Дон у алыгъуызон хъæууонхæдзарадон культурæтæй хъæздыг тыллæг райсыны сæйрагдæр гуырæнтæй иу. Уымæ гæсгæ хæдзардзин зæхкусæг уымæй пайда кæны æмбæлон æгъдауæй æмæ йæ тыллæг дæр рауайы зæрдæйы фæндиаг. Фæлæ донхæры дон цæрджытæм фæхæццæ кæныныл та кусы сæрмагонд куыстуат. Уый хъаруджын архайдыл баст у сезоны дæргъы доны æнæкъуылымпы цыд. Нæ республикæйы ахæм у «Мелиораци»-йы Паддзахадон унитарон куыстуат. Уый, йæ фадæттæ æмæ уавæртæ йæ куыд амонынц, афтæ рæстæгыл бацархайы донхæры сезоныл æххæст цæттæйæ сæмбæлыны сæраппонд. Ацы азы сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ райдыдтой ивгъуыд аз декабры райдайæны, сæххæст дзы кодтой иуæй-иу куыстытæ, стæй сæ архайд æрурæдтой бæрæг аххосæгтæм гæсгæ. Куыддæр боныгъæд фæхуыздæр, афтæ та февралы мæйы æрæвнæлдтой сæ хæстæ æххæст кæнынмæ, æмæ кæд æвзарынц зындзинæдтæ техникæйы хъуагдзинадæй, уæддæр тырнынц сæ разылæууæг хæстæ рæстæгыл ахицæн кæнынмæ.

Куыстуаты директор Хуыгаты Владимир куыд радзырдта, уымæ гæсгæ сыгъдæг æрцыд, горæты цады цур цы къанау цæуы, уый. Дарддæр сыгъдæг кæныны куыстытæ ахæццæ сты Гафезы районмæ дæр æмæ йæ тагъд рæстæджы æмбæлон фæткмæ æркæндзысты иууылдæр. Цхинвалы районы Хелцуайы хъæуы донхæры къанауы куыстытæ кæронмæ фесты бындуронæй, уымæн йæ дæргъ у 1,5 км. Доны фæндаг дарддæр кæдæм цæудзæн, зæгъгæ, уыцы фарст Хуыгайы фыртæн дæр хъуыдыйаг уыд, æмæ йын бæлвырд-бæрæг дзуапп нæ радта. Сыгъдæггæнæн куыстытæ æххæст цæуынц Дменисы хъæуы дæр, фæлæ ам дæр куыстуат æвзары зындзинæдтæ. Цæвиттон, къанауы сæрмæ иуæй-иу цæрджытæ уæлдæфы айтыгътой сæндæттæ æмæ техникæйæн нæй уырдæм бацæуæн. Æвæццæгæн, нæ бахъæудзæн барадхъахъхъæнæг ор-ганты æххуыс, ацы фарст æрбæстон кæныны тыххæй. Донхæры доны иннæ хахх та цæуы Чъехы хъæуæй æмæ дзы фæпайда кæнынц Цхинвал æмæ Знауыры районты иуæй-иу хъæутæ, уымæн йæ иумæйаг дæрддзæг у 28 километры. Ацы къанау сыгъдæг кæнынмæ дæр бавнæлдта æндæр бригадæ. Куртайы сæрмæ къорд азты дæргъы сыгъдæг никуы æрцыд, фæлæ йыл ныр куыстæуы æмæ 2 км сыгъдæг æрцæудзæн 10 бон-мæ. Къостайыхъæуы бынмæ, фермæтæ кæм уыдысты, уыцы бынатмæ æввахс, фарон доны хæтæлтæ атыдтой стыр къæвдаты аххосæй. Дон цы бынатæй калд,  уый кусджытæ баиу кодтой лыстæгдæр хæтæлмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, дон æххæст хъомысадæй нал хæццæ кодта Знауыры районы иуæй-иу хъæутæм æмæ тыхстысты. Зæгъын хъæуы, уыцы бынат ацы аз куынæ æрбæстон уа, уæд Къостайыхъæуæй дарддæр доны хахх нæ ацæудзæн. Нæ Хицауад ацы фарст, зоны ивгъуыд аз æхцайы фæрæзтæ нæ уыд, фæлæ нын ацы аз хъуамæ баххуыс кæной йæ саразынæн, хъуамæ зæронд хæтæлтæ раивой ногтæй. Куыстуатæн йæ саразынæн нæдæр æмбæлон техникæ ис, нæдæр кусæгдых, æмæ нæ бахъæудзæн, ацы куыст чи ахицæн кæна, ахæм подрядон организацийы æххуыс. Хуыгайы фырт раппæлыд, куыстуаты хъæп-пæрисонæй чи кусы, уыцы кусджытæ Уалыты Автандил, Томайты Феликс, Пæррæстаты Серги æмæ Хацырты Гивийæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.