Аргъуаны цæстæнгасæй Сыгъдæг Цыппæрæммæ куы кæсæм, уæд ацы бæрæгбон баст у Сусæг Ӕхсæвæримæ. Уыцы изæр Чырысти зыдта йæ хъысмæт, Иуда йæ кæй ауæй кæндзæн. Уый уæд фæдзырдта йæ æртындæс Апостолмæ  æмæ сын радзырдта йæ дарддæры хъысмæт куыд уыдзæн, уый тыххæй. Уый сыл саргъуыдта æмæ сын сæ къæхтæ ныхсадта, афтæмæй сын уый æмбарын кодта кæй цæуы се хсæнæй, уый.

Сыгъдæг Цыппæрæмы æнæмæнг хъæуы раджы сыстын æмæ хи анайын, цæмæй дæхи асыгъдæг кæнай алы фыдбылызтæй. Ацы бон, зæгъгæ, дон у æппæты хуыздæр, кувинагау сыгъдæг. У удтæ сыгъдæггæнæг, æппæт хорзæхтæй хайджынгæнæг, адæмæй, фосæй, дзаумайæ – алкæй дæр æмæ алцы дæр фæрнæйдзаг кæны.

Уымæ гæсгæ ацы бон алы сылгоймаг дæр тырны йæ хæдзары къуымтæ асыгъдæг кæныныл, æфснайдтой-иу къуымрæбынæй, æхсадтой рудзгуытæ, дуæрттæ, мигæнæнтæ.

Хъæуы адæм æфснайдтой сæ цæхæрадæттæ, хъæууынгтæ, скъæттæ… Уыцы бон сыгъдæгдзинадыл цин кодта алчи дæр, æгæрыстæмæй, цъиутæ дæр æмæ фос дæр.

Сыгъдæг Цыппæрæмы ма ахсджиаг хъуыддаг уыд бирæ æртытæ кæнын. Фæсивæд-иу цъыхырытæ æмæ хъæмпæй æртытæ бандзæрстой æмæ-иу сæхи аирхæфсыны тыххæй арты сæрты гæппытæ кодтой, сæ цæхæр сын-иу хъæуы алы рæттæм фæхастой. Уырныдта сæ, уыцы уалдзыгон æртытæ дæр ахъаз кæй фæуыдзысты, сæ хортæ цæмæй фесгуыхой, уымæн. Уый ууыл дзурæг у, æртытæ хъæмпæй кæй фæкæнынц, уый.

Куадзӕны айк. Куадзӕны айк нысан кӕны цард, ӕндидзынад. Адӕймаг фыццаг цы хъуамӕ бахӕра мархойы фӕстӕ, уый арфӕгонд айк. Фыдӕлты таурӕгъмӕ гӕсгӕ, Мария Магдалинӕ, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ иу, Римаг император Тиберимӕ куы бацыд, уӕд ын загъта, зӕгъгӕ, Чырысти райгас. Уый йӕ къухы бахаста айк. Тиберийы, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ бауырныдтой сылгоймаджы ныхӕстӕ ӕмӕ йын загъта: “Куыд айк не ссырх уыдзӕн, афтӕ Чырысти дӕр нӕ райгас уыдзӕн”. Уыцы ныхӕсты фӕстӕ уайтагъд айк асырх.

Рагон адӕмтӕй бирӕтӕм уалдзыгон бӕрӕгбонты рӕстӕг айк тынг кадджын уыди. Муртаттаг заманты айк нымад цыди уалдзӕджы фӕсномыг нысаныл, царды суадоныл. Ахӕм ахадындзинад ын кӕй уыди, уыйадыл чырыстон дины ахуырадмӕ гӕсгӕ сси мӕрдтӕй здахыны сусӕгдзинадхӕссӕг нысан. Уыимӕ баст у, нӕ дуджы IV ӕнусы чи фӕзынд, уыцы ӕгъдау – ӕйчытӕ скодтой Хуыцауы комытӕфдзыд.

Рæвдуæттæ ахурыны æгъдауæн йæ уидæгтæ цæуынц рагон эртрусаг рæстæгмæ. Зындгонд  хабар у, эртрусаг обауты археологтæ  кæй ссардтой ахуырст рæвдуæттæ, æмæ хауынц VII æнусмæ нæ эрæйы агъоммæ.  Рæвдуæтты уæлæ уыд цъиуты æмæ сылгоймæгты куыд кафынц, уыцы нывтæ, афтæ ма зæхкуысты нывтæ дæр.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.