10-æм ноябры горæт Владивостокы Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны кадджын консул Деметы Ясон хайад райста Адæмы иудзинады боны цытæн бæрæгбонон химæрайсты. Мадзал сорганизаци кодта Владивостокы Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæварад.

Деметы Ясон раарфæ кодта УФ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады сæрмагонд хæслæвæрдты фæдыл минæвар, горæт Владивостокы Уæрæсейы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады территориалон органы сæргълæууæг Андрей Броварцæн — ацы бынаты йæ кæй баурæдтой, уый тыххæй. Афтæ ма раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн национ уæрæсейаг бæрæгбоны цытæн.

Цытджын уавæры Деметы Ясон РХИ-йы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады ве-домствойон хорзæхтæ радта официалон адæймæгтæн горæт Цхинвал æмæ горæт Владивостокы ’хсæн æфсымæрон бастдзинæдтæ саразыны тыххæй Сразыдзинадыл къухтæ æрфыссынмæ стыр хайбавæрд кæй бахастой, уый тыххæй. «Дунеон æмгуыстадмæ хайбавæрды тыххæй» майданæй хорæзхæджын æрцыдысты А. Броварец, горæт Владивостокы Думæйы сæрдар А. Брик, æмæ горæт Владивостокы администрацийы дунеон ахастыты управленийы хистæр Ю. Журавель. РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты минстрады Кады грамотæтæй та хорзæхджын æрцыдысты горæт Владивостокы администрацийы дунеон ахастыты управленийы хайады хистæртæ Инна Пасечник æмæ Антонина Евтушенко.

Демейы фырт ныр 40 азæй фылдæр цæры ацы крайы. Цæгат Ирыстоны Орджоникидзейы паддзахадон медицинон инстиуты цыппар азы сахуыр кæныны фæстæ йæ ахуыр аивта горæт Горькийы меди-цинон институты æфсæддон-медицинон факультеты денджызон хайадмæ æмæ йæ каст фæцис 1978 азы. Уый фæстæ йæ арвыстой Сабыр денджызы флотмæ.

Фараст азы æфсæддон-денджызон развæдсгæрсты наутыл службæ кодта, æртæ азы — Цæгат Африкæйы — Эфиопийы. Уыд медицинон службæйы хистæр хирург. Йæ чысыл госпиталы уыд 50 бынаты æмæ æвæрд та уыд ахæм бынаты, æмæ йæм алырдыгæй тахтысты снарядтæ. Афтæмæй дохтыртæ сæ куыст æххæст кодтой. Йæ раздæры командир Барис Пленков ирд характеристикæ радта Ясонæн: «Хирург Демейы фырт æхстыты бын арæзта тынг вазыгджын операцитæ. Карз тохты рæстæджы-иу мах бамбæхстыстæм æмбæхсæндоны, фæлæ уый йæ дохтыртимæ никуы ацыд операцигæнæнæй. Хъæбатыр адæймаг æвидигæ куыстхъомдзинадимæ. Æгъдауджын æмæ раст адæймаг. Æнувыд у йæ профессийыл æмæ фронтон хæлардзинадыл».

Эфиопийы фæстæ æрбаздæхт æмæ 20 азæй фылдæр службæ кодта Сабырденджызон флоты госпиталон нау «Иртыш»-ы. 2013 азы «Иртыш» цалдæр мæйы æххæст кодта æфсæддон науты къордты медицинон ифтонгады фæдыл хæстæ Сабырденджызон флоты Японы, Охотскы æмæ Берингы денджызты егъау масштабон ахуырты. Демейы фырт ма Эфиопийы йедтæмæ службæ кодта Вьетнам, Ангола, Йемен æмæ æндæр бæстæты.

«Нæ райгуырæн бæстæйæ дард Приморскы цæрæг ирæтты, фæнды, цæмæй нæхи бахъæхъхъæнæм куыд наци, афтæ. Нæ фыды зæхх тынг кæй мысæм, уымæ гæсгæ нæм фæзынд ирон диаспорæ „Осетия“ саразыны хъуыды. Арæх æмбырд кæнæм, иумæ скъуыддзаг кæнæм æппæт фарстатæ. Алчидæр нæ æмбары иу хъуыддаг, не ‘гъдæуттæ æмæ традицитæ куынæ хъахъхъæнæм, уæд ассимилацигонд æрцæудзыстæм стыр адæмты ’хсæн. Фæнды мæ цæмæй ирæтты ам зоной фылдæр. Не ’хсæнады кусынц мадæлон æвзаг, национ кæфтытæ æмæ зарджыты къордтæ. Æдæппæтæй не ’хсæнады стæм 700 ироны бæрц æмæ Дард Хурскæсæны зылды та æмткæй стæм цалдæр мин ироны. Алыхатт дæр фæнысан кæнæм ирон национ бæрæгбонтæ. Зарæм ирон зарджытæ, кафæм ирон кæфтытæ», — зæгъы Демейы фырт.

Деметы Ясон, отставкæйы булкъон, 2011 азы ссис УФ-йы Дард Хурскæсæны зылды Республикæ Хуссар Ирыстоны кадджын консул. Владивосток ссис уæрæсейаг горæттæй фыццаг, Мæскуыйы фæстæ, кæцыйы баконд æрцыд Хуссар Ирыстоны минæварад.

Медицинон службæйы булкъоны лæггæдтæ нысан æрцыдысты аккагæй, лæвæрд ын æрцыд «Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт дохтыр»-ы кадджын ном.

Уадз, ирон лæджы ном кæддæриддæр кадджын уæд Дард Хурскæсæны зæххыл!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.