Медиа-центр «Ир»-ы ауагъдæуыд тымбыл фынг брæтты хицæнтæй сортировкæ кæныны темæйыл, цыран дзырд цыд цæмæй республикæйы скъолаты æвæрд æрцæуа сæрмагонд контейнертæ, дыккаградон хомысæн цы брон бæззы, уыдон хицæн кæныны нысанæн.

Йæ организатортæ уыдысты экологион организаци «Кæрдæггъуыз Алани» æмæ фæлхасадон баззайæццæгты дыккагæй бакусыны фæдыл компани «Сыгъдæг дуне»-йы минæвæрттæ. Мадзалы хайад райстой сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Æлборты Алан, ахуырадон уагдæтты къухдариуæггæнджытæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

«Кæрдæггъуыз Алани»-йы сæргълæууæг Габайты Зæлинæ  куыд радзырдта, афтæмæй кæд сæ компани кусы афæдз æмæ æрдæджы бæрц, уæддæр уыцы рæстæджы дæргъы республикæйы экологийы фервæзын кодта 200 тоннæ пластикæй, æмæ дыккагæй бакусæн цы брæттæн ис, уыдонæй. Банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй брæтты хицæнтæй æмбырд кæныны акци скъолаты æнтыстджынæй ацæуа, уый тыххæй скъоладзаутæн ауадзын хъæуы экоуроктæ, бамбарын сын хъæуы, уыцы хомысæй ногæй спайдагæнæн кæй ис, кæй дзы ис ног предметтæ аразæн, сахуыр сæ хъæуы сæ алфæмблай æрдз раст хъахъхъæнын.

«Фыццаг рады мах сидæм скъолаты директортæм, уымæн æмæ уыдон хуыздæр зонынц, мах куы бацæуæм къласмæ æмæ сын куы дзурæм, куыд хицæн кæнын хъæуы брæтты, дуне сыгъдæг дарын куыд ахсджиаг у æмæ уыцы хъуыддаг куыд пайда у, уыдæтты тыххæй, уæд сывæллæттæн уыцы хъуыддагмæ цы реакци уыдзæн, уый. Нырма уал нæ фæнды скъолаты иугай уроктæ ауадзын. Фæнды ма нæ сабатбонты зиутæ ауадзын, уымæн æмæ дзы сывæллæттæ активон хайад райсынц», – радзырдта Габайты Зæлинæ.

Мадзалы æвдыст цыд видеоролик «Логично жить экологично», цыран пропагандæ цыд брæтты хицæнтæй æмбырд кæнын. Организаторты фæнды, цæмæй урнатæ скъолаты раз æвæрд цæуой ацы роликимæ. Проекты нысан æрмæст уый нæу, цæмæй брæттæ урнаты æппæрст цæуой, фæлæ хъуамæ æвзæрст цæуой, дыккагæй исты саразæн кæцытæй ис, уыдон. Сывæллæттæн бамбарын кæнын хъæуы, цы пластикæй мигæнæн аппæрстæуыд, уымæй æндæр цыдæр саразæн кæй ис.

«Сыгъдæг дуне»-йы уагдоны сæргълæууæг Плиты Константин радзырдта, брæттæ хицæнтæй æмбырд кæныны тыххæй урнатæ уал райдианы æвæрд кæй æрцæудзысты горæты, фæстæдæр та – республикæйы районтæм цы фæндæгтæ цæуы, уымыты.

«Æз æй куыд бамбæрстон, афтæмæй республикæйы цæрджыты 50 проценты не ‘ндавы ацы хъуыддаг. Алы адæймаг дæр кусы йæхи сæрмагонд проблемæтыл. Уый тыххæй мах фæнды адæмæн хæрзвадат уавæртæ саразын – хицæнгонд брæтты тыххæй фыстимæ урнатæ сæвæрын. Урна цы хуызы брæттæн уа, уый йыл фыст куы уа, уæд æнцондæр уыдзæн брæтты хицæн кæнын. Дымгæ горæты къуымты ныппырх кæны дыккагхомысон брæтты. Нæ урнатимæ ахæм проблемæ нæ уыдзæн, уый фæстиуæгæн нæ горæт фæсыгъдæгдæр уыдзæн. Уымæй дарддæр ма урнатæ æрæвæрдзыстæм районтæм фæндаггæрæтты, цæмæй цæлкæнынмæ фæсгорæт чи вæййы, уыдон æрдз ма чъизи кæной, фæлæ-иу сæ брæттæ раласой æмæ сæ уыцы урнаты ныппарой», – банысан кодта Плиты Константин.

Ахуыргæнæн уагдæтты сæргълæуджыты хъуыдымæ гæсгæ уал, развæлгъау, скъолаты буклеттæ æмæ къулын газетты руаджы сывæллæттæм фæхæццæ кæнын хъæуы, брæтты хицæнтæй æмбырд кæныны тыххæй информаци.

Ахуырады министрады минæвар Сиукъаты Ольгæ фæндон бахаста, цæмæй, цалынмæ скъолаты раз контейнертæ не ‘рцæуой æвæрд, уæдмæ уал сывæллæттæн равдисын хъæуы видеороликтæ нæ, фæлæ плакаттæ, цыран нысан уыдзысты, кæцы брæттæ цæудзысты утилизацигонд æмæ кæцытæ – нæ.

Дыккæгæм астæуккаг скъолайы директор Ольга Михаилидийы хъуыдымæ гæсгæ дæр сывæллæтты бацæттæ хъæуы брæтты хицæнтæй æмбырд кæнынмæ.

«Цалынмæ контейнертæ æвæрд не ‘рцæуой, уæдмæ уал скъолаты сараздзыстæм  цæттæгæнæн плæнттæ, сывæллæттæн бамбарын кæндзыстæм, брæтты хицæнтæй æмбырд кæнын цæмæн хъæуы, уый. Цалынмæ сымах урнатæ æвæрат, уæдмæ сывæллæттæ цæттæ уыдзысты уыцы процессмæ», – загъта уый.

Йæ рады Æлборты Алан банысан кодта, зæгъгæ, брæтты хицæнтæй æмбырд кæныны фæдыл куыстуаты хъæуы паддзахады æххуыс.

«Президент фембæлд куыстуаты къухдариуæггæнæгимæ æмæ ацы ногдзинад йæ зæрдæмæ фæцыд. Ныртæккæ уагдон энтузиазмыл æнцой кæны æмæ цасдæры фæстæ куыстуатæн куынæ баххуыс чындæуа, уæд  йæ куыст æрлæудзæн. Уый тыххæй йын баххуыс кæнын хъæуы техникæйæ, хъæуы йæ, цæмæй йын паддзахад радта субсиди. Уæд сын кусын æнцондæр уыдзæн. Фембæлын ма хъæуы амалиуæггæнджытимæ. Уыдон хъуамæ æмбариккой брæтты хицæнæй æмбырд кæныны ахсджиагдзинад æмæ баххуыс кæниккой, ацы куыст чи кæны, уыдонæн», – бахахх кодта депутат.

Æлборты Аланы ныхæсты фæдыл Плиты Константин бафиппайдта, зæгъгæ, афæдз æмæ æрдæг кусынц, фæлæ нырма, нæдæр паддзахадæй æмæ нæдæр æндæр организацитæй, ницы æххуыс райстой.

Уый фехъусын, кодта зæгъгæ, брæтты хицæнтæй æмбырд кæныны идея  Тедеты Андрейы у.

«Тедеты Андрей  Мæскуыйы цæры. Стыр горæтты уыцы хъуыддаг тынг пайдаджын бизнес у. Нæ республикæйы та, цæрджыты нымæц бахынцгæйæ, ахæм бизнесæн саразæн нæй. Фæлæ Тедейы фырт йæ разы æрæвæрдта ахæм хæс, зæгъгæ, кæд рауайа, уæд – хорз, куынæ рауайа, уæддæр пайда уыдзæн паддзахадæн. Æмæ мæнæ афæдз æмæ æрдæджы бæрц мах кæнæм уыцы куыст, фæлæ паддзахадæй ницы æххухыс райстам. Кусæм æрмæстдæр энтузиазмыл», – банысан кодта Константин.

Брæттæ æмбырд æмæ сортировкæ кæныны культурæ сывæллæтты ‘хсæн ныббиноныг кæныны ахсджиагдзинады тыххæй радзырдта компанийы минæвар Плиты Дарья.

«Махæн соцхызæджы ис фæрстæ, æмæ нæм уырдæм активонæй фыссын райдыдтой сывæллæттæ. Ахсджиаг уый у, æмæ сывæллæттæ сæхæдæг ацы хъуыддаг пропагандæ кæнынц сæ бинонты ‘хсæн. Уый фæстиуæгæн сæ ныййарджытæй æвæрынц æххуысы ныфс.

Кæронбæттæны акцийы организатортæ банысан кодтой, зæгъгæ, Ахуырады министрадмæ æрвыст æрцæудзæн фыстæг, цыран æрдомдзысты, цæмæй скъолаты ауагъдæуа экоуроктæ æмæ сабатбонтæ. Фыстæджы ма фыст уыдзæн информацион программæ, скъолаты экологион мадзæлттæ ауадзыны тыххæй.

ОСИАТЫ Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.