Цхинвалы администрацийы хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ цалдæр бон сыгъдæг кодтой Згъудеры уæлмæрды территори. Уæлмæрд æфснайд цæуы сæрмагондæй куадзæны бонтæм, адæм се ‘ввахс хиуæтты ингæнтæм куы фæцæуынц, уæдмæ. Бирæ ингæнтæн хицау нал разыны æмæ æнæзылдæй баззайынц, æфснайын фæхъæуы ингæнты ‘хсæн территори дæр.

«Ахæм куыстытæ ивгъуыд аз дæр бакодта Цхинвалы администраци. Зæронд уæлмæрд бынтон æвзæр уавæры ис. Къутæртæ æмæ дзы бæлæстæй бирæ рæтты ахизæнтæ дæр нæй. Уыдон иууылдæр хъæуы ралыг кæнын. Ивгъуыд аз нæм лæгдыхæй æмæ техникæйæ дæр фæкаст Хъахъхъæнынады министрад. Ныр дæр та аластам 130 машинæйы бæрц брон. Кæд бæрæг сыгъдæгдæр фæцис уæлмæрд, уæддæр нырма дæр бирæ куыст ис ам. Куадзæны бæрæгбонмæ йыл ноджыдæр архайдзыстæм. Бирæтæ сæ фыдæлты уæлмæрдтæм бынтондæр нæ зилынц. Цы бæлæстæ дзы ныссадзынц, уыдон фæстæдæр скъутæр вæййынц æмæ бахъыгдарынц, сæ алфæмблай цы ингæнтæ вæййы, уыдон дæр», – зæгъы комбинаты директор Гуыбаты Инал.

Уыцыиу рæстæджы хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ архайынц, уæлмæрдмæ цы фæндæгтæ цæуы, уыдон алæгъз кæныныл дæр. Цъыф бонты хатт уырдæм ссæуæн нæ вæййы. Кусджытæ куыд загътой, афтæмæй Згъудеры уæлмæрд сыгъдæг куы æрцæуа, уæд та йын йæ алфæмблай хъæудзæнис сæмбонд кæнын.

Хæрзарæзтады комбинаты кусджытæ æрсидтысты уагдæтты кусджытæм æмæ горæты цæрджытæм, цæмæй æфснайæн зиумæ рахизой æмæ бафснайой уæлмæрд иумæйаг тыхтæй.

«Махæй алкæмæн дæр ам чидæр ныгæд ис, хорз уаид æмæ нын куы баххуыс кæниккой горæты цæрджытæ дæр, уæд нæ куыстыл тагъддæр фæтых уаиккам», – зæгъы кусджытæй сæ иу.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.