Раст ацы бонты, æрцыд, æххæстæй нæ чи нæ уырныдта, фæлæ уæддæр чи æрцыд, уыцы стыр, æгъатыр  хæст. Стыр æй уымæн схуыдтон æмæ кæд æгасæй 3 бон æмæ 3 æхсæвæй фылдæр нæ ахаста, уæддæр сын бантыст æнæнхъæлæджы фынæй горæты милмæ сисын æмæ хæцæнгарзы номыл цыдæриддæр ис, уыдонæй йæ ныддæрæн кæнын. Æвæццæгæн, никæцы ирон нæлгоймаг, æгæрыстæмæй, сылгоймаг дæр нæ бахастаид йæ сæрмæ, цалдæр сахаты размæ сабырдзинады тыххæй бæрзонд трибунæйæ Михаил Саакашвили куыд фехъусын кодта, зæгъгæ, хæст нал уыдзæн æмæ стæй æнæнхъæлæджы, æмбисæхсæв, фынæй горæтыл йæхи куыд ныццавта, ахæм æлгъаг ми бакæнын. О, уый диссаг уыд, уыцы æхсæв нæ горæт хъæр, хъæлæба куыд фестад, раст уыцы афон, адæмæй бирæтæ адджын фынтæй сæхи куы рæвдыдтой, бирæтæ та æдзух хæстæй тæрсгæйæ сæ хуыссæнуатыл рæстмæ дæр никуы æрулæфыдысты æмæ ныр, уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, тар фынæй куы аисты, уыцы афон. Адæймаджы æвзаг йæ ном  дзурынмæ дæр кæмæн нал тасы, уыцы лæгсырдтæ, уæдæ сæ æндæр цы схуындæуа, уыдон зыдтой горæты кæй ис сабитæ æмæ ацæргæ адæм, сылгоймæгтæ, фæлæ уæддæр æхстой цы уæззаудæр æмæ мæлæтхæссæгдæр уыд, уыцы хотыхтæй. Уымæн æмæ сын ахæм хæс уыд сæ президентæй. Уæд уый афтæ ссонт æмæ цы туг калдис, уымæй иста стыр æхцондзинад.

Диссаг у, фараст азы рацыд, æмæ уый афтæ цъус рæстæг дæр нæу, фæлæ уæдæй ардæм, раст ацы рæстæджы, фæнды дæ æви нæ, уæддæр хъустыл фæуайынц уыцы стыр срæмыгъдтытæ, æмбугæнгæ-иу ныл кæй рауагътой æмæ-иу йæ хъæр æмæ йæ дымгæйæ хæдзæрттæ кæмæй рызтысты, уыцы æхсæн-гæрзты æнахуыр æхситт, цæстыты разæй нæ хицæн кæнынц ныккæнды, тарст сылгоймæгты æмæ сабиты цæстæнгас. Гъе, ахæм разынд сæхи размæдзыд, демократон бæстæ чи хуыдтой, уыцы Гуырдзыстон. Уæд 2008 азы 8-æм августы цы æрцыд, уымæ æнхъæлмæ кæсæн уыд кæддæриддæр, уымæн æмæ уый сæ туджы ис, уый се ‘гъдау ссис – ирон адæмы ныццæгъдын æмæ сын сæ хъæутæ басудзын. Æмæ ма уæдæ цæуыл дис кæнæм, уæддæр та нæ кæй ныццагътой сæдæгæйттæй, мингæйттæй, кæй нын басыгътой нæ чысыл, зæрдæйæн хъæбулау ад-джын чи у, уыцы горæт æмæ хъæуты, ууыл. Уый та дын ног геноцид, ног уæлмæрдтæ, бирæ лигъдæттæ, саударæг мæдты хъарæг… Охх, куыд фæнды адæймаджы мауал сæ мыса, фæлæ та кинонывтау цæстытыл ауайынц… Ныр арæхфехъусæн вæййы, зæгъгæ, нæ адæмæн се ‘нæнæиздзинад тынг фæцудыдта. Æмæ, уæдæ, уыцы тасдзинад чи бавзæрста, нуæрттæ хæлд чи фесты, уыдонæн ма цæй æнæниздзинад хъуамæ уа. Мыййаг Дмитрий Медведев æнæн-хъæлæджы нæ загъта мæнæ ахæм ныхæстæ: «Алцы дæр хъуамæ хонæм йæ номæй: Хуссар Ирыстоны адæм бавзæрстой геноцид æмæ йæ хъæуы афтæ дзурын. Цæмæй уыцы хъæдгæмттæ байгас уой, уый тыххæй хъæуы азтæ, чизоны дæсгай азтæ. Æмæ æнæхъæн наци скуынæг кæнынæй фервæзын кæнын уыд закъонон, æнæмæнгхъæуæг æмæ бынтон раст».

Канд скуынæг кæнын нæ нæ бауагъта æфсымæрон Уæрæсе, фæлæ Хуссар Ирыстоны территорийыл хæстон конфликты фæстиуджытæ аиуварс кæнын æмæ сын сæ цардифтонгады фыццаградон мадзæлттæ сæххæст кæныныны нысæнттæн рахаст æрцыд фæндон, цæмæй арæзт æрцыдаид Федералон оперативон штаб. Йе сконды Уæрæсейы Федерацийы Æмбæстагон хъахъхъæнынады хъуыддæгты, уæлвæт-кон уавæртæ æмæ  æрдзон æна-монддзинæдтæ  аиуварс  кæныны хъуыддæгты фæдыл министр С. К. Шойгу, афтæмæй .

Нæ уырыссаг æфсымæртæ нæм æххуысмæ куы æрхæццæ сты, гуырдзиаг гарзджын тыхтыл куы ахæцыдысты, лидзинаг сæ куы фæкодтой, уæд горæты цæрджытæй улæфынмæ, бирæты сывæллæттæ æмæ сылгоймæгты арвыстой Цæгат Ирыстонмæ æмæ Уæрæсейы æндæр регионтæм. Гъе, фæлæ ам, бынаты чи баззадысты, уыдоны та хъуыд цæрын. Æмæ адæймаг цæмæй цæра, змæлын йæ бон уа, уый тыххæй та йæ æнæмæнг хъæуы уæлдæф, дон æмæ хæлц. Уæлдæф байсын нæ уыд знæгты бон, фæлæ нын байстой нæ дон. Тохты рæстæджы ахицæн сты газ æмæ электроэнерги. Нал нын уыд хæринаг цæуыл сфыхтаиккой, уыцы фадат.

Мæгуыр фæразон у, цы гæнæн уыд, хъуыд амæлттæ кæнын æмæ уыгътой, къæцæлтæ, тохты рæстæджы цы бæлæстæ рафæлдæхтысты уыдоны къалиутæ æхсæстой æмæ сæ сугæн хастой æмæ афтæмæй тухитæй æрвыстой сæ бонтæ. Ам дæр та нæ уæлхъус æрбалæууыд æфсымæрон Уæрæсе. Æрцыдысты нæм донласæн машинæтæ æмæ уынгтæм, бирæуæладзыгон хæдзæртты размæ ластой дон. 13 августæй та горæты фæзындысты Уæрæсейы Уæлвæткон уавæрты министрады быдырон къæбицтæ æмæ лæггад кодтой нæ горæты цæрджытæн. Куыд æгæрон бузныг сæ уыдысты цæрджытæ!

Нæ горæты Карл Марксы (ныры Ирæтты) уынджы цæрæг Тыбылты Лизæ ма абон дæр æрымысы, куыд сыл аудыдтой уырыссаг æфсæддонтæ, дзул-иу сын куыд лæвæрдтой, æппæт уыдæттæ. «Мæгуыр уыдыстæм уыцы рæстæджы иууылдæр, фæлæ, æз иу кæрдзынæй фылдæр никуы бакуымдтон, зæгъын дыууæйæ стæм æмæ нæ фаг у. Уыдонæн-иу æхсызгон уыд мæ дзуапп, бирæйæ чи сты, уыцы бинонты дзы фылдæр фæуыдзæн, зæгъгæ. Уыцы бонтæн ферохгæнæн нæй. Æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы ныккæндтæй никуы рахызтыстæм. Хæцæнгæрзты къæр-къæр нæ нымæг кодта. Снарядтæй, срæмыгъдтытæй хъустæ къуырма кодтой уæлдай тынгдæр-иу тарстыстæм æхсæ-выгон. Хорз уыд æмæ хъæдкуысты комбинатмæ баирвæзтыстæм, уым уыд бетон къултæй арæзт хатæнтæ æмæ нæхи уым æдасдæр хатыдыстæм. Уас йæ кой – дæлзæхх, кæд лæгау лæг йæ сæрмæ сылгоймæгты, сывæллæтты æмæ зæрæдты марын нæ хæссы  арф ныулæфгæйæ æмæ сæ цæстысыгтæ асæрфгæйæ загъта Лизæ».

Битеты Венерæ дæр ацы уынджы цæры. Уыцы изæр сыхбæсты сылгоймæгтæ æрæм-бырд сты сæ кæртмæ, зæгъгæ, ахсæв, дам, ницы тас у, æмæ фæбадæм иумæ. Æцæгæйдæр, адджын чи цардысты, уыцы сыхæгтæ фæбадтысты æхсæвы 11 сахатмæ иумæ. Кæрæдзийæн ныфсытæ февæрдтой, æмæ ацыдысты сæ хæдзæрттæм, æхсæв сын æхстытæй тас кæй нæ уыдзæн, уыцы ныфсимæ. Фæлæ сæ сæ фын фасайдта. Æнæнхъæлæджы æхстытæй фынæй цæрджытæ фæсонт сты.

«Иуцъусдуг нал æмбæрстам, цы фæуæм, чердæм лидзæм, уый, – зæгъы Венерæ. Уæдмæ нæм нæ сыхаг Харебаты Гоги ныхъхъæр кодта, ралидзут мах ныккæндмæ, уый фидардæр арæзт у, зæгъгæ. Æмбисæхсæв нæм иннæ сыхаг дæр удаистæй æрбахæццæ, нæ хæдзæрттæ нын бынтондæр ныппырх кодтой æмæ ныббогъ кодта. Мах ралыгъдыстæм æмæ дæ фыдзæрдæ ахæм ныв фенæт. Хæдзар йæ астæуыл атахтис. Мæ чызджы чындздзон къаба æмæ фатæ бæрзонд сагъд æфсæйнаг хъилыл ацауындзæг сты æмæ бирæ рæстæджы дæргъы дзедзлой кодтой уым, нæ бон сæ райсын нæ уыд. Уæрæсейæ-иу нæм цы уацхæсджытæ æрцыдысты, уыдон-иу сын сæ нывтæ истой. Фæлæ удæй зынаргъдæр ницы ис æмæ нæхæдæг æвыдæй кæй аирвæзтыстæм, уымæ гæсгæ сфæрæзтам уыцы маст. Адæм кæрæдзийы фæрцы сты, нæ сыхæгтæ нæ уынджы нæ ныууагътой. Дыууæ мæйы бæрц Харебаты Гогитæм, стæй та Коцты Заретæтæм фæцардыстæм. Уый фæстæ нын цалынмæ нæ хæдзар сарæзтой, уæдмæ та нæхи уынджы палаткæйы фæцардыстæм сæрдæй-зымæ-гæй. Нæ адæм сфæрæзтой æппæт зындзинæдтæ дæр. Аразын райдыдтам ног цард æмæ адæмы пайдайæн, чи архайы, уыдон райгондæй фæцæрæт се ‘ппæт дæр», – загъта йæ ныхасы кæрон Битеты Венерæ.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.