22-æм майы Сыгъдæг Никъалайы бон. Ацы бæрæгбон йæ закъонон бон никуы ивы алы аз дæр æй нысан кæнæм 19 декабры æмæ 22-æм майы фæлæ ацы бæрæгбон официалон æгъдауæй нымад нæ цæуы улæфт боныл.

Сыгъдæг Никъала йæ цæрæнбонты кад кодта Хуыцауы полкæн. Уый хæрз чысылæй баззад сидзæрæй,  йæ ныййарджытæ йын ныууагътой бирæ бынтæ, кæцытæй Сыгъдæг Никъала пайда кодта, цæмæй æххуыс кодтаид, мæгуыр æмæ хъуаг чи æййæфта, уыцы адæмæн. Сыгъдæг Никъала мæгуыртæн тынг кæй æххуыс кодта уый ма дзураг у ууыл æмæ иу бон иу мæгуыр бинонты хæдзары фæздæгдзæуæны кæй ныппæрста æхцайы голлаг. Ацы æхцатæ ныххаудысты цъындайы, уый фæстиуæгæн фæзынд Санта Клаусы легендæ дæр. Бирæ хорздзинæдтæ сарæзта адæмæн Сыгъдæг Никъала. Цæуынц ахæм легендæтæ дæр, зæгъгæ, адæмæн канд хос нæ кодта, фæлæ ма иу мæрдты дæр раудгас кодта. Уый канд сывæллæтты хæрзгæнæг нæ уыд, фæлæ ма иу дард балцыты чи цыд, уыдон хæрзгæнæг дæр, уæлдайдæр та наудзогты. Фæлæ уæддæр иууыл фылдæр аудыдта сывæллæттыл.

Хицæн бæстæты нымадæуы, Сыгъдæг Никъала-иу сабитæм куыд æрбацæуы йæ фæсдзæуинтимæ. Йæ иу фарс дыууæ зæды, иннæ фарс та дыууæ хæйрæджы. Зæдтæ йын фехъусын кæнынц коммæгæс сабиты тыххæй, хæйрæджытæ та – æгоммæгæсты тыххæй. Рамбулы алы хатт дæр хæрзиуæг æмæ сабитæй никæцы баззайы æнæ лæвæрттæй.

Ацы традици дзурæг у реалон адæймаджы цардыл, кæцы цард III-æм æнусы, дыккаг æмбисы, æмæ йæ æгæрон хæрзиуæгон хъуыддæгты тыххæй йæ ном ныхъхъæр æппæт адæмыл.

Сыгъдæг Никъала райгуырд горæт Питары Ликийы (уый у историон область Чысыл Азийы). Йæ ныййарджытæ уыдысты сыгъдæг зæрдæйы хицау адæм. Æххуыс кодтой мæгуыр, æнæхæдзар адæмæн. Лæвæрдтой сын се ‘хца, сæ мулк сæхицæн дзы уагътой æрмæстдæр хуымæтæг царды фаг. Йæ нæртондзинад æмæ хæрзиуæгон ахасты тыххæй Никъала райста адæмы хорзæх æмæ уарзондзинад.

Никъала фæцард зæры бонтæм, амард 345-æм азы. Йæ фæстæ ныууагъта сыгъдæг ном æмæ кæмæн æххуыс кодта, уыцы адæмы стыр арфæ.

Æрвылаз дæр бирæ аргъуанты уагъд фæцæуынц службæтæ, цыран Сыгъдæг Никъалайы номæн фæкад кæнынц зарджыты æмæ куывдтыты. Ацы бон бирæ адæм бацæуы кувæндæттæм æмæ Сыгъдæг Никъалайæ фæкурынц хæрзиуæг æмæ хорзæх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.