6 марты Хуссар Ирыстоны Профцæдисты хæдзары уагъд æрцыд  концерт сылгоймæгты дунеон боны цытæн. Бацæттæ йæ кодта горæты культурæйы хайад.  Концерты хайад райстой Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны зарæггæнджытæ æмæ кафджыты къордтæ.

Концерт байгом кодта зынгæ зарæггæнæг Тасойты Игорь. Уый иттæг хорз сæххæст кодта сылгоймаг æмæ уарзтыл йæ зарæг.

Уый фæстæ раарфæ кодта залы уæвæг æмæ Ирыстоны æппæт сылгоймæгтæн, стæй сценæмæ рахызт ансамбль «Ирон». Уыдон хорз сæххæст кодтой ирон кафт. Сæ аивадон къухдариуæггæнæг – Хуыгаты Альбинæ.

Сценæмæкæсджыты ма сæ аивадимæ зонгæ кодтой зарæггæнджытæ Зассеты Сослан, Зассеты Максим, Хъуылымбегты Лейла, Харебаты Тимур, Дауыраты Эдуард, Сланты Ацæмæз, Джимиты Артур æмæ ма сæ зарджыты темæ уыд уалдзæг, кæмæн уыд мад æмæ сылгоймаг.

Сценæйыл ма хорз цæттæдзинад равдыстой æмæ сæ арæхстдзинадæй залы уæвджыты зæрдæтæ барухс кодтой нæ горæты æвзонг гимнасткæтæ. Сæ аивадон къухдариуæггæнæг – Цхуырбаты Земæ.

Концерты фæстæ нын сценæмæкæсджытæй, сæ иу – Гæбæраты Ирмæ куыд загъта, афтæмæй концерт йæ зæрдæмæ фæцыд тынг.

Ахæм хъуыдыйыл хæст уыдис Хъæцмæзты Мадинæ дæр æмæ ма æхсызгонæй банысан кодта, йæ лæппу Зассеты Сослан æндæр зындгонд артисттимæ концерты хайад кæй райста, уый.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.