Ахæм номимæ мыхуыры рацыд Гаглойты Къобайы чиныг, кæцыйæн презентаци уыд медиа-центр «Ир»-ы. Мадзалмæ хуынд æрцыдысты æхсæнады минæвæрттæ, библиотекæты кусджытæ, авторы коллегæтæ æмæ хæлæрттæ.  Чиныг «Сухой колодец» у радзырдты æмбырдгонд, фыст дзы æрцыдысты ивгъуыд æнусы 90-æм азты Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цаутæ æмæ уыцы цауты хайадисджыты историтæ, уыцы нымæцы, Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы æрттивгæ фæд чи ныууагъта æмæ абон нæ фæсивæдæн цæвиттойнаг чи сты, нæ нацийы уыцы хъайтартæ – Джиоты Алан (Парпат), Хуыбылты Валери (Хубул), Къæбысты Ацæмаз, Гæззаты Валери.

Мадзал уагъта медиа-центры кусæг Джиоты Замирæ. Уый загъта, зæгъгæ, ацы чиныгмæ бирæ æнхъæлмæ кастыстæм.

Джиоты Замирæ куыд банысан кодта, афтæмæй чиныджы хъайтартæ сты чъребайаг лæппутæ.

«Къоба фыссы чъребайаг хуымæтæг лæппутыл, кæцытæ Хуссар Ирыстонæн уæззау рæстæджы хъахъхъæдтой сæ райгуырæн къуым. Гуырдзиæгтæ Хуссар Ирыстонмæ куы æрбабырстой, уæд Къоба дæр йе ‘мбæлттимæ иумæ йæ къухмæ райста хæцæнгарз æмæ хъахъхъæдта йæ райгуырæн бæстæ. Йæ чиныг ын куы кастæн, уæд мæ зæрдæ фæрыст. Уый фæстæ йæ дыккаг хатт бакастæн, цæмæй лæмбынæгдæр бамбарон иуæй-иу моментты. Уыдон æрмæст радзырдтæ не сты, уый у серьезон чиныг. Ацы чиныджы радзырдтæ кæд юморимæ сты, уæддæр Къобайæн дæр æмæ уыцы лæппутæн дæр чиныджы фыст историтæ сты риссаг æмæ трагикон», – банысан кодта Джиоты Замирæ æмæ авторæн загъта бузныджы ныхæстæ, йæ чиныджы тыххæй æмæ «нын уыйбæрц хъайтартæ кæй базонын кодта, уый тыххæй».

Æцæгæй дæр Гаглойты Къобайæн бантыст йæ чиныджы хъайтарты миддуне равдисын. Чиныг кæсгæйæ дæм афтæ кæсы, цыма хъайтартимæ зонгæ дæ, æниу уыдо-нæй бирæты ис базонæн, лæппутæ кæрæдзийы цы нæмттæй хуыдтой, Къоба дæр сæ уыцы нæмттæй кæд фыссы, уæддæр. Уымæн æмæ уыцы лæппутæ цардысты не ‘хсæн, арæзтой Ирыстоны ног истори, сæ риутæй уыдон бахъахъхъæдтой сæ райгуырæн зæхх.

Чиныджы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта чиныджы хъайтартæй сæ иу – Сиукъаты Вадим.

«Ацы чиныг куы кастæн, уæд мæ зæрдыл æрлæууыдысты нæ республикæйы рæзты азтæ», – йæ эмоцитæ не ‘мбæхсгæйæ, банысан кодта Сиукъайы фырт.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, алы радзырды дæр æвдыст цæуы нæ иумæйаг истори, цы уæззау æмæ зын фæндæгтыл рацыдыстæм, уыдон. Уыцы лæппутæ сæ разы цы нысан сæвæрдтой, абон мах æрхæццæ стæм уырдæм.

«Чиныг кæсын куы райдыдтон, уæд мæ разы æрæвæрдтон авторы зæрдæйыуаг базоныны хæс. Радзырдты кæсгæйæ, алы фарсыл дæр бæрæгæй зынд, авторы зæрдæ кæй рыст йæ хæлæрттыл, йæ фыдыбæстæйыл», – банысан кодта Сиукъаты Вадим.

Къоба йæхи равдыста дзырды дæсныйæ, уымæн æнцонтæй бантыст чиныгкæсæгæй æмхъуыдыгæнæг саразын, чиныджы хъайтарты йын бауарзын кæнын. Уыимæ иумæ ма чиныг кæсгæйæ, адæймагмæ сæвзæры диссаджы эмоцитæ. Уый æцæг курдиат у.

Мæнмæ афтæ фæкаст, цыма чиныг æрдæг ныхасыл фескъуыд æмæ йæ æнæмæнгæй адарддæр кæнын хъæуы. Уымæ гæсгæ мæ фидарæй уырны, кæй йын уыдзæн дыккаг хай дæр æмæ æртыккаг хай дæр.

90-æм азты хайадисæг æмæ чиныджы хъайтартæй ноджы иу –   Цхуырбаты Тимур банысан кодта чиныджы ахсджиагдзинад. Уый куыд загъта, афтæмæй ахæм чингуытæ фæахъаз уыдзысты, Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы цы хъысмæтскъуыддзаггæнæн цаутæ уыд, уыдон зæрдылдарынæн, уымæн æмæ бынат ис уыцы цауты сзыгъуыммæ кæныны бахъавдтытæн.

Медиа-центр «Ир»-ы къухдариуæггæнæг Гаглойты Иринæ куыд загъта, афтæмæй мемуарон литературæйы чингуытæ хъуамæ уадзиккой стыр тиражтæй. «Сухой колодец»-ы фыццаг тираж уыд 500 экземпляры. Уый фæстæ ма рауагъдæуыд ноджыдæр уыйас.

«Мемуарон литературæ тынг ахсджиаг у. Чиныджы æвдыст æрцыдысты, уыцы рæстæджы истори чи арæзта, уыцы адæймæгтæ. Автор цы федта, уыдон ныффыста. Чиныджы дзырд цæуы хъайтартыл æмæ уникалон адæймæгтыл. Уыдон уыдысты нæ историйы. Чиныджы фыст трагикон цаутæм нæ кæсгæйæ, адæймаджы ныфс бацæуы, ома, кæд нæ царды иу хатт ахæм адæймæгтæ уыд, уæд ноджыдæр фæзындзысты», – банысан кодта Гаглойты Иринæ.

РХИ-йы Президенты Администрацийы Мидæггагон политикæйы фæдыл управленийы хистæры хæдивæг Джуссойты Алан авторæн загъта бузныджы ныхæстæ æмæ хъусдард аздæхта, ахæм чингуытæ нæ республикæйæн куыд ахсджиаг сты, æмæ сын цы стыр ахадындзинад ис, уымæ, Гаглойты Къобайы чиныг «Сухой колодец» Хуссар Ирыстоны истори кæй у, уый банысан кæнгæйæ.

«Цалдæр радзырды дзы бакастæн æмæ чиныг мæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Чиныг кæсгæйæ, адæймагджы йæ мысинæгтæ ахæццæ кæнынц уыцы цауты дугмæ. Æцæгæй дæр, уыдон æрмæст радзырдтæ не сты, фæлæ сты, уыцы азты нæ республикæ чи арæзта æмæ йæ хъахъхъæдта, уыцы адæймæгты тыххæй мысинæгтæ. Уыцы рæстæджы рæдыдтытæй хатдзæгтæ куы арæзтаиккам, уæд абон хуыздæр цæриккам», – загъта Джуссойты Алан.

Чиныджы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты доцент Тыбылты Азæ дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны фæлтæр стыр цымыдисæй кæсы ивгъуыд æнусы 90-æм азты цауты тыххæй информаци.

«Æз кусын университеты студенттимæ æмæ мæ зæгъын фæнды, ног фæлтæрæн 90-æм азты цаутæ тынг цымыдисон кæй сты. Æз сын кæд экономикæ амонын, уæддæр мын фадат куы фæвæййы, уæд сын фæдзурын 90-æм азы цаутыл, Къоба цы хъайтартыл фыссы, уыдоны тыххæй, Хуыбылты Валерийы, Парпаты æмæ æндæрты тыххæй. Уыцы историтæм уыдон фæхъусынц стыр цымыдисимæ», – банысан кодта Тыбылты Азæ.

Мадзалы раныхасгæнджытæй бирæтæ уыдысты зонгæ Гаглойты Къобайы чиныджы хъайтартимæ æмæ уыдоны тыххæй радзырдтой сæ мысинæгтæ. Æрæмбырдуæвджытæ  иууылдæр банысан кодтой, парахатæй рауадзын кæй хъæуы мемуарон литературæ Хуссар Ирыстоны æрцæугæ цаутыл, цæмæй иунæг «сау тæпп» дæр мауал уа Хуссар Ирыстоны ногдæр историйы. Æнæ ахæм чингуытæ, национ-сæрибаргæнæн змæлды хайадисджыты мысинæгтæй сæрибары сæрыл Хуссар Ирыстоны адæмы тох æххæстæй æвдыст не ‘рцæудзæн. Уымæн æмæ мысинæгты æмæ мемуарты цахæм хъæздыг æрмæг вæййы, уый нæ вæййы æндæр фæрæзты.

Æцæгæй дæр, тынг хъæуæг æмæ ахсджиаг сты ахæм чингуытæ. Чиныг «Сухой колодец»  фыст у хуымæтæг æвзагæй, нæй дзы æрымысгæ сюжеттæ. Автор фыссы, йæхæдæг æвдисæн цæмæн уыд, æмæ уæхски-уæхск цы лæппутимæ хъахъхъæдта йæ райгуырæн зæхх, уыдоныл, кæцытæ иу уысммæ систы фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ. Уыдонæн царды кæд хицæн цæстæнгæстæ уыд, уæддæр райгуырæн бæстæйæн уæззау рæстæджы, тохы быдыры уыдысты æмвæнд æмæ сæ удтыл нæ ауæрдгæйæ, сæ риуы æмбæрц цыдысты размæ. Уыдон уыдысты уыцы рæстæджы хъайтартæ, фæлæ дзы, стыр хъыгагæн, бирæтæ абоны бон рохæй аззадысты.

Презентацийы хайадисджытæ базонгæ сты, чиныджы бæрнон редактор Елена Адал цы фыстæг-аргъгæнд æрæрвыста, уыимæ, цыран уый фыссы, зæгъгæ, ацы чиныджы руаджы базонгæ Хуссар Ирыстоны хъайтартимæ.

«Ацы чиныгыл кусгæйæ мæм уыцы амонд æрхауд, æмæ бацагайтон уæ паддзахады цымыдисон, кадджын историйы сыфтæм, базонгæ дæн йæ хуыздæр минæвæрттæ-патриоттимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æз дзурын Гаглойты Къоба æмæ йæ бирæнымæц хæлæртты тыххæй. Сæ ном æнустæм цæрæд, йæ Райгуырæн бæстæйы сæрыл чи тох кодта æмæ абоны онг чи нæ фæцард, уыдонæн. Мæн дисы æппарынц уыцы радзырдты документалон историтæ, æмæ йæ æмбарын, ахæм æрвылбонон, фыццаг бакастæй цардуагон цаутæй, иуæй-иу хатт чысыл уæлахизтæй арæзт кæй вæййы национ, хъайтарон-патриотон удварн», – дзырдæуы фыстæджы.

Йæ фыстæджы Елена Адал куыд банысан кодта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Гаглойты Къобайы фыццаг чиныг, ахæм резонансон æмæ зæрдиагæй райстæрцæуæг радзырдты æмбырдгонд, хæдгъуыз æмæ оригиналон мемуартæ тагъд рæстæджы дарддæргонд æрцæудзысты.

«Уæ сомбон кæй къухты ис, уыцы фæсивæды ахæм уацмыстæ ахуыр кæнынц, реалон хъæбатырдзинад æмæ патриотизмыл, уыдон куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсдзысты сæ Райгуырæн бæстæмæ. Радзырдты цы хъайтартæ ис, хаттæй-хатт æнæхъола, кæддæр цæсты нæахадгæ, хуымæтæг лæппутæ, царды федтой хорз дæр æмæ æвзæр дæр, кæцыдæртæн сæ уагахасты ис къæм, фæлæ уымæ нæкæсгæйæ,  иууылдæр иузæрдион сты сæ Райгуырæн бæстæйыл, уыдонæн нæй ферохгæнæн, æмæ сæ адæттын хъæуы кæстæр фæлтæрмæ мады æхсыримæ, райгуырæн зæххы фыццаг сулæфтимæ», – фыссы Елена Адал.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, чиныгæй спайдагæнæн ис, иумæйагахуырадон скъолаты программæйы фæлгæтты, минимум – къласæн æддейæ кæсыны.

Йæ рады Гаглойты Къоба бузныг загъта æрæмбырдуæвджытæн, рæстæг кæй ссардтой æмæ чиныджы презентацимæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. Автор стыр райгонды æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн, радзырдты æмбырдгонд рауадзынæн ын финансон æххуыс кæй бакодта, уый тыххæй.

Осиаты И.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.