Ахæм маневр та сæ уымæн хъæуы, цæмæй сын сæ претензитæн комкоммæ зæгъыны бар уа ацы ног политикон змæлды фæрцы æмæ сæ æвзарджыты интерестæ исты хуызы ба-хъахъхъæной. Ныридæгæн социологон æрфарстыты фæстиуæгæн сбæлвырд кодтой, Гуырдзыстоны цæрджыты фылдæр хайы хæстон архайдтытæ кæй нæ фæнды æмæ ма разы кæй сты, цæмæй Уæрæсеимæ сæ ахастытæ фæхуыздæр кæной, ууыл дæр.

Æгæрыстæмæй, сæ Украинæйы политиктæ дæр критикæ кæнынц ныр цалдæр мæйы дæргъы, ома, нын фаг не ’ххуыс кæнут, уæ ныфс нæ хæссут хæст расидынмæ. Афтæмæй та Гуырдзыстоны равзаргæдæр фашисттæ ныридæгæн дæр Украинæйы хайад исынц хæстон архайдтыты — бирæтæ дзы мæлгæ дæр акодтой. Фæлæ уый, куыд уынæм, афтæмæй фаг нæу.

Келли Дегнаны сæрыл рахæцыд АИШ-ы Паддзахадон департамент æмæ сæ паддзахадон секретары æххуысгæнæг Карен Донфрид карзæй æрдомдта, цæмæй æнæбындурæй макæй аххосджын кæной, — ома, уæ бынаты æрбадут æмæ уæ «сыбыртт» куыннæ хъуыса. Уымæй уæлдай ма сæ фæаххосджын кодта, зæгъгæ, «демократон» фæндагæй фæиппæрд стут æмæ уый фæстиуæгæн Украинæ æмæ Молдавийы уæлдай нал райстат Евроцæдисмæ кандидаты статус.

Ам банысан кæнын хъæуы уый æмæ Гуырдзыстоны къухдариуæгад куы не сразы дыккаг фронт æрбакæныны бардзырдыл, уæд сын «лæгъзæвзагæй» ныфс бавæрдтой, ома, уын Евроцæдисмæ кандидаты статус ратдзыстæм. Фæлæ та ууыл дæр не сразы сты æмæ сыл уæд «лæгæрдын» райдыдтой æмæ сæ, æгæрыстæмæй, аххосджын кæнын райдыдтой, ома, уæрæсейаг интерестæ хъахъхъæнæг политиктæ стут. Афтæмæй та Гуырдзыстоны ныры «политикгæндтæ» сты америкæйаг æнæхицауадон организациты рауагъдонтæ. Фæлæ кæд дæ уагахаст нæ бæззы, хурныгуылæйнаг «демократты» коммæ нæ кæсыс, уæд уæрæсейæгты æвварс дæ, уæд дын нал «хæрын» кæнынц уæд се ‘мцæдисон дæр нал дæ! Хуымæтæг взагыл уый хуыйны «шантаж».

Уавæр куы карз кодта, уæд Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гарибашвилийы бахъуыд америкæйаг минæвары сæрыл рахæцын æмæ æрсидт критиктæм, цæмæй мауал æфхæрой сæ стратегион партнеры. Йæ раныхасы рæгъмæ рахаста, ома, 30 азы дæргъы АИШ Гуырдзыстоны цæрджытыл бахардз кодта 6 миллиарды бæрц доллартæй.

Ацы æхцайы фæрæзтæ гæнæн ис кæмæдæр бирæ фæкæсой, фæлæ æрвылаз дæр Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ æрмæст æхцайы фæрæзтæ бацæуы иу миллиардæй фылдæр доллартæй. Ардæм нæ хауынц экономикон бастдзинæдты фæдыл æххуыстæ, туризмы хæрдзтæ, уæрæсейаг амалиуæггæнджыты капиталтæ æмæ æндæр финансон фæрæзтæ, кæцыты фæрцы Гуырдзыстонæн фадат ис йæ паддзахадон функцитæ æххæст кæнынæн. АИШ Гуырдзыстонæн цы æхцайы муртæ раппары, уыдон афтæ ныдиссаг кæнынц, æмæ зæгъдзынæ — æнæ АИШ-æй гуырдзиæгтæ «сыскъуыйдзысты». Æцæгæй та æнæ Уæрæсе Гуырдзыстонæн фидæн нæй куыд паддзахадæн. Сæ разамындæй чидæртæ уый æмбарын райдыдтой. Æвæццæгæн, сæм ахæм хъуыдытæ Украинæйы æрцæугæ цауты фæдыл æрцыдысты — ирдæй йæ уынынц, АИШ-ы цæмæн хъæуынц гуырдзиæгты хуызæн «цагъайрæгтæ». Æмæ ам тæссаг у махæн — фидæны Гуырдзыстоны элитæтæ Уæрæсейы ’рдæм куы æрзилой.

Абоны бон АИШ нырма бæстон бадт кæны Гуырдзыстоны æмæ кæд цалдæр политикы сæ коммæ нал кæсынц, уæддæр сæм нырма уыдоны æрсабыр кæныны тыхтæ ис. Æввахс рæстæджы сæ «цагъайраджы къæлæт» аппарын сæ бон нæ бауыдзæнис, фæлæ АИШ-æн дæр йæхи проблемæтæ фылдæр кæнынц æмæ йын пайда куы нæ уал уа Гуырдзыстон, уæд æй фæуадздзæнис Афганистанау. Ахæм уавæры бахаугæйæ гуырдзиæгтæ цæхгæр ныззилдзысты, æмæ абоны бон знæгтæ кæй хонынц, уыцы Уæрæсейæн «кады» зарджытæ кæнын райдайдзысты.

Историйы ахæм цаутæ бирæ хæттыты æрцыдис æмæ гуырдзиæгтæ дæр уыцы «хъуыддæгтæм» рæвдз сты. Уæрæсейæн та мах хуызæн чысылнымæц нацитæ сæ геополитикæйы ницы ахъаз сты — фæзындзæнис дзы ахæм политиктæ, кæцытæ та сразы уыдзысты Хуссар Ирыстоны Гуырдзыстоны сконды «смидæг» кæныныл.

ДЖИОТЫ Алыксандр