Цхинвалы центры Анахарсисы номыл библиотекæйы фарсмæ дарддæр арæзт цæуы Сыгъдæг Æртæиууоны аргъуан. Йæ аразынмæ куыд зонæм, афтæмæй æрæвналдæуыд ивгъуыд аз апрелы мæйы æмæ куыд нæ горæттæгтæ, афтæ нæ уазджытæ дæр ацы арæзтады рæзты цæугæйæ, æвдисæн сты, бонæй-бонмæ йæ кæройнаг хуыз кæй исы, уымæн. Йæ арæзтад дзуапп дæтты чырыстон аргъуанты бæстыхæйттæ æмæ арæзтæдтæ проект кæныны домæнтæн, афтæ ма технологион домæнтæн дæр.

Йæ аивдзинадæй цæстæнгас йæхимæ чи здахдзæн, уыцы ног аргъуан æнæмæнг рафидауын кæндзæн нæ горæты централон хай. Аргъуанæн йæ бæрзæнд у 23,8 метры. Йæ иумæйаг фæзуат та 638 квадратон метры. Ардæм иурæстæджы бацæуæн уыдзæн 400 адæймагæн. Ныртæккæ ам аразынц дзæнгæрджытæ кæй уыдзысты, уыцы æфсæн конструкцийы – аразджытæ дзы кæнынц æндадзæн куыстытæ. Афтæ ма активонæй куыст цæуы аргъуаны къулты туфдурæй фæлындзыны куыстытыл. Ацы туфдур, арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Мегаполис»-ы прораб Æлборты Алан куыд зæгъы, афтæмæй йæ ласынц Сомихæй. Уый у вулканæй равзæргæ дур, ис ын хырыз сконд. Йæ хуыз у рæсугъд æмæ, сæйраджыдæр, та у фидар æмæ лæууы бирæ. Ахæм дурæй фæлгондз аргъуантæн ис ирд индивидуалон характер, эстетикон æгъ-дауæй дæр сты аив.

Ацы куыстытæй дарддæр ма кусджытæ кæнынц мидæггагон куыстытæ дæр – къулты сæрдынц. Уыдон сæрст куы фæуой, уæд та æрæвналдзысты, куыд къулты, афтæ цæртты дæр ахорæнæй сæрдынмæ. Аргъуан арæзт куы фæуа, уæд хæрзарæзт æрцæудзæн йæ алыварс территори дæр æмæ суыдзæн нæ горæттæгты уарзондæр бынæттæй сæ иу.

Ныртæккæ та ам куыстытæ цæуынц графикмæ гæсгæ æмæ сын сæ гъæдмæ фау æрхæссæн нæй. Чи дзы кусынц, уыдон сты сæ хъуыддаджы дæснытæ. Æдæппæтæй сты 12 адæймаджы. Ифтонг сты техникæйæ дæр.

Аргъуан арæзт цæуы Андрей Первозванныйы фонды финансон æххуысæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.