СЫЛГОЙМÆГТЫ ДУНЕОН БОНЫ СÆРАППОНД ЦЫТДЖЫН ÆМБЫРДÆЙ

Уалдзæджы нысæнттæ куы фæбæрæг вæййынц, хуры хъарм тынтæ куы æрæндавынц æмæ мæргъты хъæлдзæг зарджытæ куы райхъуысынц, уæд дунейы адæймагад фæнысан кæнынц уæздан, фæлмæн, аудæг сылгоймæгты бæрæгбон. Адæмы цард æгасæйдæр сылгоймаджы руаджы абухы. Сæ зæрдæтæ – бæмбæгæй фæлмæндæр, сæ цардфæразондзинадæн æмбал нæй.

Сылгоймæгты дунеон боны цытæн знон киноконцертон зал «Чермен»-ы цы цытджын мадзал уагъд æрцыд, уым хайад райстой республикæйы сылгоймæгты – нæ царды æндæр æмæ æндæр къабæзты æнтысгæйæ чи архайы, уыцы сылгоймæгты минæвæрттæ.

«Дуне сæрыстыр у мадæй, бирæ хорз адæм ис, чи зондджын, чи хъаруджын – фæлæ иууыл зынаргъдæр æмæ хуыздæр у мад» – ахæм рæсугъд æмæ бæрзонд ныхæстæй мадзаламонджытæ бакодтой сылгоймæгты номыл бæрæгбон.

Бæрæгбонон мадзалы фысджытæ Чехойты Александр æмæ Зассеты Мераб сылгоймаджы кадæн кастысты сæхи фыст æмдзæвгæтæ. Нæ горæты сывæллæтты рæвдауæндæтты сывæллæттæ сæ зæрдиаг арфæтимæ сценæйыл кафыдысты, зарыдысты, æвдыстой чысыл инсценировкæтæ, сæ арæхстдзинад, хъæлдзæг кодтой мадзалы хайадисджыты зæрдæтæ.

Нæ республикæйы æппæт нæлгоймæгты номæй мадзалы хайадисджытæ æмæ республикæйы æппæт сылгоймæгтæн раарфæ кодтой Республикæйы разамынад –  Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, горæты администрацийы сæргълæууæг Коцты Алан. Сæ арфæйы ныхæстимæ мадзалы хайадисджыты базонгæ кодта мадзаламонджытæй сæ иу – Плиты Сергей.

Царды иууыл сæйрагдæр сты æнæниздзинад æмæ хъæлдзæг зæрдæйы уаг, æмæ уыдонæй цух ма хъуамæ уой сылгоймæгты уарзæгой зæрдæтæ. Дунескæнæджы хæрзиуджытæй, хъæбулы цардамондæй æмæ Райгуырæн бæстæйы æнувыддзинадæй хайджын куыд уой, æхсæвы мæйау æрттивгæ, боныгон хурау хъармгæнгæ æмæ рухс фидæнмæ сæ фæндаг размæ куыд дарой, ахæм арфæ сæ, зæгъгæ, уæд.

Раныхасгæнджытæ Ирыстоны сылгоймæгты сæ кад æмæ цытæй абарстой Нарты Сатанайы фæрнджын зондмæ.

Сылгоймæгты дунеон боны цытæн цытджын æмбырды сылгоймæгтæн раарфæ кодта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Иууыл амондджындæрыл банымадта уыдон, кæцытæ ацы рæсугъд бæрæгбон æрбахъæбыс кæндзысты сæ ныййарæг мæдты æмæ сын ракæндзысты зæрдиаг арфæтæ.

«Мах макуы хъуамæ ферох кæнæм, цард нын чи балæвар кодта, йæ уд нын чи хъардта, чи нæ хъомыл кодта, сæ тыхтæ æмæ сæ рæстæг махыл чи хардз кодта, уыдон – нæ ныййарæг мæдты. Мæн фæнды, цæмæй алы ныййарæг мад, алы сылгоймаг дæр уа амондджын», – загъта Президент. Уыдон, зæгъгæ, сты стыр кады аккаг, уымæн æмæ уæззау азты лæууыдысты нæлгоймæгты фарсмæ, цæттæ сын кодтой хæлц, уазал рæстæджыты ахуыр кодтой нæ сывæллæтты кæсын æмæ фыссын.

«Нæлгоймæгтæ æхсардзинад æвдисынц сымах руаджы, нæлгоймæгтæ аккаг нæлгоймæгтæ сты сымах руаджы, уымæн æмæ сылгоймаджы хъаруйы ис æгæрон фæразондзинад, хъайтардзинад æмæ алы нæлгоймаджы дæр цы хъусдард хъæуы, уый. Уымæ гæсгæ стут стыр кад æмæ хорзæхты аккаг», –  дзырдта Президент.

Уый ма арфæйы ныхæстæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путины номæй загъта Хуссар Ирыстоны сылгоймæгтæн.

Бæстæйы сæргълæууæг йæ барамындæй хицæн сылгоймæгты схорзæхджын кодта Хæлардзинады орден æмæ майдантæй. Се ‘хсæн уыдысты хъæууон фæллойгæнджытæ, горæты сыгъдæгдзинадыл чи архайы, æхсæвæй, бонæй нæ æнæниздзинадыл чи ауды, бæстæйы æдасдзинад чи хъахъхъæны, паддзахадон бæрнон бынæтты чи кусы, ахуырад, культурæйы æмæ æндæр фадгуыты чи архайы, ахæмты.

Хъарм бæрæгбоны фæстæ сæ арæхстдзинад æвдыстой республикæйы хæдархайгæ аивадон къордтæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ мадзалмæ цæуæг алы сылгоймагæн дæр лæвар цыдысты дидинджытæ æмæ чысыл лæвæрттæ Президенты арфæимæ.

Къæбулты Маринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.