Æвæццæгæн ахæм адæймаг нæ разындзæн, йæхи, йæ бинонты Джеры дзуарæн чи нæ афæдзæхсы. Сæхи фæдзæхсынмæ бирæ адæм цæуынц йæ бынмæ дæр.

Ацы аз Джеры дзуары бонтæ куы райдыдтой, уымæй цалдæр боны фæстæ æз дæр ме ‘ввахс хиуæттимæ ссыдтæн йæ бынмæ.

Дæлдæр цы дзурдзынæн, уыдон бæргæ куы нæ зæгъин, фæлæ сæ ма зæгъон, уый æвзæрдæр у. Уымæн æмæ сыгъдæг, уаз бынаты ма хъуамæ уа бынат æнæгъдау митæн, уæлдайдæр та дзы сывæллæттæ дæр куы уа, уæд. Саби та цы фæуыны æмæ фехъусы, ууыл ахуыр кæны. Уæдæ, мах, хистæр кары адæм, хæсджын стæм æмæ ма зыгъуыммæ кæнæм нæ кæстæрты зондахаст.

Фæстаг рæстæджы бирæтæй фехъусын, зæгъгæ, сыгъдæгдзинад дзæвгар фæхуыздæр Джеры дзуары алыварс. Æз дæр уыдтæн ацы хъуыдыйыл лæуд, фæлæ дзуары бын фæзмæ æрбацæугæйæ, цасдæрбæрцæй аивтон мæ хъуыды. Ссардтон рæстæг æмæ азылдтæн адæм сæхицæн æмæ сæ хиуæттæн кæм фæкувынц, уыцы мæнгагъуыстыты алыварс. Мæнгагъуыстытæй кæд иутæ сты ног арæзт, уæддæр уыдонмæ æввахс, сæ алыварс стымбыл бирæ брон. Ацы фарсты фæдыл иу цалдæр адæймагимæ ныхас дæр акодтон. Сæ хъуыдытæй иу уыд, зæгъгæ дзы сæвæрын хъæуы бронкалæн асыччытæ, уæлдайдæр та йæ бонты æмæ, зæгъгæ, уæд уавæр афтæ нæ уаид. Уый дæр раст у, фæлæ   ардæм чи æрбацæуынц æмæ сæ фæстæ брæттæ чи ныууадзынц, уыдонæн мæ зæгъын фæнды: кæд уæ бон у æмæ сæдæгай килограммтæ хæринæгтæ ардæм æрбаласат, уæд уæ бон цæмæннæ у, дзуармæ цæугæйæ афтид голлаг уемæ райсын, брæтты йын йæ мидæг ныккалын æмæ сæ уырдыгæй кæдæм æмбæлы, уырдæм аласын. Уæ бон у, фæлæ не ‘нкъарут ахæм бæрндзинад.

Раппæлинаг нæу дзуармæ сылгоймæгты иуты ахаст дæр. Уыцы бон дзуармæ цы бирæнымæц сылгоймæгтæ æрбацыд, уыдонæй иуæй-иутæй дарддæр кæлмæрзæн никæуыл уыд. Сæ фылдæр та, раст цыма дзуармæ нæ, фæлæ æрдзы хъæбысмæ цыдысты улæфынмæ, уыйау сæ конд уыди æргом, æнæмбæлон ахæм бынæттæн. Дзуармæ ахæм хуызы цæуын не ‘мбæлы, æмæ йæ кæд чидæр нæ зоны, уæддæр иннæтæ сты хæсджын  æмæ йын бацамоной.

Уыцы бон иу рæстæджы адæм дзуармæ бахизæны раз афтæ сбирæ сты æмæ дзы кæйдæрты æнхъæлмæ кæсын бахъуыд сахатмæ æввахс. Уыцы рæстæджы та бирæтæ æнауæрдонæй нуæзтой карз нуазинæгтæ, истой нывтæ, арæзтой «селфитæ». Уый дæр у, къух сисын кæуыл æмбæлы, ахæм, мæгуырау миниуæг æмæ нæ зондахасты мауал хъуамæ уа.

Чидæртæ дзуармæ цалдæргай метртæ цыдысты бæгъæмвадæй. Раздæр дæр æххæст кодтой ахæм ритуал, фæлæ уæд сæ къахыдзаума не ‘ппæрстой, кæй кæм бафæндыд æмæ йын кæм æнцондæр уыд, ахæм бынæтты. Мæн дæр æмæ ма бирæты нæ фæндыд æд кувинæгтæ искæй къахыдарæсы ‘хсæнты цæуын, уыцы æнæзæрдæмæдзæугæ ныв уынын.

Зæрдæмæдзæугæ ма нæу иу æндæр ахæм миниуæг. Басæттæм ыл æгæр бирæ монцытæ нæм вæййы минас фæкæнынмæ. Уый  бирæтæн уыцы бон сæ къухты бафтыд æнцонæй, фæлæ, цымæ, ацы бынатмæ уый тыххæй фæцæуынц, æви дзуары сыгъдæг ном ссарынмæ æмæ дзы æххуыс ракурынмæ?

Дзуармæ, сыгъдæг бынатмæ цæуыны размæ алкæмæ дæр сæвзæры сыгъдæг хъуыдытæ. Ахæм хъуыдытимæ та не ‘мбæлы æнæгъдау митæ кæнын,  алчидæр хъуамæ архайа æгъдау æмæ уæздандзинад æвдисыныл.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.